Дзаболаты Хазбийы райгуырдыл сæххæст 90 азы

Фарн, дам, ирон дзырдтæй иууыл бæркадджындæр æмæ ахсджиагдæр дзырд у… Фарн уæд, фыццаг æй чи загъта, уыдонæн сæ фæстагæтты хæдзæртты дæр, фæлæ, нæ хурты хур Къоста бæрзонд цы дзырд æвæрдта, стæй нæ хурвидауц поэттæй сæ иу Дзаболаты Хазби зарынæй кæуыл не ‘фсæст, уый дæр аппаринаг цæмæн хъуамæ уа?..

Амонд…  Куыд ничи йын ссардта йæ райдиан æмæ йæ кæрон, куыд ничи дзы бафсæст абоны онг! Алчи дæр æм куыд фæбæллы, фæлæ æппæты фаг куыд нæ кæны… Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: хур дæр алкæуыл не ‘ххæссы…

Цард æмæ амонд… Цард – арвы æнæкæрон арф хъæбыс, амонд – ныгуылгæ хуры фæстаг тынты онг… Кæрæдзийыл тынг фидауынц, фæлæ, хъыгагæн, вæййы æнæ амондæй цард…

…Амонд алчи дæр йæхирдыгонау фембары. Чи йæ уыны хъæздыгдзинады æмæ мулчы, æнцон æмæ пайдайаг куысты, чи – йæ бинонты, йæ хъæбулты фарны, чи – уарзондзинады. Фæлæ адæмты ‘хсæн вæййы ахæм стæм лæгтæ, кæцытæ амонды бавæрынц стырдæр æмæ уæлиаудæр хъуыды, вазыгджындæр мидис… Уыдонæн зындæр вæййы цæрын, уымæн æмæ сæ цæст дарддæрмæ æмæ арфдæрмæ фæуыны, сæ зæрдæтæ фылдæр фенкъарынц, сæ цин дæр æмæ сæ маст дæр хицæн фæкæнынц иннæтæй. Уыцы адæймæгты нымæцмæ фæхауынц сфæлдыстадон кусджытæ. Уыдонæй иу уыди зынгхуыст ирон поэт Дзаболаты Хазби дæр.

Кæд бирæ нæ фæцард, уæддæр базонгæ æцæг аивады культурæимæ. Сфæлдыстадон скъолайау ын уыдысты классикон литературæйы хъомысджын традицитæ. Уый ирдæй зыны суанг йæ фыццаг æмдзæвгæтыл дæр: сты æлвæст, техникон æгъдауæй – æмбæлгæ æмвæзадыл, агайынц зæрдæ, зыны сыл, лæппу æрдзæй кæй фæци цырддзаст æмæ къæрцхъус, кæй æмбары æцæг сфæлдыстадон кусæджы бæрзонд нысаниуæг:

 

Дæ хæс цытджын æмæ егъау у,

Дæ фæндаг – даргъ æмæ дæрзæг…

Зæххыл дæм иу царды бар хауы,

Æмæ у рухс фæндтæ хæссæг!..

Парахат у Хазбийæн йæ поэтикон диапазон: æнкъард, трагикон мотивтæ, царды нысаниуæгыл уæззау сагъæс-тæ, сфæлдыстадон кусæджы удхайраг дызæрдыг, хæрзаив худæнбыл зарджытæ уарзондзинадыл, хæлар-зæрдæ юморы бындурыл нывæст уацмыстæ, карз сатирикон æмдзæвгæтæ…

Сæрмагонд сфæлдыстад ахсы поэты сфæлдыстады амонды бæлвырд темæ. Йæ райхалыныл фæкуыста йæ фыццаг æмдзæвгæйæ райдай æмæ йæ фæстаг рæнхъыты онг. Хазбийы фыццаг чиныг “Хæс”-ы цы æмдзæвгæ мыхуыргонд æрцыд “Амонд”, зæгъгæ, уымæн схонæн ис фыссæгæн йæ программон уацмыс. Ам раргом сты йæ цæстæнгас æмæ йæ зондарæзт, йæ царды бæллиц æмæ йæ фæндтæ. Æмдзæвгæйы сæйраг мидис у, адæймаг йæ амонд цæттæйæ кæй не ссары, фæлæ йыл кусын æмæ архайын кæй хъæуы. Æркæсæм уацмысы фыццаг цыппар рæнхъмæ:

 

Æз нæ зонын, цы фæхоны “амонд”,

Искуы исчи куы фæкæны арфæ.

