Фӕстиуджытӕ арӕзт ӕрцыд, Цхинвалы районы фермерон хӕдзарадтӕ цы куыст бакодтой, уыдонӕн. Статистикон хайады фӕстаг зонӕнтӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй фосдарды куыст кӕнынц 12 хӕдзарады ӕмӕ сӕм ӕдӕппӕт нымадӕуы 410 стуры, уыдонæй   хъуццытӕ сты 194. Куыд амӕйразмӕ, афтӕ та банысангонд рӕстӕгмӕ дӕр иууыл фылдӕр стуртӕ дары «Арцеу»-ы хӕдзарад ӕмӕ се стурты   хӕццӕ кӕны 117, уыцы нымӕцы хъуццытӕ сты 44. Фосы нымӕцӕй дыккаг бынаты цӕуы «Тын»-ы хӕдзарад – дарынц 87 стуры, уыцы нымӕцы хъуццытӕ  53 сæры. Зӕгъын хъӕуы, районы ӕппӕты фылдӕр хъуццытӕ кæй ис ацы хӕдзарадӕн ӕмӕ уый раппӕлинаг хъуыддаг у йӕ разамонджытӕн. Стурты нымӕц ма фылдӕр кӕм у, уыцы хӕдзарадтӕм ма хауынц «Алан» – 63, «Цъунар» Лохы фырт – 26, «Циндзинад» – 20 ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Фысдарды куыст районы кӕны ӕрмӕстдӕр «Алан»-ы хӕдзарад ӕмӕ йӕм ӕдӕппӕт нымадӕуы 350 фыс ӕмӕ сӕгъы, мӕргъты нымӕц та йӕм у 120. Районы бӕхтӕ ӕдӕппӕт ис 11, уыцы нымӕцы «Алан»-ы – 6, фӕйнӕ дыууӕ «Тъбет» ӕмӕ «Сидук»-ы ӕмӕ иу бӕх та дары «Фат»-ы хӕдзарад.

Кӕсагдарды куыст чи кӕны, уыдон та сты «Форель» ӕмӕ «Океан».

Хъыгагӕн, ӕнӕзӕгъгӕ нӕй иуӕй-иу цухдзинӕдты тыххӕй дӕр. Цӕвиттон, ивгъуыд азы банысангонд рӕстӕгимӕ абаргӕйӕ, районы тынг фӕкъаддӕр хӕдзарадты нымӕц, ома дзы ивгъуыд аз кӕд уыд 24 хӕдзарады, уӕд ныртӕккӕ та сӕ нымӕц ӕрмӕстдӕр у 15. Ивгъуыд азты хуыдарды куыстыл хӕст уыдысты «Виктория», «Циндзинад» ӕмӕ «Ӕфсати», ныр уыдон дӕр ацы къабазы куыст нал кӕнынц.

  Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.