РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Фонд «Сколково»-йы вице-президент Александр Черновимæ.

Паддзахады сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, йæ ныфс  ис, алыгъуызон проекттимæ баст фарстытыл кæй бакусдзысты, æмæ уыдоны Хуссар Ирыстон хайад кæй райсдзæн.

«Мæн ныфс ис, дæуæн фадат кæй уыдзæн Хуссар Ирыстоны потеницалæн саргъ кæнын æмæ цасдæрбæрцæй бакусын «Сколково»-йы алыгъуызон проекттимæ баст фарстатыл. Мæхи фарсæрдыгæй та, ныфс æввæрын æппæтварсон æххуысæй», – загъта Бибылты Анатоли.

Александр Чернов бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн фембæлды тыххæй æмæ йæ фæхуыдта «Сколково»-йы Дунеон конференцимæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ йæ визиты фæлгæтты кæй план кæны хуссарирыстойнаг паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадимимæ фембæлын, кæцыйы рæстæджы уынаффæ кæндзысты ХИПУ-йы студенттæ конференци Startup Villfge хайад райсыны фарстайыл.

«Мах фæнды уæ университеты студентты æрхонын мадзалмæ, кæцы уагъд цæудзæн «Сколково»-йы 29 майы. Махмæ ис, цæмæ бакæсой, цæмæй раппæлæм, уый. Ис нæм технологитæ, кæцытæй гæнæн ис æмæ пайда æрцæуа хъæууон хæдзарады, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ энерги хъахъхъæныны фадыджы. Æппæт ацы технологитæй гæнæн ис æмæ эффективонæй пайда цæуа чы-сыл республикæйы, уымæн æмæ уым уайтагъддæр фенæн ис фæстиуджытæн», – загъта Александр Чернов.

Фонд «Сколково»-йы вице-президент банысан кодта, зæгъгæ, студенттæн пайда уыдзæн бакæсын æмæ саргъ кæнын технологион фадыджы бакуыстытæн, феной, цы у стартап-змæлд æмæ цымыдисаг проекттæ куыд сæвзæрынц æмæ реализаци æрцæуынц, уымæ.

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.