Нæй, æвæццæгæн, ахæм бæстæ, цыран нæ пайда кæнынц æрдзон газы хæрзиуджытæй. Пайда дзы кæнынц Хуссар Ирыстоны адæм дæр, тынгдæр – горæты цæрджытæ. Æрдзон газы   аххосæй кæд фыдбылызтæ æрцæуы, уæддæр ыл адæм сæ къух нæ исынц æмæ дзы пайда кæнынц.

Ацы фарсты тыххæй мæнæ цы зæгъы Цхинвалы газы хæдзарады разамонæг Табуты Нугзар.

– Нæ царды ахсджиаг бынат чи бацахста, уыдонæй иу у газ. Газ хорзæрдæм æндавы куыстуæттæ, уагдæтты архайдыл æмæ адæмы царды уавæртыл. Уымæй дарддæр ма газ стыр ахъаз у æрдз, хъæдтæ бахъахъхъæнынæн дæр. Газ кæм ис æмæ дзы кæм пайда кæнынц, уыцы бынæтты хъæд цæуы хуыздæр хъахъхъæд.

О, фæлæ газæй пайда кæнынмæ хъæуы бæрнон ахаст дарын. Хъæуы йæм æппынæдзух хъусдарын. Æрвылаз дæр газмæ уæлæнгай ахасты аххосæй дунейы æрцæуы дæсгай срæмыгъдытытæ, æрцæуы зиæнттæ. Газæй пайда кæныны фæткойтæм сæ хъус хуыздæр æмæ лæмбынæгдæр кæм дарынц, уыдон хызт вæййынц ахæм фыдбылызтæй.

Нæ горæты газы хæххыты аваритæ кæй нæ вæййы, уый тыххæй та Нугзар афтæ зæгъы, зæгъгæ, ацы куыстуаты кусын 1962 азæй фæстæмæ æмæ уæдæй абонмæ горæты  иунæг срæмыгъд дæр нæ уыдис. Мæ хъуыдымæ гæсгæ уый, сæйраджыдæр, у куыстмæ хорз ахаст дарын æмæ йæ эксплуатацийы фæткойтæ æххæст кæнын. Нæ куыстуаты æппынæдзух кусы газы кусджыты зонындзинæдтæ фæхуыздæр кæныны фæдыл къамис, уадзæм сын ахуыртæ. Кусджытæ та фæкусынц, сæ зонындзинæдтæй пайда кæнгæйæ. Басæттын хъæуы ууыл дæр, æмæ  кусджытæ басгæрстыты рæстæджы арæх кæй рахатынц, бынтондæр чи ма хъуамæ уа, ахæм цухдзинæдтæ. Вæййы ахæм цаутæ дæр, æмæ махæн нæ фехъусын кæнгæйæ, цæрджытæй иутæ сæхæдæг сæвæрынц газы алыгъуызон прибортæ. Чидæртæ та, шлæнгтæ айтынг кæнгæйæ, газæй донхъармгæнæнтæ сæвæрынц фатерты хинайæнты. Ахæм архайд та адæймаджы æнæниздзинадæн хæссы стыр тасдзинад. Махæй бар нæ райсгæйæ, газы хæтæлтæм æвналæн нæй. Чи бавналы, уыдон та цæуынц æфхæрд æмæ дарддæр дæр сæ ныхмæ ист цæудзæнис мадзæлттæ.

Нугзаримæ нæм ныхас æрхауд, газы фиддонтæ куыд фыст цæуынц, ууыл æмæ газ давыны цаутыл. Ацы фарстыты тыххæй та банысан кодта, зæгъгæ, газ давыны цаутæ ис, фæлæ сты цъус. Нæ горæты цалдæр æмбæстагæн сæ фиддонтæ сырæзтысты 90 мин соммæ. «Нæ сæ бафиддзыстæм» чи дзуры, уыдоны радтам тæрхондонмæ. Сæ бафидыныл чи архайы, уыдонæн та цæуæм сæ уавæры æмæ сын аразæм алыгъуызон фадæттæ. Бар сын радтæм, цæмæй сын фидинаг цы фæрæзтæ ис, уыдон бафидой иумæ нæ, фæлæ хайгай æмæ сæ фидгæ дæр кæнынц. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ цы газ хардз кæнынц, уымæн хъуамæ иууыл къаддæр фидиккой йæ 90 проценты, фæлæ йын фидынц æрмæстдæр йæ 60 проценты.

Кæронбæттæны Нугзар банысан кодта, зæгъгæ, не ‘нтыстытæ уаиккой хуыздæр, фæлæ нын кусынæн нæй æмбæлон уавæртæ. Сæ административон бæстыхай арæзт æрцыдис 1962 азы æмæ уæдæй абонмæ цалцæг никуыма уыдис. Иу ныхасæй, у бæстон, капиталон цалцæггæнинаг.

ГÆЗЗАТЫ Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.