Маэстро Гергиты Валери оркестримæ цалдæр концерты ратдзæн Сабырокеанаг музыкалон фестивалы Японы цыппар горæты 27-æм июлæй 1-æм ав-густмæ, – уый тыххæй фехъусын кодтой Мариинаг театры пресс-службæйы.

Программæйы сты: Шуберты 4-æм симфони, Вагнеры оперæ «Тангейзер»-мæ увертюрæ, Брухы оркестримæ скрипкæйы концерт, цыран солисттæ уыдзысты Венаг филармонийы оркестры концертмейстер Райнер Кюхель æмæ æвзонг шведаг скрипач-виртуоз Даниэль Лозакович.

Сабырокеанаг оркестры ра-лæудтытæ байгом сты горæт Томакомайы Шимин Кайканы концертон залы Гергиты Валерийы къухдариуæгадæй.

Уый фæстæ концерттæ уагъд æрцæудзысты Саппоройы: 29-æм июлы уыдзæн гала-изæр æмæ 30-æм июлы та аивæдты парчы гом сценæйыл музыканттæ ратдзысты традицион концерт «Пикник». Саппоройы концертон програм-мæты хайад райсдзысты Отанийы университеты хор æмæ вокалисткæ Аки Амо. Айзæлдзысты Моцарты уацмыстæ æмæ Сабырокеанаг музыкалон фестиваль «Юпитер»-ы гимн Густав Холсты симфонион сюитæйы фрагменты музыкæйыл. Афтæ ма æххæст æрцæудзысты Шуберт, Вагнер æмæ Брукы уацмыстæ.

Гергиты Валери Владимир Путинæн равдыста Ленинграды областы ног концертон зал.

Июлы фæстаг бон маэстро Гергийы фырты къухдариуæгадæй оркестр ралæудзæн горæт Кавасакийы концертон залы сценæ-йыл. Музыкалон форум фæуыдзæн 1-æм августы концертæй, кæцы уагъд æр-цæудзæн Японы егъаудæр фæзуæттæй сæ иуы – Токиойы Бунка Кайканы.

Сабырокеанаг музыкалон фестивалæн, кæцыйы сæргъ лæууы Гергиты Валери 2015 азæй, бындур æрæвæрдта Леонардо Берстайн 1990 азы. Оркестры сконды ис 90 æвзонг музыканты, кæцытæ æвзæрст æрцæуынц æппæт дунейы байхъуыстыты фæстиуджытæм гæсгæ.

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.