Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста батальон «Алани»-йы хæстонтæ Цхуырбаты Гурам æмæ Бекъойты Дмитрийы.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, уыдон æрвылбон сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы цы æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинад æвдисынц, уый. Бузныджы ныхæстæ загъта батальоны æппæт хæстонтæн Хуссар Ирыстоны хæрзаудæн акцитæ кæй уадзынц, уый тыххæй.

«Фыццаджы уал мæ фæнды сымахæн бузныг зæгъын æмæ уæ номæй батальон «Алани»-йы къухдариуæгадæн, æппæт хæстонтæн, уавæрмæ нæ кæсгæйæ кæй ссарут рæстæг æмæ тыхтæ, цæмæй æрцæуат æмæ уæ хъусдард æмæ лæвæрттæй нæ чысыл æмбæстæгты – Хуссар Ирыстоны скъола-интернаты хъомылгæнинæгты зæрдæтæ барухс кæнат. Уый у тынг ахсджиаг хъуыддаг.

Æз мæ къух æрфыстон алыгъуызон дæлхæйтты ирон хæстонты «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майдантæй схорзæхджын кæныны тыххæй Барамындтыл. Хорзæхтæн сæ иу хай æз сæрмагондæй радтон сæрмагонд æфсæддон операци уадзыны зонæйы, фæлæ иннæ хай нырма адресатты онг нæ бахæццæ сты. Уыдонæй сæ иу у Дмитри, кæцы йæхæдæг æрцыд йæ райгуырæн зæхмæ», – загъта Президент.

Сæрмагонд æфсæддон операци уадзыны рæстæджы æфсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, рæс-тæджы равдисгæ хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады тыххæй бархионты батальон «Алани»-йы хæстон Бекъойты Дмитри хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй.

«Сымахыл егъау бæрндзинад æвæрд ис. Ирыстоны алы цæрæг дæр æмбары, сымах фронты раззаг хаххы кæй тох кæнут нæ иумæйаг интерестыл – нæ иумæйаг райгуырæн зæххы æдасдзинадыл. Арфæ уын кæнын æрбалæугæ Ног азы цытæн. Ут æнæниз, æнхъæлмæ уæм кæсæм уæ-лахизимæ æрыздæхынмæ», – загъта Гаглойты Алан.

Цхуырбаты Гурамæн Президент балæвар кодта зæрдылдарæн монетæ.

Йæ рады, батальон «Алани»-йы хæстонтæ паддзахады сæргълæууæгæн бузныг загътой сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæм æдзухон хъусдард æмæ æххуысы тыххæй.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.