РХИ-йы Культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады центр ацы аз ныр æстæм хатт сорганизаци кодта  «Фотоконкурс – 2023». Хайад дзы райстой 16 адæймаджы. Конкурсы уыд æртæ номинацийы. «15 азы сабыр арвы бын»-ы номинацийы уыд 17 куысты, «Уæлахизы æмбæйттæ»-йы номинацийы – 12 куысты æмæ «Пейзаж»-ы номинацийы та – 57 куысты.  Æдæппæтæй куыстытæ уыдысты 86 къамы. Æрæджы, ома 18-æм августы фæбæрæг сты фото-конкурсы уæлахиздзаутæ. Уагæвæрдмæ гæсгæ æрмæг бавдисæг æнæмæнгæйдæр хъуамæ уыдаид куысты автор йæхæдæг, стæй дæр авторæн нæ уыд компьютерæй спайда кæныны бар. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ фотоконкурсы хайад райсыны бар кæй нæ уыд профессионалон нывисджытæн, фæлæ æрмæстдæр нывтæ исын чи уарзы, уыцы адæймæгтæн кармæ  æмæ кæм цæры, уымæ нæ кæсгæйæ.

26-æм августы, Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны мадзæлтты фæлгæтты «Фотоконкурс-2023»-йы хайадисджыты куыстытæ равæрд æрцыдысты нæ горæты Хетæгкаты Къостайы скверы. Уырдыгæй хъуыстысты музыкæйы æхцон зæлтæ. Фотоконкурсы уæлахиздзаутæ дæр хорзæхджын æрцыдысты Къостайы цырты цур.  Мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы Культурæйы министры хæдивджытæ Дзеранты Джульеттæ æмæ Мамиты Григори, конкурсы хайадисджытæ æмæ æндæр уазджытæ. Мадзал байгом кодта центры хореографийы фæдыл методист Санахъоты Жаннæ.

Æрæмбырдуæвджытæн бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Адæмон сфæлдыстады республикон центры директор Гуыцмæзты Елизаветæ. «Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд. Мах стыр бузныг стæм Уæрæсейæ йæ алыварсон æххуысы тыххæй. Уæрæсейы фæрцы ныр 15 азы цæрæм хæдбар республикæйы сабыр цардæй. Уæрæсейы фæрцы махæн нæ бон у ахæм конкурстæ æмæ æндæр мадзæлттæ уадзын. Абон ам цы куыстытæ равæрд æрцыдысты, уыдонæн аргъ кодта компетентон жюри», – банысан кодта центры директор.

Уый фæстæ фотоконкурсы уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты кады грамотæтæ æмæ æхцайы премитæй. Фыццаг бынат чи рамбылдта, уыдоны схорзæхджын кодтой  фæйнæ 5 мин сомæй, дыккаг бынатыл чи ацыд, уыдоны  фæйнæ 3 мин сомæй æмæ æртыккаг бынат чи бацахста, уыдон та фæйнæ 2 мин сомæй. Афтæ ма  сæрмагонд приз – 1,5 сомы та саккаг кодтой конкурсы хайадисæг Дряты Давидæн. Конкурсы хайадисджытæ иууылдæр хорзæхджын æрцыдысты  центры дипломтæй.

Ныхасы рацыдысты фæуæлахизуæвджытæ дæр æмæ бузныджы ныхæстæ дзырдтой фотоконкурсы организатортæн æрвылаз дæр ахæм цымыдисон мадзæлттæ кæй бацæттæ кæнынц, уый тыххæй.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ фоторавдыст «15 азы сабыр арвы бын»-ы равæрд кæй æрцыдысты уый размæйы азты фотоконкурсы уæлахиздзаутæ цы къамтæ æрбавдыстой, уыдон дæр.

Хорзæхджын кæныны церемонийы фæстæ Къостайы сквермæ æрбамбырдуæвæг сывæллæттæн адæмон сфæлдыстады центры кусджытæ сорганизаци кодтой æцæг хъæлдзæг бæрæгбон æмæ сæ цины хъæлæба дардмæ хъуыст. Рагæй фæстæмæ дæр ирон адæммæ популярон уыдысты адæмон хъæзтытæ, кæцытæ ахъаз кодтой адæймаджы физикон цæттæдзинад æмæ хæрзæгъдаудзинадæн. Центры кусджытæ  сывæллæтты цайдагъ кæнынц нæ фыдæлты æгъдæуттыл. Уыдон ерыс кодтой  адæмон хъæзтытæ – «Лæгты дугъты хъазт», «Порти хæссынæй хъазт», «Къæбæлæй хæцынæй хъазт» æмæ «Сынæгæй хъазт»-æй. Фæуæлахизуæвджытæ иууылдæр райстой призтæ – алыгъуызон хъазæнтæ. Райгондæй баззад мадзалæй нæ горæты цæрæг æвзонг сылгоймаг Санахъоты Ингæ (Тедеты чындз) дæр. Уый мадзалмæ æрбацыд фондз сывæллонимæ – йе ‘ртæ лæппу æмæ йæ хæрæфырттæ – Джиджойты дыууæ хойы Лерæ æмæ Вероникæимæ. «Бузныг зæгъын центры кусджытæн ныр цалдæр азы дæргъы сывæллæттæн ахæм хорз бæрæгбон кæй балæвар кæнынц, уый тыххæй. Алы аз дæр мæ сывæллæттæ рамбулынц призтæ æмæ сыл тынг фæцин кæнынц. Кæд хъазæн цух не сты, уæддæр сæхæдæг кæй рамбулынц призтæ, уый сын вæййы уæлдай æхсызгондæр», – загъта Санахъоты чызг.

Сывæллæттæ иууылдæр райзæрдæйæ хъазыдысты сæ рамбулгæ хъазæнтæй. Цымыдисон рауадысты адæмон хъæзтыты хуызтæ. Сывæллæттæ сæ истой активон хайад æмæ сæ хъæлдзæг хъæлæба дардмæ хъуыст.

Арфæйы ныхæстæ зæгъын æмбæлы адæмон сфæлдыстады республикон центры кусджытæн Гуыцмæзты Елизаветæйы сæргълæудæй ахæм хорз бæрæгбон кæй сорганизаци кодтой æмæ сывæллæттæн хъæлдзæг рæстæг кæй арвитын кодтой, нæ фыдæлты традицитыл сæ кæй цайдагъ кæнынц, уый тыххæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.