Нæ цард афтæ у, æмæ бирæтæ фӕиппӕрд вӕййынц йӕ иубӕстон ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ уарзон Райгуырæн бæстæйæ. Æмæ йӕм цӕмӕй фыдыуӕзӕджы комулӕфт хӕццӕ кæна, кӕддӕриддӕр сын хъуса се ‘рвылбонон хъуыддæгтæ, уый тыххӕй ӕрбангом вæййынц, уымы цӕрӕг ӕмзӕххонтæ ӕмӕ иумӕ фескъуыддзаг кӕнынц сӕ ахсджиаг фарстатӕ. Уыцы нысанӕн арӕзт ӕрцӕуы диаспорӕ ӕмӕ сын  фӕахъаз вӕййы дарддӕры хӕрзиуӕгон куыст ӕмӕ архайдӕн.

Ахӕм ӕхсӕнад къорд азты размӕ сарӕзтой, Эстонийы сӕйраг горӕт Таллины ирæттæй чи цӕры, уыдон ӕмӕ йӕ схуыдтой «Ирыстон». Уымӕн 15 азы дӕргъы арӕхстджын къухдариуӕг кӕны нӕ горӕты раздӕры ӕмбӕстаг Елдзарты Иветӕ. Ацы сылгоймаг у, ирон ӕгъдӕуттӕ зӕрдейӕ чи уарзы ӕмӕ ӕххӕст кӕны, ахӕм ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг райгонд сты уым цæрæг ирæттæ. Йӕ фадӕттӕ ӕмӕ йӕ уавӕртӕ  куыд амонынц, афтӕ сын кӕны йӕ лӕггады хай. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй ацы горæты ирӕттӕ ӕдӕппӕт цӕры 100 адӕймагӕй фылдӕр ӕмӕ сӕ ӕрбамбырд кӕны рæстæгæй рæстæгмæ, ауадзынц алыгъуызон мадзӕлттӕ. Уыдон та фылдӕр вӕййынц нӕ номдзыд поэт, ирон адӕмы буцдзинад Хетӕгкаты Къостайы райгуырды боны, Джиуӕргуыбайы бæрæгбоны æмæ æндæр бӕрӕгбонты цытæн ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уымӕй дарддӕр ма арӕх фембӕлынц ӕмӕ сӕ цард ӕмӕ фӕллойадон архайдимӕ базонгӕ вӕййынц, ӕрмӕст Ирыстоны нӕ, фӕлӕ Уӕрӕсе ӕмӕ уымӕн ӕддейӕ дӕр йӕ кады ном кӕмӕн айхъуысы, ахæм ирæттимæ. Зӕгъӕм, амӕйразмӕ Елдзарты чызг фем-бӕлд бацӕттӕ кодта раздӕры номдзыд футболист, ныртӕккӕ та Уӕрӕсейы ӕмбырд-гонд командӕйы сӕйраг тренер Черчесты Станиславимӕ. Уыцы фембӕлд сын ӕрхаста стыр ӕхсызгондзинад, тренеры цард ӕмӕ спортивон архайды тыххӕй фембӕлды ха-йадисджытӕ базыдтой бӕстондӕр ӕмӕ дзы баззадысты райгондӕй.

