Ацы бонты хицауадон делегаци, йæ сæргъ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, афтæмæй бабæрæг кодта Ленингоры районыарæнгæрон зонæ.

Инспекцион азылды рæстæджы йемæ уыдысты Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, йæ хæдивджытæ Джуссойты Алан æмæ Зассеты Ацæмæз, Æнæниздзинад хъахъхъæныны  æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Уыдон Ленингоры районы ног сæргълæууæг Мамытаты Виталикимæ бацыдысты æмæ федтой Цъинагары хъæуы амбулатори, скъола, афтæ ма бабæрæг кодтой, уырдæм æввахс хъæуты медицинон-фельдшерон пункттæ цы уавæры сты, уый.

Хицауады Сæрдар фыццаг рады бацымыдис кодта Цъинагары хъæуы спортивон залы арæзтадмæ. Ам куыстытæ æрлæууыдысты æрдæг азæй фылдæры размæ. Подрядон организациты минæвæрттимæ дзургæйæ, уыдон фехъусын кодтой, зæгъгæ, куыстытæ райдайдзысты, аразджытæ сæ хæрдзты æмæ сæххæстгонд куыстыты тыххæй хыгъд куы радтой, уый фæстæ.

Пухаты Эрик ма бабæрæг кодта æдзæллаг уавæрмæ æрцæуæг амбулаторийы æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министримæ бынаты æруынаффæ кодтой ног бæстыхай   саразыны фарстыл.

Куыд аскъуыддзаг кодтой, афтæмæй уал ахæм медицинон уагдон саразыны размæ   бæстон банымайын хъæуы хæрдзтæ, арæзт хъуамæ æрцæуа сметæ æмæ уый фæстæ бæлвырд æрцæуа йæ саразыны æмгъуыд.

Хицауады Сæрдар æмæ йе ‘мбæлццæттæ бацыдысты æмæ федтой Цъинагары хъæуы скъола æмæ сывæллæтты рæвдауæндон, цыран базонгæ сты куысты уавæртимæ. Пухаты Эрик баныфс æвæрдта сæ куыстмæ сын кæй здахдзысты хъусдард æмæ, фадæттæм гæсгæ сæвзæргæ проблемæтæ скъуыддзаг кæныныл кæй архайдзысты.

Хицауады Сæрдар æмæ йе ‘мбæлццæттæ уыдысты æндæр хъæуты фельдшерон-акушерон пунктты æмæ цымыдис кодтой куысты уавæртæм, техникон æгъдауæй куыд ифтонг сты, уымæ. Козаты Игорь та бацымыдис кодта, фыццаг æнæмæнгхъæуæг хостæй куыд ифтонг сты, уымæ. Куыд банысан кодтой, афтæмæй рæстæгыл ифтонг æрцæуынц æнæмæнгхъæуæг хостæй.

Фельдшерон-акушерон пункттæй сæ иуы кусæг йæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй курстыты кæд уыд, уымæ бацымыдис кодта Хицауады Сæрдар æмæ райста дзуапп 2017 азы кæй рацыд ахæм курсыты. Пухаты Эрик банысан кодта медицинон къабазы кусджытæн сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны ахсджиагдзинад.

Азылды рæстæджы Хицауады Сæрдармæ бахатыд Цъинагары хъæуы цæрæг Дзеранты Мельс, цæмæй йын йæ фермерон хæдзарад райтынг кæнынмæ фæдаргъ кæной се ‘ххуысы къух. Уый Мамытаты Виталийæн бахæс кодта, цæмæй фермерæн баххуыс кæна æмбæлон документаци бацæттæ кæныны.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.