(Хъайтыхъты Азæмæты райгуырдыл æххæст кæны 100 азы)

 

Куы ахъуыды кæнын, дæс-фынддæс азы размæ дæр ма нæм цас разагъды курдиатджын фысджытæ уыди, уæд мæ зæрдæ нырхæндæг вæййы. Курдиатæй дарддæр ма цас кад, намыс æмæ фарн уыд сæ уацмысты, стæй сæ удты.

Бæргæ, фылдæр-иу куы цæриккой Нафийы, Шамилы, Бестауты Гиуæргийы, Цæрукъаты Алыксандры, Плиты Грисы, Дзугаты Георгийы, Малиты Васойы хуызæттæ – се ʻппæты нæ нымайдзынæн, фæлæ ахæм амонд кæм и. Уæд нæ чысыл Ирыстон цас хъæздыгдæр уаид. Æмæ нын нырма ницы у. Ис ма нæм, Ирыстонæн ном чи скодта æмæ кæны, ахæм курдиатджын фысджытæ. Хуыцау сын бирæ цард æмæ сфæлдыстадон хъомыс раттæд. Фæлæ цы уыдзæн сомбон? Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ ма нæ абоны фысджыты хуызæтты цырагъы рухсмæ агурдзыстæм цалдæр азы фæстæ…

Ирон таурæгъы жанр бæрзонд æмвæзадмæ чи систа, литературæмæ дзы стыр хуынтæ чи бахаста, зæронд, рох хабæртты уд чи бауагъта, таурæгътæ литературæимæ æнгом чи бабаста, уый уыд Хъайтыхъты Азæмæт. Ахæм ма нæм уыд Биазырты Димитр.

Азæмæтæн йæ таурæгъты сæйраг апп у Ходыхъæу. Уымæн æмæ 1923 азы уым райгуырд. Уым хистæртæй цы таурæгътæ хъуыста, уыдоны бындурыл фæстæдæр снывæзта йæ уацмыстæ. Хъайтыхъы-фырт хуымæтæг таурæгъгæнæг кæнæ таурæгъ-фыссæг нæ уыд. Уый уыд фыссæг, адæмон сфæлдыстадæй æцæг адæмон уацмыстæ чи нывæста, ахæм.

Хъайтыхъты Азæмæт уæззау хæстон фæндæгтыл рацыди. Æмæ цы нæ бавзæрста йæ æрыгон уд! Цыди иу пырх горæтæй иннæмæ, лæгæрста, æрмæст ма фæнык кæмæй баззад, уыцы хъæутыл. Тох кодта Киев æмæ Сталинград æмæ Курск-Орелы ссæрибар кæныныл. Авд хатты фæци уæззау цæфтæ, фæлæ та-иу куыдæр йæ къæхтыл слæууыд, афтæ та-иу райста хæцæнгарз. Бавзæрста уацары хъизæмæрттæ дæр. Йæ бирæ хæстон сгуыхтыты тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй, Намысы 3 къæпхæны æмæ Фыдыбæстæйы хæсты 1 къæпхæны ордентæй, æхсæрдæс хæстон майданæй.

Фæлæ йын йе сгуыхтдзинæдты йæ хæстон хæрзиуджытæ цы ʻвдыстой, уымæй дарддæр уæздан Азæмæт йæ хæстон хабæртты кой никуы кодта. Æрмæст-иу арæх радзырдта, уацары уæвгæйæ йыл цы ʻрцыди, уыцы зæрдæхалæн цау:

«Алы бон дæр-иу лагерæй иу уацайраг акодтой, æмæ-иу фæстæмæ нал æрбаз-дæхт уацайраг. Иу бон куы уыди, уæд акодтой мæн дæр. Мæныл уæд цыди ссæдз азы. Йæ разæй мæ кодта иу фашист. Иу мæнгагъуыстмæ бахæццæ стæм. Немыцаг дуар бакодта, басхуыста мæ мидæмæ, стæй мыл дуар бахгæдта. Фыццагдæр ауыдтон туджы пырхæнтæ, стæй мыл иу байраджы йас куыдз йæхи æрбаппæрста æмæ мæ йæ дзæмбытæй асхуыста. Уыцы риуыгъдæй къулыл бахаудтæн. А ныр мын куыдз мæ хурхмæ фæлæбура, афтæ мын кæсгæйæ аззад мæ цæсгоммæ. Мæнæн мæ цæссыгтæ уадысты. Цы бамбарын ма мын хъуыд, куыйтæн адæймаджы фыд кæй хæрын кодтой, ныр та мæ рад кæй уыд. Æмæ æнхъæлмæ кастæн мæ мæлæтмæ. Фæлæ мæм, стыр диссагæн, куыдз нал февнæлдта. Мæ фарсмæ æрхуыссыд æмæ мын йæ сæр мæ къæхтыл æрæвæрдта, афтæмæй бадтыстæм. Уалынмæ фæмидæг немыцаг афицер æмæ нæ афтæмæй куы федта, уæд куыдзмæ рамæсты. Систа æмæ йыл цалдæр нæмыджы банымадта. Уыцы куыдз йæ цард мæ бæсты радта».

