Нæ горæты та фæстаг рæстæджы сарæх сты дзæгъæл куыйтæ æмæ тасдзинад æвзарын кæнынц цæрджыты цардæн. Горæты администрацимæ арæх æрбацæуы хъæстытæ цæрджытæй, райсом раджы æмæ изæрыгæтты куыйтæ æнæнхъæлæджы адæмыл куыд æрхъула кæнынц, уый тыххæй. Вæййы ахæм цаутæ дæр, æмæ хæцгæ дæр фæкæнынц адæймагыл. Паддзахадон унитарон куыстуат Хæрзарæзтады комбинаты куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон дзæгъæл куыйты марынц систематикон æгъдауæй. Уыцы нысанæн горæты администраци рахицæн кодта æхцайы фæрæзтæ. Республикæйæн специалон крематори кæй нæй, уый тыххæй мард куыйты æрæмбырд кæнынц иу уæрмы æмæ сæ басудзынц. Уый фæстæ ацы бынат æрцæуы рекультиваци.

Ведомствойы куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы мадзал кæд нæу иууыл гуманон æмæ алкæйы зæрдæмæ нæ цæуы, уæддæр абоны бон æндæр фæрæз нæй.

Адæймаджы æнæниздзинад æмæ фæлхасгæнæджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл комитет бакуыста æрранизы профилактикæйы фæдыл программæйыл. Коцты Маринæйы хъуыдымæ гæсгæ, хæдзарон цæрæгойтæн æрранизы ныхмæ вакцинæйæ дарддæр ма, программæ куыд амоны, афтæ хъæуы æнæхицау куыйты æмæ гæдыты нымæц къаддæр кæнын.

Хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ курæг сты цæрджытæй, цæмæй æддæмæ ма уадзой сæ хæдзарон куыйты. Гæнæн ис æмæ баиу уой дзæгъæл куыйтимæ æмæ афтæмæй мард æрцæуой.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.