Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 60 азы сæххæстæй фæстæмæ ныр 13 азы дæргъы 9 майы хæдразмæ æххæст цæуы акци «Георгийы лентæ». Ацы акци æрмæст иумиагуæрæсейон нæу, фæлæ дунеон.

Георгийы лентæ у, фашизмæй дуне чи ирвæзын кодта, фронтæн æппæтдæр чи лæвæрдта, уырдыгæй чи нал æрæздæхт, уыдоны номæн кады символ. Уый ма у Стыр Уæлахизы цытæн ветераны кад æмæ сæрыстырдзинады символ дæр.

Ныр цалдæр боны нæ республикæйы уагъд цæуы ацы акци. Йæ сæйраг хайадисджытæ сты æвзонг фæлтæр, кæцытæ стыр райгондæй уарынц лентæтæ уынгты фистæгæй цæуджытæн, хæдтулгæты шофыртæн. Уыимæ иумæ ма кæнынц æмбарынгæнæн куыст дæр – Георгийы лентæйы дарыны фæткойтæ амонынц æмбæстæгтæн.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фашистон Германыл фæуæлахизы цытæн 73 азы бæрæгбоны хæдразмæ ацы ахсджиаг акцийы хайад райстой бæстæйы – Президент Бибылты Анатоли æмæ Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Ахуырдзау фæсивæд сыл бакодтой Георгийы лентæтæ, балæвар сын кодтой акцийы кодексы фæдыл чысыл брошюрæтæ.

Бибылты Анатоли ныхас кодта рæзгæ фæлтæримæ акцийы нысаниуæг, Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ уым ирон хъайтарты хъæбатырдзинады тыххæй. Уый арфæ ракодта бæрæгбоны фæдыл мадзалы хайадисджы-тæн, бахатыд, цæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран кæй бинонты , сыхбæсты æхсæн ис, уыдонæн æххуыс кæной, хъус сæм дарой. Уымæн æмæ нын уыдон цы стыр Уæлахиз æрхастой 73 азы размæ, уый стыр кады аккаг у. Уыдон, зæгъгæ, цы стыр хайбавæрд бахастой уæлахизмæ, уый руаджы абон мах цæрæм, æндидзæм æмæ размæ цæуæм.

Уырдыгæй Президент æмæ Хицауады Сæрдар ацыдысты æмæ бабæрæг кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты хæдзæртты.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.