Ныр дыууæ азы дæргъы æппæт дунейы цы пандеми апарахат ис, уый бирæбæрцæй бандæвта ахуырадон системæйыл дæр.  Ахуыртæ рæстæгмæ конд æрцыдысты дистанцион мобилон системæмæ, уый та фадат нæ лæвæрдта ахуыр æмæ æндæр уæлæмхас æнæмæнгхъæугæ мадзæлттæ æххæстбæрцæй уадзынæн. Ныр кæронмæ бахæццæ ис 2020-21 ахуыры аз æмæ ахуырадон уагдæттæй бирæты ауагътой нысангонд мадзæлттæ.

Нæ горæты 1-æм астæуккаг скъолайы дæр райдиан кълæсты ахуыргæнæг Джиголаты Мзия 2-аг къласонтимæ ауагъта иу ахæм хыгъдон мадзал «Фыццаг нысæнтты бæрæгбон»- ахæм номимæ. Мзия куыд загъта, афтæмæй уый æрвылаз дæр ахуыргæнинæгтимæ ауадзы ахæм мадзæлттæ. «Райдиан кълæсты ахуыргæнинæгтæн фыццаг нысæнттæ æвæрын куы райдайæм, уæд уыдонæн алы хорз нысан дæр вæййы бæрæгбоны хуызæн. Уымæй дарддæр ма алы предметæй дæр хыгъдон мадзæлттæ ауадзыны рæстæджы сабитæ сфæлхат кæнынц рацæугæ æрмæг æмæ сын уый фæахъаз вæййы хуыздæр æй бахъуыды кæнынæн. Уымæ гæсгæ махæн у традицион ахæм мадзæлттæ уадзын», – загъта Мзия.

Мадзалмæ хуынд æрцыдысты Горæты ахуыры хайады минæвæрттæ Габатты Алан æмæ Гæззаты Виктория, скъолайы директор Гобозты Русудан, сывæллæтты ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ. Райдианы сабитæ фембæлдысты интерактивон фæйнæгыл сæм цы «уазæг» æнхъæлмæ каст – ахуыр уыг, ууыл. Уыг сæм æрбахаста математикæйæ хæслæвæрд, цыран уыд 16 фæлтæрæны æмæ сæ цыбыр рæстæгмæ хъуамæ сарæзтаиккой. Уый фæстæ ма сæм ахуыргæнæг радта уæлæмхас фарстатæ дæр. Ахуыргæнинæгтæ уыдысты тынг активон, алчи дæр сæ уыд цæттæ æмæ сæ фæндыд фарстытæн æзфæраздæронæй  дзуаппытæ дæттын. Уый фæстæ ахæм уроктæ ауагътой уырыссагау кæсынæй, грамматикæйæ, англисаг æвзагæй, бæстæзонынæй, ирон æвзаг æмæ литературæйæ. Уырыссаг æмæ ирон æвзæгтæй ныффыстой чысыл диктанттæ. Алы предметæй дæр ахуыргæнинæгтæ равдыстой иттæг хорз цæттæдзинад. Бæстæзоныны урокыл дыккагкъласонтæ дзуапп лæвæрдтой тынг хорз æмæ æнæкъуыхцыйæ зыдтой Дунейы картæ. Англисаг æвзаджы урокыл ахуыргæнинæгтæ дих æрцыдысты дыууæ къордыл. Дыууæ къорд дæр  ахуыргæнджыты фарстатæн дзуапп лæвæрдтой англисаг æвзагыл, рацæугæ æрмæг сæ зæрдыл лæууыд хорз æмæ ма равдыстой, кæй сæм ис тырнындзинад æндæр æвзагыл фылдæр зонындзинæдтæ райсынмæ. Уæлдай цымыдисондæр уыд ирон литературæйы урок. Сбæрæг кодтой аивдæр чи рæхстис кæсын, уыцы ахуыргæнинæгты. Кæд се ‘ппæт дæр тынг хорз бакастысты, уæддæр уæлдай хуыздæртыл нымад æрцыдысты Козаты Аслан, Биазырты Валерия, Гæбæраты Арсен, Плиты Ланæ æмæ æндæртæ. Гæззаты Дауыт аив бакаст æмдзæвгæ «Ирыстон». Уый фæстæ ахуыргæнæг сабиты зæрдыл æрлæууын кодта зынгæ ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбеджы райгуырдыл 140 азы кæй сæххæст, уый, цыбыртæй сын радзырдта  йæ биографи, сабитæ та æрдзырдтой Махарбеджы конд нывтæ «Цоппай», «Нарты куывд», «Нарты Сырдоны фæндыры равзæрд» æмæ æндæрты мидисыл. Уый фæстæ ахуыргæнинæгтæ радзырдтой, ирон адæммæ цоппайæн цы нысаниуæг уыд, цæмæн æй афтæ хуыдой æмæ йæ куыд æххæст кодтой, уыдæттыл æмæ равдыстой чысыл сценкæ.

Мадзал ацыд хъæлдзæг атмосферæйы, ахуыргæнинæгтæ дæр æмæ ныййарджытæ дæр уыдысты райгонд. Кæронбæттæны жюрийы уæнгтæ банысан кодтой хуыздæр ахуыргæнинæгты. Классы ахуыргæни-нæгты нымæц уыд 24, уыдонæй ирон æвзаг æмæ математикæйæ 15 ахуыргæнинаджы, æмæ уырыссаг æвзагæй та 9 ахуыргæнинаджы райстой тынг хорз нысæнттæ.  Къласгæс Джиголаты Мзия бакаст, къласы ахуыргæнинæгтæй ахуыры аз чи цы ны-сæнттыл фæцис каст, уыцы номхыгъд æмæ раарфæ кодта ахуыргæнинæгтæн, æмæ афæдзы дæргъы семæ чи куыста, уыцы ахуыргæнджытæн.

Абон хыгъдон уроктæ уагъд æрцыдысты 9 предметæй æмæ бузныг зæгъын нæ ахуыргæнджытæ Гобозты Олеся, Кокойты Илона, Болататы Аленæ, Гобозты Мæдинæ æмæ  Плиты Дианæйæн, сабитæм уæ аудæгæ ахаст æмæ сын уæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй кæй хæлар кæнут, уый тыххæй », – загъта Джиголаты Мзия.

ХУЫГАТЫ Миленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.