РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд æмбырд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 73 азы сæххæсты сæраппонд бæрæгбонон мадзæлтты организацийы хатдзæгтыл æруынаффæ кæнгæйæ.

Æмбырды хайад райстой РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ æмæ бæрæгбонон мадзæлтты хайадисæг коллективтæ дæр.

Пухаты Эрик бузныджы ныхæстæ загъта паддзахадон масштабыл бæрæгбонон мадзæлттæ чи бацæттæ кодта æмæ сæ ауагъта æппæт уыдонæн æмæ банысан кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы дунеон-историон нысаниуæджы тыххæй.

«Мах иууылдæр хъуамæ нæ зæрдыл дарæм уæлахиздзауты фæлтæры раз не стыр хæсы тыххæй. Махæй алчидæр  хъуамæ тырна, ахæм стыр аргъæй нын цы сабыр цард балæвар кодтой, уым аккагæй цæрынмæ. Мах нæ зæрдыл дардзыстæм адæймагады историйы Стыр Уæлахизы нысаниуæджы тыххæй, уыцы Уæлахизы тыххæй мысынад фæлтæрæй фæлтæрмæ дæттгæйæ, æмæ Райгуырæн бæстæйы фæрныгадæн фæллой кæнгæйæ, йæ кад æмæ йын стырдзинад фылдæр кæнгæйæ», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Бæрæгбонон мадзæлттыл уынаффæ кæнгæйæ, Пухаты Эрик иумиагæй сисгæйæ сæ ауадзыны æмвæзадæй баззад райгондæй, фæлæ уыимæ хъусдард аздæхта иуæй-иу организацион моменттæм, кæцытæ хъуамæ рарастгонд æрцæуой фидæны.

Зассеты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, Стыр Уæлахизы 73 азы бæрæгбоны цытæн æппæт республикæйы уагъд æрцыдысты алыгъуызон мадзæлттæ, кæцыты нысан уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты нæ дадатæ æмæ уыдоны фыдтæ цы стыр сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, уыдоны  зæрдыл дарыны тыххæй.

«Фæнды мæ раарфæ кæнын æппæт уыцы адæймæгтæн, кæцытæ хайад райстой бæрæгбонон мадзæлтты æмæ бузныджы ныхæстæ зæгъын æппæт уыдонæн, кæцытæ рацыдысты Уæлахизы парады æмæ хайад истой адæмон цыд «Æнæмæлгæ полк»-ы, цыран акцийы хайадисджытæ рахастой 5500 мины бæрц нывы», – банысан кодта Зассеты Жаннæ.

Афтæ ма Культурæйы министр бузныджы ныхæстæ загъта Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты министрадты, Æдасдзинады паддзахадон комитеты æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады дæлхæйтты тырысахæссæг къордтæ æмæ парадон расчеттæн, УФ-йы хъахъ-хъæнынады министрады 4-æм гвардион æфсæддон базæйæн, афтæ ма республикæйы хъахъхъæнынады ведомствойы кадетон скъолайы курсанттæн æмæ Уæрæсейы 4-æм æфсæддон базæйы æфсæддон оркестры къухдариуæггæнджытæн.

«Уæлдай бузныджы ныхæстæ зæгъын мæ фæнды Мидхъуыддæгты, Уæлвæткон уавæрты, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадтæн, байкерты клуб «Горный ветер» æмæ гимнази «Альбион»-æн», – банысан кодта министр.

Æмбырды кæрон æруынаффæ кодтой Мысæн æмæ хъынцъымы боны (20 майы) æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады боны бæрæгбон сорганизаци кæныны фарстытыл.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.