Сентябры мæйы æрлæудмæ сæхи фæцæттæ кæнынц æппæт республикæйы ахуыргæнæн уагдæттæ. Знауыры районы адæмон ахуырады хайады дæр развæлгъау райстой æмбæлон ма-дзæлттæ æмæ ныр цæттæ сты ног ахуыры азы райдианмæ. Знауыры районы администрацийы ахуыры хайады сæргълæууæг Гæбæраты Эльвирæ куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз ахуыр-гæнæн уагдæттæй никæй бахъуыд цал-цæг кæнын.

«Ӕдзæллаг уавæры нæм иу бæстыхай дæр нæй. Цалдæр скъолайы хъæуы кос-метикон ремонт, фæлæ ацы ахуыры аз цалцæг кæныны планмæ нæ бахаудтой. Сы-вæллæтты сфæлдыстадон галуаны алыварс хъуамæ арæзт æрцæуа забор – ацы азы планмæ хаст у, фæлæ дзы нырма арæзтадон куыстытæ нæ райдыдтой. Фæнды ма нæ, цæмæй ма дзы арæзт æрцæуа сæрмагонд хатæн дæр, цыран сывæллæттæн фадат уыдзæнис алыгъуызон ма-дзæлттæ уадзынæн. Уыцы хъуыдыимæ немæ сразы сты районы администрацийы къухдариуæгад дæр. Ныры онг сæ бæрæгбонон мадзæлттæ фæуадзынц къуындæг хатæны – ахуырдзаутæ дзы сæхæдæг дæр æдæрсгæ нæ азмæлынц æмæ ма сын се сфæлдыстадмæ бакæсынмæ исчи куы æрбацæуы, уæд фæтыхсæм», – зæгъы РОНО-йы сæргълæууæг.

Знауыры районы ис 8 скъолайы, дыууæ рæвдауæндоны æмæ иу та Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан. Фондз та дзы ис библиотекæтæ, кæцыты ссарæн ис ахуыр-дзаутæн хъæугæ литературæ. Уахтъанайы скъола у æнæххæст астæуккаг скъола æмæ нымад цæуы Терегуаны астæуккаг скъолайы филиалыл. Ногхъæуы астæуккаг скъола та нымад у Знауыры астæуккаг скъолайы филиалыл. Алкæцы скъолайы дæр ахуыр кæнынц 300 ахуырдзауы, рæвдауæндæтты та ис 100 сывæллонæй фылдæр. Се ‘хсæн дзæвгар ис уæрæсейаг æфсæддонты сывæллæттæ дæр, кæцытæ æнæзивæгæй цæуынц Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны кружоктæм дæр.

Скъолаты бæстыхæйтты æдасдзинады тыххæй цы зынгхуыссынгæнæн сигнализацитæ ис æвæрд, уыдон нæ кусынц. Ӕвæццæгæн сæ бахъæудзæнис ахуыры азы райдианмæ скусын кæнын – скъоладзауты æдасдзинад хъуамæ хъахъхъæд цæуа. Рæвдауæндæтты хæринаггæнджыты ваканситимæ проблемæ нæй, фæлæ скъолаты ацы куысты бынæттæн штаттæ нæй. Уымæ гæсгæ районы ахуырады къухдариуæгад тыхсынц.

Иууыл фылдæр ахуыргæнинæгтæ ис Цхуырбаты Иваны номыл Знауыры поселочы астæуккаг скъолайы – 190 бæрц, æмæ ма нымад у иууыл ифтонгдæрыл. Ис дзы 24 компьютеры, фаг сæм ис интерактивон фæйнæджытæ æмæ проектортæ дæр. Фæлæ ма сын нæ фаг кæны куысты цайдагъ кæныны кабинет. Цы хæрæндон сæм ис, уым та 100 адæймаджы бынат йеддæмæ нæй æмæ ахуырдзауты бахъæуы æнхъæлмæ кæсын, цалынмæ, сæ разæй чи бацыд, уыдон хæрд фæуой, уæдмæ. Гæбæраты Эльвирæйы хъуыдымæ гæсгæ, хорз уаид хæрæндоны бынат куы фæуæрæхдæр кæниккой, уый. Ахæм проблемæ ма ис Уахтъанайы скъолайы дæр – ам та æрмæстдæр ис иу хатæн, цыран фæаразынц хæринаг æмæ ахуырдзаутæ дæр уым басихор кæнынц. Санэпидстанцийы кусджытæ ацы хъуыддаг нымайынц рæдыдыл æмæ сын бафæдзæхстой, цæмæй исты амал скæной уавæр фæхуыздæр кæнынæн.

Ногхъæуы астæуккаг скъолайы йеддæмæ иууылдæр ифтонг сты компьютертæй, интерактивон фæйнæджытæй æмæ проектортæй районы скъолатæ. Районы ахуырады къухдариуæгадæн кæд æввахс рæстæ-джы фæрæзтæ уа, уæд ацы скъола дæр сифтонг кæндзысты æнæмæнгхъæуæг оргтехникæйæ. Районы скъолаты ма нæ тыхсынц ахуыргæнæн чингуытыл дæр – фаг сæм сты алы предметæй дæр. Ӕрмæст кæддæрты рауайы афтæ, æмæ зæгъæм, иу къласæн радтой дæс чиныджы æмæ, сæ фæстæ цы кълас цæуы, уыдоны нымæц та фылдæр сты, уæд дыккаг аз бирæнымæц къластæн нал фæфаг кæнынц чингуытæ.

Скъолаты фаг ис ахуыргæнджытæ дæр – ныридæгæн иу предметæй дæр не ‘ййафынц хъуагдзинад. Ахуыргæнджытæ сты куыд бынæттон цæрджытæ, афтæ ма цæуынц горæтæй дæр. Се ‘хсæн ис дзæвгар æрыгæттæ, кæцытæ æрвылаз дæр курсытæ рацæуынц квалификаци бæрзонд кæнæн институты Цхинвалы. Алы фондз азы та ахуыргæнджытæн ауадзынц аттестаци. Уымæ гæсгæ, раздæрмæ абаргæйæ, ныр зындзинæдтæ нал æвзарынц скъолатæ.

Мугуты хъæууон администрацийы дзæвгар адæм цæрынц, фæлæ сæм абоны онг нæй сывæллæтты рæвдауæндон. Се скъолайы бæстыхай у æртæуæладзыгон æмæ дзы æртыккаг уæладзыгæй нæ пайда кæнынц. Советон дуджы сæм бирæ ахуырдзаутæ уыдис æмæ уæд æртæ уæладзыг дæр хъуыдысты ахуыры процессæн. Гæбæраты Эльвирæ куыд зæгъы, афтæмæй фæндон бахастой, цæмæй скъолайы бæстыхайы фыццаг уæладзыгæй саразой сывæллæтты рæвдауæндон æмæ уæд скъоладзауты иу хай конд æрцæуиккой æртыккаг уæладзыгмæ. Цæмæй æнахъомтæ æмæ скъоладзаутæ кæрæдзи ма хъыгдарой, уый тыххæй та сæм саразæн ис хицæн бацæуæнтæ. Ацы проект комкоммæ баст у æхцайы фæрæзтимæ – саразын дзы хъæуы хъармгæнæн системæ, самал кæнын инвентарь æмæ цалцæггæнæн куыстытæ бакæнын. Районы администраци ныфс бавæрдта, ацы хъуыддаг саразыныл кæй бакусдзысты.

                              ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.