Ацы бон хонынц Репресситы амæттæгты мысæн бон дæр. 20-æм æнусы фыццаг æмбисы репресситæ бирæ адæмы хъысмæттыл бандæвтой, бирæтæ бахаудтой ахæстæттæм, чи та хасты æрцыд, кæй æхсгæ фæкодтой. Уыцы фыдæвзарæнтæй цух нæ баззад Хуссар Ирыстон дæр.

Хуссайраг ирæттæн цæрæнбонты сæ хъуыддаг афтæ уыд, æмæ сæ æнусты дæргъы тох кæнын хъуыд сæ уæвынады бартыл, се ‘взаг, сæ культурæ бахъахъхъæныны, сæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл. Уый тыххæй сæ бахъуыд бирæ фыдæвзарæнты, бирæ фыдбылызты сæрты рахизын. Фыдæвзарæнтæ, фыдбылызтæ та сын рæстæгæй рæстæгмæ арæзта йе’ввахсдæр сыхаг – Гуырдзыстон. Ацы фыдæвзарæнты цалх нæ атылд Хазбийы иувæрсты дæр. Æрмæст тулгæ нæ, фæлæ йæ баууæрста æмæ йæ зындоны сау уæрмы ныппæрста, фæлæ Хазбийы удыхъæд националистты фыд-кæрдæн машинæйæ фидардæр разынд, бафæрæзта уыцы хъизæмæрттæн æмæ сивæрзт зындоны уæрмæй. Схызт æмæ æрлæууыд, кæд стыр бафæстиатимæ, уæддæр царды фæндагыл, фæлæ, хъыгагæн, къахыр амондимæ. Къахыр амонд та йын уымæн уыд, æмæ йæ цард нал сарæзта, не ‘ркодта бинойнаг æмæ йæ цард арвыста иунæгæй.

Хазбийæн йæ цард вазыгджын æмæ трагикон уыд. Æвзонгæй йæ чи зыдта, уы-дон-иу дзырдтой, зæгъгæ, ахæм фыдæвзарæнты куынæ бахаудтаид, уæд æм стыр фидæн æнхъæлмæ каст. Фæлæ йæ йæ райгуырæн Ирыстонмæ уарзондзинад æмæ патриотикон æнкъарæнтæ акодтой æндæр фæндагыл. Ирон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй нывондæн æрхаста йæ царды иууыл ирддæр æмæ цымыдисондæр хай – йе ‘взонгад.

Габуты Хазби райгуырд 1931 азы 14 февралы Дзауы районы Тамагджины хъæуы. Йæ фыд æй раджы сахуыр кодта кæсын æмæ скъоламæ дæр 5 аздзыдæй бацыд. Сæ хъæуы скъола нæ уыд æмæ цыд сыхаг Хъеуселты хъæуы скъоламæ. Тынг хорз кæй ахуыр кодта, уый тыххæй йæ аргъæвтой фыццаг къласæй æртыккаг къласмæ.

1940 азы Габуты бинонтæ хуыздæр цардагур æрлыгъдысты Цхинвалмæ æмæ Хазби уым йæ ахуыр адарддæр кодта.

Скъола каст фæуыны фæстæ бацыд кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-мæ. Уыимæ иумæ ахуыр кодта, драмтеатры цы театралон студи уыд, уым дæр. Ацы студийы тынг хорз кæй ахуыр кодта, уый фæстиуæгæн æй арвыстой Мæскуымæ дыууæазон режиссерон курсыты фæсаууоны ахуырмæ, фæлæ цыбыркъух кæй уыд (ансамблы йæ мызд уыд 30 сомы), уый тыххæй йæ ныууагъта æмæ ахуырмæ бацыд Хуссар Ирыстоны педагогон институтмæ.

Хазби æвзыгъд уыд ахуырмæ, кафынмæ, сценæйыл хъазынмæ,  фыста æм-дзæвгæтæ, пьесæтæ, уацтæ. Йæ фыццаг æмдзæвгæ ныффыста  13-аздзыдæй.  Фыццаг хатт йе ‘мдзæвгæ мыхуырæй рацыд 1948 азы журнал «Фидиуæджы». Уыимæ иумæ ма кодта тæлмацгæнæджы куыст дæр, ирон æвзагмæ тæлмац кодта уырыссаг æмæ гуырдзиаг авторты уац-мысты. Хъыгагæн ын йæ уацмыстæ скуы-нæг кодта Паддзахадон æдасдзинады комитет.

Гуырдзыстоны националистон политикæйы амындæй ирон скъолаты куы сæхгæдтой æмæ ирон æвзаг скуынæг кæнынмæ куы æрхъавыдысты, уæд Габуты Хазби æмæ йе ‘мбæлттæ Уанеты Владимир, Гасситы Лев, Джиоты Зауыр æмæ Бекъойты Георги аскъуыддзаг кодтой Мæскуымæ ацæуын æмæ Сталинимæ фембæлын. Цыбыркъух лæппутæн сæ фæнд сæххæст кæнын нæ бантыст, фæлæ ууыл нæ ныууагътой сæ хъуыддаг, сфæнд кодтой прокламацитæ ныффыссын æмæ сæ горæты алы рæтты баныхасын. Прокламацийы фыст уыд цитатæтæ Сталины чиныг «Марксизм и национально-колониальный вопрос»-æй: «Меньшинство недовольно, если оно не учится на родном языке. Дайте ему право учиться на родном языке, создайте культурно-просветительские учреждения на родном языке и недовольство пройдет само собой» æмæ ССР Цæдисы Конституцийæ: «Все народы имеют право учиться на родном языке».

