Знауыры районы милицийы фадыгон инспектортæ бæрæг кæнынц сæ районы цӕрӕг ас адæймæгты æмæ ма иунæг чи сты, ахæмты. Инспектортӕ семӕ фембӕлыны рӕстӕджы профилактикон ныхас акӕнынц, байхъусынц сын сӕ домӕнтӕм, фенынц сын сӕ тыхстдзинӕдтӕ, ӕмӕ сын фадат куы вӕййы, уӕд сын сӕ проблемон фарстатӕ дæр аскъуыддзаг кӕнынц.

Азуаты хъӕуы 81-аздзыд цӕрӕг Бегиашвили Венерæ бирӕ азты дӕргъы цӕры иунӕгӕй. Ис ын чызг ӕмӕ лӕппу, фӕлӕ йын цӕрынц Гуырдзыстоны. Венерæ исы бынӕттон пенси ӕмӕ ма йын уыимӕ иумӕ Ӕппӕтдунеон Сырх Дзуары Комитет дӕр баххуыс кӕны – бахӕссынц ӕм продукттӕ, зымӕгмӕ йын суг самал кӕнынц. Фӕлӕ сылгоймаг уӕддӕр тыхсы, сугтӕ йын фаг нӕ вӕййынц, стӕй ма йӕ цӕрӕнуат дӕр цалцӕгкӕнинаг у. Фадыгон инспектортӕ йын ныфс бавӕрдтой, йӕ проблемон фарстатӕ йын районы администрацимӕ кӕй фӕхӕццӕ кӕндзысты.

Бабӕрӕг ма кодтой Азуаты хъӕуы 78-аздзыд цӕрӕг Гагнидзе Женяйы дӕр. Нал ын ис ‘ввахс хиуӕттӕ, исы уӕрӕсейаг пенси 10 мин сомы. Ӕппӕтдунеон Сырх Дзуары Комитет ацы сылгоймагӕн ницы ӕххуыс кӕны, фӕлӕ йӕ бынӕттон администраци рохуаты нӕ уадзы – ӕрвылаз дӕр ын раттынц хӕлцадон продукттӕ.

Санайы хъӕуы 66-аздзыд цӕрӕг Бибылты Джемал дӕр бирӕ азты дӕргъы цӕры иунӕгӕй. Йӕ бинонтӕ ӕмӕ йе ‘ввахс хиуӕттӕ цӕрынц Гуырдзыстоны, фӕлӕ йӕхӕдӕг уырдӕм нӕ комы. Цардуаджы уавӕртӕй нӕ тыхсы, йӕхи фаг ӕххӕссы алцӕуылдӕр, фӕлӕ йӕ бинонтӕй иппӕрд кӕй у, уый йын зын у.

Фадыгон инспектортӕ ахӕм мадзӕлттӕ уадзынц Мидхъуыддӕгты министры хӕс-лӕвӕрдмӕ гӕсгӕ. Кӕд ӕмӕ инспектортӕ ӕнӕуый дӕр хӕсджын сты ас адӕймӕгтӕм ӕмӕ иунӕгӕй чи цӕры, уыдонмӕ сӕ хъус дарой, уӕд ныр та ахӕм фембӕлдтытӕ уадзынц арӕхдӕр. Раттынц ма сӕм сӕ телефонты номыртӕ дӕр, цӕмӕй сын тыхст рӕстӕджы ӕххуысмӕ фӕдзурыны фадат уа.

Джиоты Алыксандр

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.