Нæ республикæйы сæйраг горæт Цхинвалы уагъд цæуы акци «Кæрдæггъуыз горæт», зæгъгæ, ахæм номимæ, кæцы сорганизаци кодта фæсивæды инициативон къорд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды æххуысæй. Акцийы сæйраг нысан у, цæмæй нæ республикæйы сагъд æрцæуой бирæ алыгъуызон талабæлæстæ, къутæртæ æмæ дидинджытæ. Цæмæй республикæйы ахуырдзауты, иумæйагæй цæрджыты хъусдард здæхт æрцæуа æрдз бахъахъхъæныны архайдмæ.

Нæ горæты цæрджытæ хорз хъуыды кæнынц Советон Цæдисы рæстæджы, цалынмæ ирон адæмы ныхмæ гуырдзы хæст нæ расидтысты, уæдмæ нæ чысыл уарзон Цхинвал куыд тынг рæсугъд горæт уыд, уый. Уалдзæджы æрбалæудимæ-иу Цхинвал, æмткæй нæ республикæ цъæхвæлыст фестад. Уынгты бæрзонд цы бæлæстæ фæцыдысты, уыдон-иу сыфтæр æмæ дидинæг куы ракалдтой, уæд-иу сæм адæймагы зæрдæ радис, адæймаг-иу сæм кæсынæй не ‘фсæст æмæ зæрдæ рухс кодта.

Фæлæ уал азы хæстон уавæрты цæргæйæ, нæ горæт бонæй-бонмæ цауддæр кодта. Бæлæстæ дæр æвыдæй нæ аирвæзтысты знаджы æгъатыр къухтæй, бирæтыл дзы сæмбæлдысты нæмгуытæ æмæ афтæмæй бахус сты. Ахæм ныв фенæн уыдис, зæгъæм, нæ горæты Пионерты парчы дæр. Уымæ гæсгæ дзы калд æрцыд  бирæ бæлæстæ, афтæ ма горæты æндæр рæтты дæр. Ацы хъуыддаг хорз æмбаргæйæ, нæ республикæйы Хицауад æмбаргæ æмæ аудгæ ахаст дары æрдз бахъахъхъæныны хъуыддагмæ æмæ ныр, уалдзæджы ралæудимæ, уагъд цæуынц ахæм хъæуæг акцитæ дæр. Уалдзæджы æрбалæудимæ, æрдз райхъал вæййы, бахуды нæм, райдзаст æмæ худæндзаст фесты.

Уалдзæджы æрбалæуд цыма адæймагæн тых æмæ хъару, ныфс æмæ уæнгрогдзинад радты, афтæ фæхаты йæхи. Æмæ афтæ дæр у, уымæн æмæ æрдз фендæргъуызон вæййы, бацæуы дзы уд æмæ цардмæ фæкæсы ныфсджындæрæй. Уæдæ, уалдзæг адæймагыл афтæ позитивонæй кæй æндавы, уый сæраппонд æй разæнгард фæкæны ног хорздзинæдтæм, ног райдайæнмæ.

Акци «Кæрдæггъуыз горæт» дæр уымæ гæсгæ уагъд цæуы уалдзæджы райдайæны. Ацы акцийы нысан æххæст куы æрцæуа, уæд та цалдæр азы фæстæ Цхинвал цъæх æмæ рæсугъд горæт фестид. Æмæ акцийы нысан та уæд æрцæуит æххæст, кæд æмæ нæ бæстæйы цæрджытæй алчидæр куы батыхсид æмæ йæ хæдзары раз, кæнæ æндæр рæтты куы ныссадзиккой бæлæстæ.

Фыццаг ацы хъуыддагмæ æрæвнæлдтой фæсивæды инициативон къорд. Уыдон талабæлæстæ æрластой Кæсæг-Балхъары республикæ, горæт Налцыккæй. Тала-бæлæсты нымæц у 300-йæ фылдæры бæрц. Уыдон сты: бæрзбæлæсты талатæ, туятæ æмæ алыгъуызон уарди дидинджыты къутæртæ.

23-æм марты акци «Кæрдæггъуыз горæт» дарддæр уагъд æрцыд нæ горæты цалдæр скъолайы. Уыдон æмрæнхъ скъола «Альбион»-ы дæр, цыран хайад райстой скъолайы æппæт ахуыргæнинæгтæ дæр, сæ директор Гуыцмæзты Иринæйы сæргълæудæй.

Скъола «Альбион»-ы педколлектив æмæ ахуыргæнинæгтæ акци барæсугъд кæныны сæраппонд скъолайы кæрты сарæзтой хъазт. Мадзал байгом кодтой ирон æхцон музы-кæйы зæлтæй. Кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ ам сæххæст кодтой цалдæр ирон кафты æмæ уый фæстæ скъолайы директор ахуыргæнинæгтæн æрдзырдта акцийы нысаны тыххæй. Уый ма стыр бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загъта, акци чи срæвдз кодта, уыцы фæсивæдæн. Сæрмагонд бузныджы ныхæстæ ма загъта нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонидæн дæр йæ бæстæмæ аудгæ ахаст кæй дары æмæ фæсивæды фарсмæ кæй æрбалæууы æндæр æмæ æндæр фарстыты фæдыл, уый тыххæй.

Уый фæстæ Гуыцмæзты Иринæ хистæркъласонтæм бахатыд, цæмæй февналой æмхуызонæй æмæ ныссадзой сæ талатæ.

Æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ хъæлдзæгæй æрæвнæлдтой сæ куыстмæ æмæ рæгъгай ныссагътой се скъолайы кæрты бæрзбæлæстæ, туятæ æмæ уардитæ.

Ахуыргæнинæгтæн сæ куыстыты процесс тынг фæцыд сæ зæрдæмæ æмæ нын стыр æхцондзинадимæ дзырдтой сæ тæлмæнтæ. Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, хорз æмбарæм, нæ горæты кæй хъæуы садзын ног бæлæстæ, цæмæй пайда хæссой нæ республикæйы цæрджытæн æмæ цин кæной, горæт йæ хуыз куыд калы æмæ ивы, ууыл.

Инициативон къорды сæрдар Цхуырбаты Людвиг нын куыд загъта, афтæмæй уыдон акци «Кæрдæггъуыз горæт» фыццаг ауагътой «Мæскуыйаг» микрорайоны, цыран ныссагътой бирæ алыгъуызон талатæ.

«Мах бафæндыдис, цæмæй дарддæр дæр уагъд цæуа акци «Кæрдæггъуыз горæт», иннæ скъолаты дæр. Абон стæм скъола «Альбионы» æмæ куыд уынут, афтæмæй ахуыргæнинæгтæм ацы мадзалы хайадрайст сæ зæрдæйы равгыл бандæвта хорзæрдæм. Цин  кæнынц,  сæ уарзон скъолайæн стыр хъуыддаг кæй аразынц æмæ сын сомбон мысынæн кæй баззайдзæн, уый тыххæй», – загъта Цхуырбаты Людвиг.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.