Уæлдæр ма йæ загътон, Азæмæт Ходы схъомыл. Саби уæвгæйæ-иу Ныхасы арæх хъуыста хистæрты таурæгътæм æмæ уæд йæ зæрдæйы райгуырд ахæм бæллиц: тæхуды æмæ уыдон ныффысс. Æмæ йæ ныхас сæххæст кодта. Хæсты фæстæ азты иугай фæзындысты йæ таурæгътæ. 1984 азы рацыд йæ уацмысты фыццаг æмбырдгонд «Зынаргъ дур». Уый фæстæ фæзындысты йæ иннæ чингуытæ «Фыййауы лæдзæг», «Амондуарджытæ» æмæ «Азæмæты таурæгътæ». Ныртæккæ ацы чингуытæй иуæн дæр дуканиты ссарæн нал ис. Диссаджы хъæздыг, нуарджын æвзагæй фыст таурæгътæ хæлофæй æлхæдтой адæм.

Йе сфæлдыстады кой йын бæлвырдæй нæ кæндзынæн – бирæ дзурæн ыл ис. Æр-мæст йæ таурæгътæ «Тугæрхæм арæн», «Сагкаты сау хæйрæг», «Дзæхы фæстаг балц», «Фыдохы арт» æмæ бирæ æндæртæн сæхиуыл чиныг ныффыссæн ис. Æрмæст мæ сæрмагондæй зæгъын фæнды уацмысты диссаджы æнахуыр æвзагыл. Ахæм ныхæстæй сæ снывæзта, æмæ чиныгкæсæг дисы бацæуы.

Æрхæссын мæ дзы фæнды алы уацмыстæй чысыл скъуыддзæгтæ: «Хур арвастæу сæгълæуд ныккодта æмæ йæ къæйных цæсгом зæхмæ ныррынд кодта», «Хæдзар раджы афæлдæхтаид, фæлæ йæм цыппар цæджындзы быцæу ныллæууыдысты æмæ, хæрæг æд саргъ ихы сæрыл куыд ныххиу уа, уыйау арвмæ дзынæзта», «Лæгтæ сæ маст сæ ныхты æнцъылдтыты хæсгæ размæ æфсæрстой», «Дауджытæ æмæ дæлимонтæ цыма дуртæй хæст самадтой, уыйау бæстæ гыбар-гыбур сси. Дуры къæртт цæхæртæ калгæ Кæрогджыны фæзмæ æртылд æмæ уым æнæдомд уырсау хъен слæууыд», «Хохы фахсыл лæгуын уæрццау нынныгъуылд гуымиры амад æлыгсæр хæдзар. Уыдис ын сохъхъыр уæйыгау иу сæгдзыд цæст – тохына æмæ, цыма Хуыцауы цъиу Дурадзины агуырдта, уыйау дзы æдзух арвмæ дзынæзта», «Саухъæд сызнæт. Бæлæстæ цымыдис устытау кæрæдзийы хъусты сыр-сыр систой. Хус сугты арт цыренæй сыгъди æмæ галау йæ сырх æвзæгтæй мæйдар æмпылдта. Ололи бафæллад æмæ бæласы къалиуыл дзедзырой кодта». Æмæ афтæ дарддæр.

Кæцыфæнды уацмысмæ, кæцыфæнды фарсмæ дзы æркæс, ахæм диссаджы ны-хæстæ æмæ абарстæй фыст сты се ‘ппæт дæр. Уый у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад æмæ фыссæджы стыр курдиатыл дзурæг.

Фæлæ Азæмæт зæронды бонтæм баззад хæдæфсармæй. Никуы рахуыдта йæхи фыссæг, никуы раппæлыд йæхицæй. Йæ хъæрæй ныхас ын никуы ничи фехъуыста. Йемæ ныхас кæнгæйæ дзы цыд цыдæр фарн æмæ æгъдау. Адæм дæр æй уымæн бирæ уарзтой. Джыккайты Шамил-иу арæх дзырдта: «Азæмæт у, йæхи фыссæг чи нæ хоны, фæлæ стыр фыссæг чи у, ахæм адæймаг».

Ацы аз Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг Хъайтыхъты Азæмæтыл хъуамæ сæххæст уыдаид 100 азы, фæлæ, хъыгагæн, цалдæр азы размæ ацы рухс дунейæ ацыд. Нал и, фыдæлты цард æмæ архайд нын аивадон хуызы нæ размæ чи фæхаста, уыцы фæллад хæстон лæг. Ацыд æмæ уый адыл аскъуыд йæ таурæгъты хал… Нал и, чи ма фысса ахæмтæ, уый. Стæй мæм афтæ кæсы æмæ нал уыдзæн. Азæмæт нын цы таурæгъон бынтæ ныууагъта, уыдон цæрдзысты, цалынмæ ирон къахылдзæуæг уа, уæдмæ…

Джусойты Нина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.