4-7 сентябры Тбилисы уагъд æрцыд дунеон хуссаркавказаг медиафорум «Роль СМИ в укреплении доверия в регионе». Ацы мадза-лмæ Гуырдзыстоны арæнхъахъхъæнджытæ нæ бауагътой, хайад дзы чи хъуамæ райстаиккой, Уæрæсейы уыцы æмбæстæгты.

Уый фæдыл дзырдта «Спутник»-ы пресс-центры Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария. Уымæй ноджыдæр бæрæг у, гуырдзиаг къухдариуæгады ахаст Уæрæсемæ кæй нæ ивы, уый. Комитеты сæргълæууæг уæрæсейаг журналисттæм ахæм ахаст   банымадта Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй æнæрастыл. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ медиафорум уагъд цыд Уæрæсейы Федерацийы президентон гранттæй. Рацыд афтæ, æмæ Уæрæсе цы мадзал уадзы, уырдæм уагъд не ‘рцыдысты йе ‘мбæстæгтæ.

Хъотайты Марияйы ныхæстæм гæсгæ  журналистты Гуырдзыстоны территоримæ нæ бауагътой, афтæхуыйнæг «Закон об оккупированных территориях»-ы бындурыл.

«2008 азы ист закъонмæ гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы территоритæм гуырдзиаг къухдариуæгады æнæ бар ракуырдæй цы æмбæстæгтæ бацæуой, уыдон кæнæ стыр ивар цæудзысты, кæнæ та сын цыппар азы ахæстоны фæбадыны тæрхон хаст æрцæу-дзæн. Куыд зонæм, афтæмæй ацы территориты Гуырдзыстон нымайы оккупацигонд территоритыл», – дзырдта Хъотайты Мария.

Комитеты сæргълæууæг æнæразыдзи-над равдыста уыцы факты тыххæй дæр æмæ, Уæрæсе уыцыиу рæстæг æу-уæнкдзинад æндидзын æмæ фидар кæныны нысанæн цы форумтæ уадзы, уыдоны мидис Гуырдзыстон кæй зыгъуыммæ кæны æмæ уымæй ахæм мадзæлтты ахадындзинад ныллæг кæнынц.

«Гуырдзыстоны ахæм ахасты фоныл бæрæг у, йæ паддзахаддзинад цы чысыл Хуссар Ирыстон аразы, уый кæй æвдисы демократийы бирæ фылдæр æууæлтæ. Уый бæрæг уыд, нæ республикæйы хæдбардзинад банысан кæныны боны хæдразмæ нæм бирæ журналисттæ кæй æрцыд, уымæй дæр.

Уыцы планы Хуссар Ирыстон равдыста стыр быхсындзинад, республикæмæ æрбауагътой, 2008 азы августы агрессийы рæстæджы цаутæ объективонæй чи нæ æвдыста, уыцы информацион фæрæзты минæвæртты», – банысан кодта комитеты сæрдар.

Форуммæ цы информацион фæрæзтæ уагъд не ‘рцыдысты, уыцы уæрæсейаг коллегæты фарс рахæцыны сæраппонд ма Хъотайты Мария йæ ныхасмæ бафтыдта, цæмæй ма тыхсой, уый тыххæй. Гуырдзыстоны къухдариуæгад ноджыдæр равдыстой демократийы принциптæ кæй хонынц, уыдон мæнг ныхæстæ кæй сты.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.