Æвзонг «дæластæрдонтæ» æнхъæлдтой, ома, прокламацийы бакæсдзысты сæрмагонд службæты кусджытæ, уыдонæй фехъусын кæндзысты Мæскуымæ, уырдыгæй сæм æрцæудзæн къамис æмæ равзардзæн ирон æвзаджы проблемæ. Фæлæ куыд хъуыды кодтой, хъуыддаг афтæ нæ рауад. Ирон æвзаджы сæрыл æвзонг тохгæнджыты цыбыр рæстæгмæ æрцахстой. Гуырдзыстоны ССР Паддзахадон æдасдзинады комитет Габуйы фырты фæаххосджын кодта буржуазон антисоветон националистон дæластæрдон организаци сорганизаци кæныны. Стæрхон ыл кодтой æмæ ахæстоны фæбадт 14 дæргъвæтин азы.

Уазал Сыбыры зæххыл цыппæрдæс азы дæргъы бирæ хъизæмæрттæ бав-зæрста, бирæ фæбадт иунæгбадæн камерæйы дæр. Ахæм фыдæвзарæнты бахаугæйæ, ноджы тынгдæр  мысыд ирон ныхас, ирон адæмы. Йæ чиныг «Дæлзæхх Иры фæндыр»-ы Хазби фыссы: «Хинымæры-иу канд минас æмæ цæлы фынгтæ нæ рымысыдтæн. Мысыдтæн ирон ныхас, ирон адæмы. Иронау кæимæ дзырдтаин, уый дзы нæ уыд, æмæ-иу мæхинымæры æрымысыдтæн, иронау иттæг хорз æмæ аив чи ныхас кæны, ахæм зæронд лæгты æмæ-иу уыдонимæ ерыстæ уагътон, чи хуыздæр æмæ аивдæр зæгъдзæн ныхас, гъе та чи рæсугъддæр радзурдзæн исты хабар. Мæхинымæры дзурын кодтон кадджын зæрæдты, дзырды стырдæр дæсныты æмæ сыл тых кодтон аив ныхасæй, æвзаджы дæсныйадæй. Цасдæр рæстæг та ныхас кодтон хæлуарæгимæ. Мæ камерæйы иу хæлуарæг тынтæ «уафын» райдыдта. Куы йæм фæкомкоммæ дæн, уæд йемæ иронау ныхас райдыдтон. Уый дæр мæ цыма æмбæрста, уыйау-иу мæ комкоммæ йæхи æруагъта, чысыл-иу фæлæууыд, æмæ та-иу хæрдмæ йæхи систа. Афтæ йемæ цалдæр боны фæныхæстæ кодтон. Афтæ хинымæры дзырдтон иро-нау æмæ мæ ирон æвзаг нæ рох кодта».

Ахæстоны бадгæйæ, Хазби йæхицæн сарæзта алфавит арабаг, сомихаг, гуырдзиаг æмæ уырыссаг алфавиттæм гæсгæ, æмæ уыцы алфавитæй фыста æмдзæвгæтæ, фæлæ йын сæ ахæстоны цæстдарджытæ байстой джигулы рæстæджы æмæ йын сæ нал радтой.

Афтæ цыппæрдæс дæргъвæтин æмæ уазал азы фæстæ ССР Цæдисы Генералон прокуроры протестмæ гæсгæ, Габуты Хазби ахæстонæй ссæрибар æмæ æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстоны зæххмæ.

Хазби пенсийы ацыдмæ цæсгомджынæй фæкуыста нæ газеты редакцийы. Пенси куы райста, уæд йæ куыст ныууагъта. Æниу 90-æм азты цæй пенси истой нæ адæм, цыдæр капеччытæ… ном йедтæмæ дзы ницы уыд.  Кæд æм цыдæр хатыртæ æмбæлд, уæддæр сæ нæ пайда кодта, уымæн æмæ  се’рдомын йæ сæрмæ нæ хаста,  афтæмæй цард уыцы «маамæлайы» капеччытæй.

Габуйы фырт-иу арæх æрбацыд редакцимæ. Йæ амæлæты хæдразмæ дæр ма æрбауад. Кæд æй мидæмæ хуыдтам, уæддæр кабинеты дуарæй не ‘рбахызт, афтæмæй худæн ныхæстæ акодта æмæ стæй рахъаст кодта йе ‘нæниздзинадæй, зæгъгæ, дам, цæмæйдæр фæхъæстæ дæн æмæ мæ ахсæн йæ уагыл нæу. Фæстаг хæрзбон нын загъта фæхуд-фæхудгæнгæ, ацыд æмæ … Цалдæр боны фæстæ ахицæн йæ цардæй.

Хазбийы цардвæндаг кæд хъизæмæрттæй йемыдзаг уыд, уæддæр цæвиттойнаг у рæстуд æмæ фидар удыхъæдæй, æхсардзинад æмæ райгуырæн Ирыстонмæ, ирон адæммæ уарзондзинадæй .

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.