Бибылты Анатоли фемблæд Хуссар Ирыстоны армспорты секцийы  хъомылгæнинæгтæ, Европæ æмæ дунейы бирæ хæттыты чемпион Гасситы

Сослан дунеон ерысты призер Дыгъуызты Миленæ, Хæбæлаты Арсен æмæ Плиты Батрадзимæ.

Спортсментæ ацы аз райстой майдантæ Турцийы дунейы чемпионаты.

Президент стыр аргъ скодта дунеон аренæйы се ‘нтыстытæн.

«Бузныг уын уæ уалахизтæ æмæ уе ‘нтыстыты тыххæй! Сымах цæвиттон стут рæзгæ фæлтæрæн. Мæ цæст уын уарзы ног уæлахизтæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый ма уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта тренер Джиоты Валерийæн Хуссар Ирыстоны армспорты рæзты тыххæй.

«Сымах стут рапæллинаг. Дарддæр дæр афтæ архайут!», – загъта паддзахады сæрълæууæг.

Фембæлды кæрон Президент уазджытæн балæвар кодта æзвист монетæтæ Хуссар Ирыстоны аргъуанты нывтимæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.