ПОЛИТИКОН ПАРТИ «НЫХАС»  РАВЗÆРСТА НОГ ЛИДЕР

Политикон парти «Ныхас»-ы VI съезд райдыдта  видеороликæй. Дзырд дзы цыд партийы историйыл.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы гимнты айзæлды  фæстæ раныхас кодта Президент Гаглойты Алан. Уый раарфæ кодта  æрæмбырдуæвджытæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта партийы уæнгтæн, партийы фарсмæ чи балæууыд, закъон æмæ рæстдзинад чи хъахъхъæдта, уыдонæн, уæззау фæндæгтыл цæугæйæ, адæмы размæ рæстдзинад кæй хастой, адæмы бартыл æргом кæй дзырдтой, уый тыххæй.

«Партийы сырæзты бонæй фæстæмæ нæ разы бирæ цæлхдуртæ уыд, бирæтæ уыдысты нæ ныхмæ, фæлæ уæ фæрцы, нæ адæмы фæрцы, раст ныхас æмæ раст хъуыдыйы фæрцы нæ фæндагыл размæ, нæ нысанмæ цыдыстæм. Мах дарддæр дæр хъуамæ цæуæм размæ, æмæ адæмы рæгъмæ цы раст хъуыды хастам, цы ныфсытæ сын æвæрдтам, уыдон æххæст кæн-дзыстæм. Нæ равзаргæ фæндагæй  мах нæ  фæиппæрд уыдзыстæм.

Цы вазыгджын фæндæгтыл рацыдыстæм, уый махæй никуы ферох уыдзæн. Абон нæ разы вазыгджын хæслæвæрдтæ ис. Уыцы хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæнгæйæ, ма хъуамæ ахизæм партийы принциптæ æмæ идеяты иувæрсты», – банысан кодта Президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон æхсæнады нæй ныхмæлæуддзинад. Уый тынг ахсджиаг у  паддзахады размæцыдæн.

«Абон нын кæрæдзиимæ быцæудзинад нал ис, хицауиуæгады æппæт къабæзтæ дæр æмгуыст кæнынц. Фадат сын ис диалогæн æмæ фарст иумæйагæй аскъуыддзаг кæнынæн. Нæ бæстæйы, не ‘хсæнады сабырдзинад, æмбаргæдзинад куы нæ уа, уæд дзы размæцыд дæр нæ уыдзæн.  Æхсæнады консолидаци ахсджиаг фактор у паддзахады рæзтæн. Æрмæстдæр иудзинады ис нæ сæйраг тых. Республикæ Хуссар Ирыстонæн, хъизæмæрттæ бавзаргæйæ, йæ къухы бафтыд паддзахадон хæдбардзинад. Абон махæн нæ æвæджиаг хæс у, цæмæй цы бынæтты кусæм, уым аккагæй, цæсгомджынæй æххæст кæнæм нæ разылæууæг хæстæ. Цы фæндтæ нæм уыд, уыдонмæ æвналгæ дæр нæма бакодтам. Уымæн æмæ нæ размæйы къухдариуæгад бирæ аскъуыддзаггæнинаг проблемæтæ ныууагъта æмæ уыдоныл кусын хъуыд. Цыбыр рæстæгмæ бирæ фарстатæ аскъуыддзаг кодтам. Ныфс мæ ис, проблемæтыл кæй фæтых уыдзыстæм æмæ адæм фендзысты: мæ алы ныхас дæр фидаргонд кæй уыдзæн реалон хъуыддæгтæй. Æз диалогмæ цæттæ дæн æмæ уын хъусын кæнын, кæддæриддæр мæ бон кæй уыдзæн мæ адæмы цæстытæм комкоммæ бакæсын», – загъта Гаглойты Алан.

Куыд зонут, афтæмæй Гаглойты Алан, президентæй равзарыны размæ уыд парти «Ныхас»-ы лидер.

«Президент уæвгæйæ мын бар кæй нæй партийы лидер кæнæ партийы уæнг уæвынæн, уый тыххæй партийы уæнгтимæ бауынаффæ кодтам æмæ аскъуыддзаг кодтам, партийы сæрдарæй Парламенты депутат Бесаты Зитæйы равзарын», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Партийы уæнгты сусæг хъæлæсæппæрстæй Бесаты Зитæ æвзæрст æрцыд партийы ног лидерæй.

