Республикӕ Хуссар Ирыстоны Национ музей цытджын æгъдауæй банысан кодта йæ 100 азы юбилейон бӕрӕгбон. Уый цытæн культурон мадзал уагъд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры.

Цытджын ӕмбырдмӕ ӕрбацыдысты Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, Хицауады Сӕрдар Джуссойты Константин, РХИ-йы Парламенты Сӕрдар Ӕлборты Алан, Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон ӕмӕ ӕххӕстбарджын минӕвар Марат Кулахметов, Хуссар Ирыстоны фыццаг президент Цыбырты Людвиг, Хуссар Ирыстоны раздӕры президент Тыбылты Леонид, цытджын уазджытæ Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Кæсæг-Балхъарæй, интеллигенци æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Райдианы æрæмбырдуæвджытæ бакастысты Национ музейы сырӕзтмӕ стыр хайбавӕрд чи бахаста, уыцы адӕймӕгты тыххӕй документалон кинонывмӕ. Кинойы лæмбынæгæй æвдыст цæуы музейы сырæзты истори. Уæззау фæндæгтыл рацыд музей, фæлæ уæддæр бафæ-рæзта æппæт дæр æмæ бахъахъхъæдта сæйрагдæр хъæздыгдзинад – музейы фонд.

Национ музей ӕнусы дӕргъы у нӕ паддзахады историйы иууыл ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдӕр центртӕй сӕ иу. Йӕ фӕрцы рӕзы адӕмы миддуне ӕмӕ культурӕ, уый у ирон адӕмы культурӕйы хӕзнатӕ хъахъхъӕнӕг, йӕ фидар цӕджындз. Музейы коллектив цӕсты гагуыйау хъахъхъӕны хъӕздыг историон ӕрмӕг ӕмӕ йӕ цӕстуарзонӕй зонгӕ кӕны нӕ уазджытӕн, нӕ фӕсивӕдӕн. Сӕдӕ азы музейӕн чысыл рӕстӕг нӕу. Музейы куыстӕн ис райдайӕн, фӕлӕ йын нӕй кӕрон. Ам кæддæриддæр куыстой музейон хъуыддагæн ахъаз чи у, ахæм специалисттæ.  Се стыр куысты фӕрцы уыдон ӕрбамбырд кодтой хъӕздыг историон-культурон ӕрмӕг.

Музейы директор Зассеты Мераб куыд банысан кодта, афтӕмӕй цы æрмæджытæ бахъахъхъæд æрцыдысты, уыдон Хуссар Ирыстоны историйы стыр бынат ахсынц. «Махыл егъау бæрндзинад ис, Хуссар Ирыстоны зын рæстæджыты бæстæзонæн музейæн бындур чи æрæвæрдта, уыцы адæймæгты раз», – загъта Мераб.

Уый зæрдиаг арфæ ракодта республикӕйы разамынадæн се ‘ххуыс ӕмӕ хъусдарды тыххӕй. «Фидӕны фӕлтӕрӕн мах ныууадздзыстӕм хъӕздыг исбон – нæ рагфыдæлты традицитæ æмæ культурæ æвдисæг исбон.  Мах ӕгæрон бузныг стӕм, музей ногӕй сӕндидзын кӕныны тыххæй чидӕриддӕр йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кодта, уыдонӕй».

Национ музейы 100 азы юбилейы цытæн зæрдæбынæй  раарфӕ кодта нӕ паддзахады сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, Национ музей стыр хайбавæрд хæссы ирон адæмы хъæздыг бынтæ бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. Банымайæн æй ис Хус-сар Ирыстоны культурон-ахуырадон æмæ зонадон центртæй сæ иуыл. «Национ музей у зынаргъ экспонатты хæзнадон, монон æгъдауæй адæймаджы рæзты бынат. Музей рæзын кæны адæмы патриотон æмæ культурон æгъдауæй. Фидар кæны национ хиæмбарынад æмæ аудгæйæ хъахъхъæны фæлтæрты мысынад», – загъта Гаглойты Алан.

Президент стыр бузныг загъта музейы сырæзтæн бындур чи æрывæрдта æмæ йыл абоны онг дæр чи кусы, уыдонæн. Ахæмтæ фидæны фæлтæрты цайдагъ кæнынц культурон хъæздыгдзинæдтыл. «Музей бирæ уæззау фæндæгтыл рацыд, фæлæ йæ кусджыты профессионализмы фæрцы бахъахъхъæд æрцыдысты ирон адæмы рагондæр историйы, саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм бæрæггæнæнтæ», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Национ историон-культурон бынтæ бахъахъхъæныны нысанæн, фæстиуæгджын куыст кæныны æмæ музейы сырæзтыл 100 азы сæххæсты цытæн Президенты барамындмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Национ музей хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй. Уымæй дарддæр ма Президенты Барамындмæ гæсгæ музейы кусджытæн цалдæрæн лæвæрд æрцыд Культурæйы къабазы сгуыхт кусæджы кадджын нæмттæ æмæ хорзæхджын æрцыдысты кады грамотæтæй.

Ирон культурæйы фидар цæджындз

Культурæйы министр Зæгъойты Радæ йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, музейы сырæзтæн бындур æрывæрдтой сфæлдыстадыл хæст курдиатджын адæймæгтæ. Уыдон тырныдтой фидæны фæлтæрæн монон-историон бынтæ бахъахъхъæнынмæ. Абон йæ куыстуарзаг коллектив фидарæй фидæнмæ кæсы æмæ архайы, цæмæй хъæздыгдæр кæной нæ культурæйы материалон бынтæ», – загъта Зæгъойты Радæ.

Музейы кусджытæн зæрдæбын арфæтæ ракодтой цæгатирыстойнаг уазджытæ дæр. Иттæг хорз сценари уыдис юбилейон изæрæн. Хуссар Ирыстоны Национ музейы бæрæгбоны сæ дæсныйад равдыстой Галаты Барисы номыл зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд», эстрадон зарæггæнджытæ æмæ сфæлдыстадон коллективтæ.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.