Фæлæ зонын, кæйдæр фарнæй абон

Уый цæттæйæ кæй не ´рхаудзæн арвæй.

Дарддæр поэт дзуры, амонд æмæ мулк иу кæй не сты, ууыл. Амонд æмæ хъæздыгдзинад кæрæдзимæ дард лæууынц. Амонды ратæдзæн æмæ амонды уидæгтæ лæууынц бирæ бæрзонддæр:

 

Ныр кæддæрау чысыл саби нал дæн,

Цардæй федтон цыдæртæ нæ зæххыл,

Æмæ иуæй-иу буцæй хаст хъалтæн

Æз “цæй амондджын фестут” – нæ зæгъин.

Поэтмæ гæсгæ амонды бындур ис куысты, фæллойы мидæг, уæларвæй не ‘рхауы, рæсугъд æмæ былалгъ ныхæстæй нæ райгуыры. Æвæццæгæн, афтæ зын ссарæн дæр уымæн у, уымæн у афтæ зынаргъ æмæ бæллиццаг:

Мæнмæ дуне фæкæсы уæрæхдæр,

Сайд ми фесты мæнæн уæд цæстысындз –

Куыст фæуæвгæйæ, хиды æртæхтæ,

Хус фæд уадзгæ, мæ ныхыл куы сысынц.

Поэт куыд хъуыды кæны, афтæмæй дунейыл рæстдзинадæй сæйрагдæр ницы ис. Уый бындурыл арæзт куы цæуа алцы дæр, уæд адæмæн сæ фидæн рæсугъддæр уыдзæн, аивдæр уыдзæн йæ цард алы адæймагæн дæр. Хинæй макæуыл рацу, æвзæрдзинадæй макуы мацы бакæн – уый у амонды бæрæггæнæнтæй иу:

 

Æз æгад цард мæ сæрмæ нæ хæссын,

Никуы никæуыл рацыдтæн хинæй,

Æмæ амондджын уымæй фæкæсын

Æз тыхст сахат дæр арæх мæхимæ.

Ацы темæ цæуы Хазбийæн йæ иу æмдзæвгæйæ иннæмæ. Нæ дзы хицæн кæны, æнувыдæй кусы йæ райхалыныл, агуры ног ахорæнтæ æмæ поэтикон мадзæлттæ. Поэт йе ´мдзæвгæ “Рæстдзинад”-ы фыссы:

 

Уарзын цард æз дæр æххæстæй,

Уарзын амонд æмæ цинад,

Фæлæ царды ´ппæт фæрæзтæй,

Райсин æз фыццаг рæстдзинад!

Хазби амонд æмбары уæрæхæй, æвæры дзы стыр æмæ арф хъуыды. Поэт куыд зæгъы, афтæмæй иу адæймаджы амонд хъуамæ “иппæрд” ма уа æппæт дзыллæты амондæй, Фыдыбæстæйы хъысмæтæй:

 

Мæнæн нæу иппæрд дзыллæтæй мæ амонд,

Æмбæхстаг нæу мæ цин æмæ мæ мæт,

Куы хъæуа, уæд Фыдыбæсты сæраппонд

Æз дæр æдæрсгæ райсдзынæн мæлæт.

Фæлæ цы у æнæбæркад фæндаггаг?

Нæ кæнын æз мæ егъаудæр хæс рох:

Мæ цард куыд уа, Фыдыбæстæ, дæу аккаг,

Мæнæн уал абон ууыл у мæ тох.

Æнæ райгуырæн зæххæй, æнæ Фыдыбæстæйæ амондæн уæвæн нæй. Ныййарæгæй уæлдай не  сты. Уыдоныл хур куы кæса, уæд адæймагыл дæр кæсы. Уыдоныл уæззау дуг куы скæны, уæд мах дæр нæ цард нал фæтавы, ницыуал нæ фæхъæуы дунейыл – нæдæр – циндзинад, нæдæр – амонд.

