Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Петербурджы паддзахадон академион Марияйы театры къухдариуæггæнæг-директор Гергиты Валерийæн йæ райгуырдыл 65 азы сæххæсты цытæн!

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Валерий Абысалы фырт!

Айс мын мæ арфæтæ æмæ иууыл зæрдиагдæр фæндиæгтæ дæ 65 азы цытæн.

Ацы юбилей стыр цау у дæ курдиатæн табугæнджытæн, æппæт уыдонæн, кæцытæ дæ уарзынц æмæ дын кад кæнынц, куыд æнæбафæзмгæ маэстро æмæ æцæг патриот, афтæ.  Ды барджынæй нымад дæ ныры дуджы иууыл стырдæр музыканттæй сæ иуыл. Дæ профессионалон фæндаг, фыдыбæстæйон æмæ дуненон культурæйы хуыздæр традициты рæзтмæ де стыр хайбавæрд сты стыр кады хъуыддæгтæ. Стыр аргъ кæнын хъæуы, адæмæн æххуыс кæнынмæ дæ тырнындзинадæн, бæстæйы интерестæн кæй лæггад кæныс, уымæн.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны дын, цытджын Валери  Абысалы фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, сфæлдыстадон бирæцæрынад æмæ æвидигæ хъару».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.