РХИ-йы Хицауады радон рабадты уынаффæ кодтой ногазон мадзæлтты планыл, бæрæгбонтæ цæттæ кæнын æмæ ауадзыны рæстæджы æхсæнадон фæтк сифтонг кæныныл, афтæ ма Хицауады фæстиуджытæ аразæн рабадтытимæ баст фарстатыл.

РХИ-йы культурæйы министр Зассеты Жаннæ радзырдта республикон бæрæгбонон программæйы тыххæй, кæцымæ хаст æрцыдысты 50 мадзалы бæрц. Бацæттæ сæ кодтой иумæйаг æмæ уæлæмхас ахуырады уагдæттæ, библиотекæтæ, сфæлдыстадон коллективтæ. Уыдонæй иууыл ахсджиагдæртæ сты, 25 декабрæй 7 январмæ цы мадзæлттæ уагъд æрцæудзысты, уыдон.  Бабæрæг сæ кæндзысты Хицауады уæнгтæ. Уынаффæ ма кодтой бæстæйы сæйраг назбæлас байгом кæныны фарстыл дæр.

Культурæйы министр ма фехъусын кодта, кæй фæнд кæны Хицауады радон рабадтмæ уынаффæ кæнынмæ рахæссын Республикон музейæн «Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ музей»-ы статус радтыны фарст, кæцы 1923 азы йæ байгом кæныны бон документы фыст цæуы куыд бæстæзонæн музей.

«Ном аивын æнæмæнгхъæуæг у, уымæн æмæ уый рагæй фæстæмæ нал у бæстæзонæн музей», – банысан кодта министр æмæ ма загъта, зæгъгæ, ном аивын баст нæ уыдзæн æхцайы фæрæзтимæ.

Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег радзырдта «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзарæн барты æмæ референдумы хайадисты сæйрагдæр гарантиты тых-хæй» Конституцион закъоны проектæн официалонæй цахæм аргъ æрцыд, уыимæ, афтæ ма фехъусын кодта фæдзæхстадон компани арæнгонд бæрндзинады Æхсæнад «Алани»-йы къухдариуæггæнæджы бынатмæ конкурс кæй райдыдта.

Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой кандидат равзарыны тыххæй къамис, йе сконды сты министрадты æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ. Къамисы сæрдарæй нысан æрцыд Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади.

Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег куыд банысан кодта, афтæмæй конкурсон документаци вакантон бынаты тыххæй арæзт æрцæудзæн фондз боны æмгъуыдмæ.

Конкурсы тыххæй информаци квалификацион домындзинæдтимæ, æнæмæнгхъæуæг документы хыгъд æмæ бацæуыны бынат базонæн уыдзæн Хицауады официалон сайт (http://rso-government/org) æмæ паддзахадон дзыллон информацийы фæрæзты.

Хицауады радон рабадтыты темæйыл дзургæйæ, Пухаты Эрик бахаста ахæм фæндон, цæмæй кусой оперативон режимы.

«Æнæмæнгхъæуæг у, хицауадон рабадтыты уынаффæ кæнын цы фарстаты хъæуы, уыдоныл бакусын, цæмæй, куыд гæнæн ис, афтæ æнтыстджындæрæй фæуа аз», – загъта Хицауады Сæрдар.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.