РХИ-йы Президенты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Бибылты Анатоли ацыд Донецкы Адæмон Республикæмæ, цыран хайад райсдзæн Республикæйы боны цытæн бæрæгбонон мадзæлтты.

РХИ-йы делегацийы сконды сты æддагон бастдзинæдты фæдыл РХИ-йы Парламенты комитеты сæрдар Коцты Игорь, депутат Плиты Александр, РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг Гæззаты Давид.

Бибылты Анатоли балцы фæлгæтты фембæлдзæн Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Александр Захарченкоимæ.

Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзæн Респуб-ликæйы боны цытæн цытджын мадзæлтты, дидинджытæ сæвæрдзæн, украинаг агрессийы рæстæджы сабыр цæрджытæй чи фæмард, уыдоны цырты раз.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.