Каспийскы уагъд æрцыд грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй æвзæнгты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионат. Уым тынг хорз сæхи равдыстой Теблойты æфсымæртæ Даниэль æмæ Давид. Уыдон дыууæ дæр систы ерысты уæлахиздзаутæ. Даниэлæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 60 кг уæзы категорийы, Давид та фыццаг бынат бацахста 67 кг уæзы архайгæйæ.

 

ТЕННИС

Уæрæсейаг теннисисттæ Хъæрæцаты Аслан æмæ Андрей Рублев Индиан-Уэллсы турниры къæйтты ‘хсæн ерысты ахызтысты финалы 1/4  хаймæ. Уый тыххæй уыдон рамбылдтой испайнаг Марсель Гранольерс æмæ аргентинæйаг Орасио Себальосы. Фембæлд фæцис 7:6, 4:6, 10:4 хыгъдæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.