РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд УФ-йы Паддзахадон Думæйы Физикон культурæ, спорт, туризм æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Михаил Дегтяревимæ.

Хуссар Ирыстонмæ визиты тыххæй уазæгæн бузныджы ныхæстæ зæгъгæйæ, паддзахады сæргълæууæг ныфс бавæрдта хуссарирыстойнаг коллегæтимæ куыст кæй уыдзæн æнтыстджын.

«Паддзахадон Думæйы æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты комитетты æмархайды спорт æмæ туризмы рæзты фадыджы мах бирæ фарстытыл хъæуы æруынаффæ кæнын», – загъта уый.

Йæ рады, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн Хуссар Ирыстонмæ йæ кæй фæхуыдта, уый тыххæй.

«Æз Хуссар Ирыстоны дæн фыццаг хатт æмæ мæ визитæн стыр нысаниуæг дæттын. Мах Паддзахадон Думæйы нæ хъус дардтам ирон адæмы тохмæ  сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд», – загъта уый.

Михаил Дегтярев ма банысан кодта, йæ визиты рæстæджы цы федта, уый йæм оптимизим кæй æвзæрын кæны.

«Зыны, адæм активонæй кæй кусынц хъæууон хæдзарады. Бабæрæг кодтон дзидза-гуысткæнæн комбинат. Туристон потенциал та у тынг стыр æмæ фидæны уый рæздзæн», – ныфс бавæрдта депутат.

Уый ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны активонæй кæй рæзынц спорты алыгъуызон хуызтæ.

«Æрæджы УФ-йы Президент Владимир Путин куыд загъта, афтæмæй спорт у нацийы æнæниздзинад. Æмæ мæнæн тынг æхсызгон у, Хуссар Ирыстоны ацы фадыг кæй рæзы, ирон спортсментæн стыр æнтыстытæ кæй ис æмæ ды сæрмагондæй стыр хъусдард кæй здахыс, уымæ. Афтæ хъуыды кæнын æмæ махæн иумæ бирæ бантысдзæн саразын», – загъта депутат.

УФ-йы Паддзахадон Думæйы физикон культурæ, спорт, туризм   æмæ   фæсивæды  хъуыддæгты фæдыл комитеты номæй Михаил Дегтярев Бибылты Анатолийы  схорзæхджын кодта Кады грамотæйæ, сæрмагондæй йæхи номæй та йын балæвар кодта  Георги Уæлахизхæссæджы рагон иконæ.

Президент дæр уазæгæн балæвар кодта æвзист монетæтæ  Хуссар Ирыстоны ар-гъуанты нывтимæ.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæ-нæджы фыццаг хæдивæг Джуссойты Алан æмæ РХИ-йы Парламенты фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Тедеты Бахва.

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.