Маэстро Гергиты Валери æмæ Мариинаг театры симфонион оркестр АИШ-ы ауадздзысты цалдæр гастролон туры. Мариинаг театры пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй 3-æм ноябрмæ Маэстро Гергийы фырт йæ музыкалон къордимæ равдисдзысты 12 концертон равдысты АИШ-ы штатты, афтæ ма равдыстытæ уагъд æрцæудзысты Великобритани æмæ Мексикæйы дæр. Гастролты кульминацион дыууæ  равдысты ма уыдзысты Нью-Йоркы Карнеги-холлы.

Уымæй дарддæр ма Мариинаг театры къорд хайад райсдзæн  31-æм октябрæй 4-æм ноябрмæ Нью-Йоркы Джордж Баланчины номыл уагъдцæуæг фестивалы.

«Ацы гастролтæ сты уæрæхгуырахстджын, цыран æххæст æрцæудзысты Шостаковичы зындгонд Æв-дæм симфони,  Брамс, Рихард Штраус, Стравинский, Чайковский, Римский-Корсаков æмæ æндæр зындгонд композиторты уацмыстæ»,-зæгъы маэстро Гергиты Валери. Уый ма куыд хъусын кæны, афтæмæй къорды равдыстыты хайад райсдзысты зындгонд музыкалон архайджытæ  Денис Мацуев æмæ Нельсон Фрейре. Карнеги холлы ма сæххæст кæндзысты «Щелкунчик»-ы æххæст композици дæр.

«Мæнмæ гæсгæ, гастролтæ уыдзысты цымыдисон æмæ бæрзонд æмвæзадыл»,- зæгъы маэстро.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.