Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы фосдарджытæ цы куыст бакодтой, уымæн. Районы статистикон хайады фæстаг зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй фосдарды куыст кæнынц 10 хæдзарады æмæ сæм стуртæ æдæппæт нымадæуы 315, уыцы нымæцы хъуццытæ та сты 148. Хицæнтæй сисгæйæ, разæй цæуы «Арцеу»-ы фермерон хæдзарад æмæ йе стурты нымæц у 107, уыцы нымæцы хъуццытæ та сты 43. Дарддæр раззагдæрты нымæцмæ хауы «Тъбет», уымæн та йе стуртæ сты 93, уыдонæй хъуццытæ ис 37, «Алан» дары 43 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 25, «Тын»-мæ ис 20 стуры æмæ се ‘ппæт дæр сты хъуццытæ, «Фат»-ы хæдзарад хæссы 13 стуры, уыдонæй 7 сты хъуццытæ, «Цъунар» Лохы фыртмæ ис 13 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 3 æмæ афтæ дарддæр.

Фысдарды куыст кæны «Алан»-ы хæдзарад æмæ йæм нымадæуы100 фыс æмæ сæгъы. Ам хорз цæуы цот кæныны хъуыддаг дæр æмæ уал йæ уæрыччытæ сты 50. Ацы хæдзарад ма кæны маргъдарды куыст дæр æмæ сæ нымæц у 70. Районы иууыл иумæ бæхты нымæц – у  5, уыцы нымæцы «Алан» дары 3 бæхы, фæйнæ та ис «Цъунар» æмæ «Фат»-мæ. Хъыгагæн, тынг мæгуырау у ноггуырд родты нымæц – æдæппæт сты 29, уыцы нымæцы «Тъбет»-ы ис 11 роды, «Арцеу»-мæ  – 10 æмæ «Алан»-ы та – 8.

 

                                                                                ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.