Цӕмӕй ирӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмты минӕвӕртты ‘хсӕн ноджы тынгдӕр сырӕза ирон дзаджджын къӕбицы кад, ӕндӕр адӕмтӕ дӕр ӕм хӕстӕгдӕр ӕрбалӕууой, уый тыххӕй Иветӕ арӕх уадзы мастер-къластӕ ирон ӕфсинты ‘хсӕн хӕбизджынтӕ кӕнынӕй. Уымӕй дарддӕр йе ‘мтуг ӕмбӕстӕгты ‘хсӕн пропагандæ кæны ирон культурӕ ӕмӕ аивад. Уыцы нысанæн Петербургæй ӕрхоны кафты ансамбль «Ирыстон»-ы ӕмӕ сӕ базонгӕ кӕны йӕ хӕдхуыз аивадимӕ. Ацы ансамблӕн арӕхстджын разамынд кӕны дӕсны хореограф Ӕлдаттаты Фатимӕ. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ансамбль хайад кæй райсы алыгъуызон конкурсты æмæ бацахсы призон бынæттæ. Уымӕй дарддӕр ма дзы уагъд фӕцӕуы хицæн æмæ хицæн адӕмты диаспорæты минӕвӕрттӕн алӕвӕрд-концерт «Синяя пти-ца», зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы ӕртӕ хатты дӕр ирон сывӕллӕттæ свæййынц уӕлахиздзаутӕ. Ацы горӕты ӕндӕр адӕмты минӕвӕрттимӕ иумӕ ирӕттӕ дӕр хайад райсынц 1 Майы бӕрӕгбоны. Чызджытӕ хӕрзконд ирон дарӕсы рацӕуынц, ирон тырысатӕ рахӕсгӕйӕ, хъазгӕ ӕмӕ худгӕйӕ арвитынц сӕ уалдзыгон бӕрӕгбон.

Уазджытӕ сӕм куы ӕрцӕуынц ӕндӕр рӕттӕй, уӕд сын ирон диаспорӕйы минӕвӕрттӕ скӕнынц хорз кад, фӕхынцынц сӕ дзаджджын фынгӕй, вӕййы дзы кӕддӕриддӕр ирон хӕбизджынтӕ. Уазджытӕн баххуыс кӕнынц уазӕгдоны æрбынат кæнын ӕмӕ визӕтӕ райсыны хъуыддаджы. Таллины ис 56 нацийы минӕвӕрттӕ. Кӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы стыр бӕстыхай хуыйны «Лирӕ» ӕмӕ сын иууылдӕр сӕ кӕрӕдзиимӕ ис ӕнгом ӕмӕ хӕлар ахастытӕ. Ирӕттӕ тынгдӕр схӕлар сты кӕсгон адӕмимӕ. Уыдонӕн ис сӕхи ансамбль ӕмӕ хуыйны «Терек». Ирæттӕ ӕвзыгъд сты аивадмӕ, фӕлӕ сын национ дарӕс кӕй нӕй, уый тыххӕй тынг тыхсынц.

Елдзарон арӕх ӕрцӕуы ӕмӕ абӕрӕг кӕны, кӕм схъомыл, уыцы уарзон Ирыстоны. Ӕрӕджы дӕр та ӕрцыд Цхинвалмӕ ӕмӕ тынг фӕцин кодта, нӕ горӕтӕн фӕстаг рӕстӕджы йӕ хуыз хорзӕрдӕм тынг кӕй фӕивта, ууыл ӕмӕ тынг бузныг у нӕ Республикӕйы Президент Бибылты Анатолийӕ. Иветӕ нӕ таможнӕйы бахауд зын уавӕры, фӕлӕ ам дӕр йе ‘нцой балӕууыд Президент ӕмӕ дзы баззад бузныгӕй. Фӕлӕ иууыл тынгдӕр та райгондӕй баззад Бибылты Анатолийӕ, йӕ куырдиат сӕххӕст кӕныны йын кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй. Цӕвиттон, Иветӕйы балцы сӕйрагдӕр нысан уыд йӕхицӕн национ къаба самал кӕнын. Уый фæдыл Бибылты Анатоли бахатыд нӕ театры дӕсны хуыйӕг Гӕбӕраты Аленӕмӕ ӕмӕ уый ӕвӕстиатӕй сӕххӕст кодта ацы закъаз. Елдзароны ма раарфӕ кӕнын фӕнды Культурӕйы министр Зассеты Жаннӕйӕн, хорз ӕй кӕй райста ӕмӕ йын ныфс кӕй бавӕрдта национ уӕлӕдарӕс самал кӕнынӕй.

Елдзарты Иветӕмӕ дарддӕры куысты ис ноджы фылдӕр фӕндтӕ, стырдӕр хӕстӕ ӕвӕры йӕ разы ӕмӕ йын ӕххӕст кӕнӕнт йӕхи ӕмӕ йӕ иубӕстон адӕмы фӕндиаг.

                                                                        ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.