ЧУКОТКÆЙЫ КÆСЫНЦ КЪОСТАЙЫ

Хетæгкаты Къостайы райгуырды 159 азы цытӕн Чукоткӕйы хъӕутӕй иу – Уэлены скъола-интернаты уагъд цыдис конкурс æвзонг аив кæсджыты ‘хсæн ирон литературӕйы бындурæвæрæджы ӕмдзӕвгӕтӕ кæсынæй. Кастысты ирон, чукоткӕйаг ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл.

Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕй сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ уӕлдай тынгдӕр чи цӕуы, уый у «Гино», чукоткӕйаг ӕвзагыл хуыйны «Мыльыттъын».

Конкурсы уӕлахиздзаутӕ систы Кирилл Кенкы, Еленӕ Анаут, София Каляч, Ольгӕ Савина ӕмӕ Андрей Пилятагин.

Уэлены хъӕуы скъола-интернаты директоры хӕдивӕг Алексей Эйнес куыд загъта, уымæ гæсгæ, скъоладзаутӕ стыр ӕхсызгонӕй фӕархайынц патриотон клуб «Родина»-йы арӕзт мадзӕлтты ӕмӕ бӕллынц Ирыстонмӕ ӕрцӕуынмӕ, уымӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнын райдыдтой ирон адӕмы истори ӕмӕ культурӕ, стӕй ирон ӕвзагыл хицӕн дзырдтӕ ӕмӕ хъуыдыйӕдтӕ.

Ацы мадзал саразыны хъӕппӕрис равдисӕг патриотон клуб «Родина»-йы разамонӕг Хъарданты Тимур куыд зӕгъы, афтӕмӕй чукоткӕйаг сабитӕ æрæджы архайдтой сывӕллӕтты нывты ӕппӕтуӕрӕсеон конкурсы (цыдис Дигорайы). Республикӕйы бонмӕ та ирон тырысайы раз лӕугӕйӕ ныффыстой ӕмӕ ӕрæрвыстой видеоарфæ Ирыстонӕн.

Хетӕгкаты Къостайы райгуырды 159 азы цытӕн конкурсы призертӕ систы канд Уӕрӕсейы Федерацийы ӕппӕты скӕсӕйнагдӕр хъӕу Уэлены чукоткӕйаг сабитӕ нӕ, фӕлӕ ма эскимосаг сывӕллӕттӕ дӕр, уыдон дӕр ахуыр кӕнынц бынӕттон скъола-интернаты ӕмӕ сын ӕрвыст ӕр-цӕудзӕн ӕмбӕлгӕ хӕрзиуджытӕ. Ацы конкурс саразыны хъуыддаджы архайджытӕ та райсдзысты Кады гӕххӕттытӕ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.