Скифтӕ киммерийӕгты бӕстӕ ӕнӕхӕстӕй бацахстой, фӕлӕ сӕ уӕддӕр ӕвыдӕй ауадзын сӕ зӕрды нӕ уыд. Сӕ бинонты Хъырымы цӕргӕйӕ ныууагътой, сӕхӕдӕг киммерийӕгты фӕсте асырдтой. Киммерийӕгтӕ Сау денджызы былты цыдысты, скифтӕ та – Кавказы галиувӕрсты. Афтӕмӕй, скифтӕ адзӕгъӕл сты ӕмӕ бафтыдысты Чысыл Азийы Мидийы зӕхмӕ ӕмӕ ныддӕрӕн кодтой мидийӕгты паддзахад. Мидийӕгты паддзахадӕй тыхджындӕр Азийы нӕ уыд.

28 азы фӕстӕ скифтӕ ӕрбаздӕхтысты Хъырыммӕ. Ӕмӕ сӕм ам ӕнхъӕлмӕ каст мидийӕгтимӕ хӕстӕй стырдӕр бӕллӕх. Сӕ устытӕ сӕм уал азы ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бафӕрӕзтой ӕмӕ сӕ цагъайрӕгтӕй сӕхицӕн лӕгтӕ скодтой. Уыдонӕй сын цы цот рацыд, уыцы фӕлтӕр уӕдмӕ йӕ тыхы бацыд ӕмӕ, сӕ рав-зӕрд куы базыдтой, уӕд скифты ӕрбаздӕхтмӕ, лӕппуйӕ, чызгӕй, сӕхи хӕстмӕ цӕттӕ кӕнын райдыдтой. Фыццаджыдӕр уал, сӕ зӕхмӕ – Хъырымы ӕрдӕгсакъадахмӕ ӕрбацӕуӕн къубалӕгыл Таврийы хӕхтӕй Азовы денджызмӕ скъахтой арф ӕмӕ фӕтӕн адаг. Йӕ былгӕрӕттӕ йын ӕрфидӕрттӕ кодтой. Ацы адаггонд ма ис абон дӕр Керчы ӕрдӕгсакъадахыл.

***

Хъырым æмæ Севастополы баиу Уæрæсеимæ – нæ бæстæйы иууыл ногдæр историйы ахсджиагдæр цаутæй иу. Нæ бæстæйы цæрджытæ, Хъырымы æмæ Севастополы цæрджытæн æххуыс кæнгæйæ, равдыстой, иууыл ногдæр историйы æмбал кæмæн нæй, ахæм æнгомдзинад æмæ патриотизм. Ацы цау нæ адæмы æрбангом кодта æмæ равдыста, цалынмæ не ‘хсæн иудзинад уа, уæдмæ нын санкцитæ, ардауæн митæ æмæ æртхъирæнтæ ницы ракæндзысты.

Ацы историон цау у тынг ахсджиаг. Аст азмӕ Хъырымы ӕрцыд бирӕ  ивындзинӕдтӕ, среализаци кодтой инфраструктурон проекттӕ. Регион райтынг ис. Фæлæ иууыл стырдæр проект та у Хъырымы хид, кæцы ссис Хъырымы Уæрæсеимæ æрбаиу кæныны символ.

2014 азы 18 марты Мæскуыйы цытджын æгъдауæй къухтæ æрфыстæуыд Бадзырдыл Республикæ Хъырымы Уæрæсейы Федерацийы скондмæ райсыны тыххæй. Уæд УФ-йы Президент Владимир Путин йæ раныхасы банысан кодта: «Украинæ фехъусын кодта, æввахс рæстæджы НАТО-мæ бацæуынмæ кæй хъавы, уый тыххæй. Ацы перспективæ цы нысан кодтаид Хъырым æмæ Севастополæн?  Уæрæсейаг æфсæддон кады горæты НАТО-йы тырыса куы фæзындиад, уæд уый тæссаг уыдаид Уæрæсейы æппæт хуссар хайæн.

Хъырым Уæрæсейы империйы скондмæ бацыд 1783 азы. 1954 азы æрцыд ахæм цау, кæцы абоны онг дæр бæстон бæрæг æмæ æмбæрстгонд нæма у – Советон Цæдисы Компартийы уæды Генералон секретарь Никита Хрущев Хъырымы балæвар кодта Украинæйæн. Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы ацы фарста аскъуыддзаг кодтой минуттæм.

Æрмæгыл бакуыста ДРИАТЫ Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.