БЕСАТЫ ЗИТÆ: «ПАРТИ ЙÆ ХЪУС ДАРДЗÆН ЧИНОВНИКТЫ КУЫСТЫ ЭФФЕКТИВОНДЗИНАДМÆ»

Бесаты Зитæ паддзахады сæргълæууæг æмæ партийы уæнгтæн бузныг загъта, кæй йыл баууæндысты æмæ йæ партийы лидерæй кæй равзæрстой, уый тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, партийы нысан æмæ хæслæвæрдтæ нæ фæивдзысты, развæлгъау банысангонд курс дарддæр кæндзысты. Уый ныфс бавæрдта Гаглойты Аланæн, дарддæр дæр, кæронмæ йæ командæйы кæй уыдзæн, уымæй.

«Парти «Ныхас»-ы уæнгтæ бирæ хæттыты равдыстой сæ принципилондзинад æмæ куыстфæразондзинад, сæ паддзахадыл æмæ адæмыл иузæрдиондзинад, алы фæзуæтты сын сæ интерестæ хъахъхъæдтой аккагæй æмæ эффективонæй.  Йæ адæмы, йæ Райгуырæн бæстæ чи уарзы, йæ дидинæфтыды тыххæй æппæтдæр чи аразы, уыцы адæймæгты «Ныхас» æрбаиу, æрбангом кæны.

Куыд раздæр, афтæ нын ныр дæр ахсджиаг æмæ приоритетон сты паддзахады уæвынады æмæ размæдзыды демократон принциптæ: закъондзинад æмæ фæтк, паддзахады фидар кæнын, æмбæстагон æхсæнады институтты рæзт, стабилондзинад æмæ    æдасдзинад. Афтæ нымайын, æмæ нын уыцы курсæй ахизæн нæй, уымæн æмæ ныл адæм се ‘ууæнк уый руаджы бафтыдтой», – банысан кодта парти «Ныхас»-ы ног сæвзæрст сæрдар.

Уый ныфс бавæрдта, парти йæ хъус кæй дардзæн чиновникты куысты эффективондзинадмæ. Куы бахъæуа, уæд сæ дзуапп домдзæн карзæй.

 

АРФÆТÆ – ПАРТИЙЫ НОГ  СÆРДАРÆН

Парти «Ныхас»-ы ног лидерæн раарфæ кодта Парламенты Сæрдар Æлборты Алан æмæ йын радзырдта йе ‘нтыстыты тыххæй.

«Зитæ йæ архайдæй бирæ хæттыты фенын кодта парти «Ныхас»-ы лидеры аккаг кæй у. Мах æвдисæнтæ уыдыстæм Парламенты хъаруджындæр æмæ рæстагондæр депутаттæй сæ иу Зитæ кæй уыд æмæ у. Уырны мæ партийы сæрдары статусы кæй сарæхсдзæн», – банысан кодта Парламены Сæрдар.

Бесаты Зитæйæн фæсивæды номæй раарфæ кодта политикон парти «Ныхас»-ы фæсивæдон къабазы минæвар Засеты Аланæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Бесаты Зитæ у æцæг профессионал, уæздан, курдиатджын лидер, йæ ныхасы хицау, фидар удыгъæды адæймаг, зондджын уынаффæгæнæг, рæстдзинадыл тохгæнæг.

«Мах, фæсивæд, æууæндæм Бесаты Зитæйыл, арæх ын фæдзурæм нæ проблемæтæ, нæ фæндтæ, нæ хъуыдытæ. Фæдзурæм мадæлон æвзаджы идеологийыл, нæ диссаджы традициты тыххæй дæр. Алы хатт дæр нæ зæрдыл дарæм йæ бацамындтæ.

Афтæ мачи æнхъæлæд, зæгъгæ, фæсивæд нæ зонынц сæ мадæлон æвзаг, ферох кодтой се ‘гъдæуттæ. Афтæ нæу. Тынг хорз æй зонæм, æнæ мадæлон æвзаг национ культурæ æмæ æгъдæуттæй нæ уыдзæн наци. Ирон адæмæн уыдон сты сæ цæсгом, сæ удварн ирдæй кæм зыны, ахæм æнусон хæзнатæ», – дзырдта æвзонг чызг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, парти «Ныхас»-ы фæрцы фæсивæдон къабазæн фадат ис Уæрæсейы æмæ фæсарæнты форумты, конференциты хайад райсынæн.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.