Адзал æмæ цард… Бонырухс æмæ мæйдар æхсæвы талынг. Сæ иу куыд æцæг у, афтæ – иннæ дæр. Фæлæ адзалæй Дзаболаты Хазбийы герой тæрсы иунæг хуызы:

 

Тæрсын æз иу хуызы мæлæтæй,

Æнæмæлгæ нæй, фæлæ тæрсын:

Мæ сонт æрхауд, мæ царды фæудæй

Куы скæнон искæй удæн зын!

Лæгæн вæййы иу царды бар. Хъæуы уæлион дунейыл хурау рухс кæнын, зæрдæтæ тавын. Кæм – зондæй, кæм хъаруйæ хорздзинад æрхæссыныл архайын. Уыцы хуызы чи сæвæры йæ цард, гъе, уыцы адæймаджы ном мæлæтыл уæлахиз кæны:

 

Дæ хæс цытджын æмæ егъау у,

Дæ фæндаг даргъ æмæ дæрзæг…

Зæххыл дæм иу царды бар хауы

Æмæ у рухс фæндтæ хæссæг!

Амонды мотив цас бынат ахсы фыссæджы сфæлдыстады, уымæн ирд æвдисæнæн бæззы Хазбийы æндæр æмдзæвгæ “Зарæг амонды тыххæй”. Ам поэты куырдиат рабæрæг æххæстæй, йæхи равдыста ноджы ирддæрæй. Цымыдисаг сты, фыссæг цы аивадон мадзæлттæй, цы поэтикон фæрæзтæй пайда кæны, уыдон:

 

Сты амондджын къухтæ – сæ фæндзгай æнгуылдзтæй,

Хæдæфсарм хъæбултау, сæ фæндиаг куы тасой,

Зæрингуырд зиууæттау куы змæлой æрмгуысты,

Фæндыры хъæлæстыл зæлагур куы хъазой.

Æнæгуырысхойæ зæгъæн ис: Дзаболаты Хазби суанг хæрзæрыгонæй фæхæст поэзийы æфсургъы сыгъзæрин барцыл, йæхи сæвзылдта йæ рагъмæ, ауагъта йæ сфæлдыстады æгæрон æмæ гуыргъахъхъ тъæпæнтыл æмæ куыддæр æфсургъ йæ тæккæ гæпп-дугъыл фæ-цалх, афтæ барæг асхъиудта æбæрæг æмæ рæууаты дунемæ… Йæ хуыздæр æмдзæвгæтæй иуы: “Зæрдæ! Ды – æвдисæн…”.  Поэт фыссы:

 

Цас уой лвæстдæр хъистæ,

Уыйбæрц тонынц тагъддæр.

Фæлæ уыйбæрц искæй

Агайы сæ цагъд дæр…

Дзаболаты Хазбийæн, куыд поэт, афтæ, бирæ сфæлдыстадон бынтæ нæ баззад, фæлæ йæ фæстæ цы рæнхъытæ ныууагъта, уыдон нын сыгъдæгдæр кæнынц нæ удтæ æмæ нæ зонд, ахуыр нæ кæнынц цард уарзыныл, цардæн аргъ кæныныл, амондмæ бæллыныл. Поэт цыдæриддæр фыссы, уым æнæгуырысхойæ æууæнды иу хъуыддагыл – хъуамæ алы дзырд  дæр цæуа зæрдæйæ. Афтæ куы нæ уа, уæд поэзи йæ уæлæ æркæндзæн примитивы аслам пæлæз, æрлæудзæн хуымæтæг ныхæсты æмрæнхъ, суыдзæн хуымæтæг риторикæйы иу хуыз. Хазби уыди æндæр зондыл хæст:

 

Зарæг нывæндгæйæ,

Зæрдæ цæмæн риссы?

Хорз зарæг афтæ арф

Риумæ цæмæн хизы?

Уыдон кæрæдзийы

Хуылфы цæвæрдæй:

Зæрдæ ис зарæджы,

Зарæг та – зæрдæйы…

Дзаболаты Хазбийыл йæ хур раджы аныгуылд, фæлæ йæ поэзи баззад удæгæстæн, куыд арвы айдæн, куыд хуры тын, кæцытæ нæ ахуыр кæнынц адæймаджы ном бæрзонд хæссыныл, амондмæ бæллыныл æмæ амондыл æууæндыныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.