Æрыгон поэтты æмæ фысджыты ма-дæлон æвзаг æмæ литературæйæн лæггад кæнынмæ разæнгард кæны сфæлдыстадон цæхæр. “Куырд куырдыл ахуыр кæны”, – ацы æмбисонды æцæгдзинад литературæйæн сомбоны лæггадгæнджытæ цæттæ кæныны хъуыддагæй хуыздæр никуы рабæрæг.

Кæд цард нæ размæ бирæ цæлхдуртæ æвæры, уæддæр нæ республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн ацы бæрнон бынаты кусын куы райдыдта, уæд йæ размæ æрæвæрдта хæс, цæмæй йæ алыварс æрбамбырд кæна, ныридæгæн нæ литературæйы алы жанрты фидар къахдзæфтæ чи кæны, ахæм курдиатджын кæстæрты. Сфæлдыстадон куыстæн фадæттæ аразын, сæ уацмыстимæ та сын алы фæлтæрты минæвæртты зонгæ кæнын, дзырдаивады алы жанрты фыццаг фæлварæнтæ чи кæны, уыцы кæстæртæн цæстуарзонæй æххуыс кæнын.

Мæсыг дургай куыд фæамайынц, афтæ хорз хъуыддагæн фæнд йæ сæйраг рахæ-цæн. Афтæ, 2019 азы мыхуыры рацыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны æрыгон авторты прозаикон, поэтикон, драмон уацмысты иумæйаг æмбырдгонд “Æрфæны фæд”. Йæ саразджытæ сты Агънаты Гæстæн æмæ Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хъазиты Мелитон. Ацы чиныгыл æмæ йæ авторты уацмыстыл бæлвырд ныхас цыд дыууæ республикæйы телеуынынад æмæ радиойæ, мыхуыры æмæ интернеты хызы информацион æмæ литературон сайтты, стæй æмбырдгондæн Дзæуджыхъæуы Гæздæнты Гайтойы номыл фæсивæдон библиотекæйы цы презентаци уыд, уым.

Фысджыты цæдисы ис æрыгон авторты секци. Йæ разамонæг у зындгонд поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, газет “Рæстдзинад”-ы хайады сæргълæууæг Касаты Батрадз. Бæлвырд фæткмæ гæсгæ уый аразы йæ куыст. Се ‘мбырдты æмæ семинарты фæныхас кæнынц ирон литературæйы классикты æмæ нырыккон фысджыты æмæ поэтты сфæлдыстадыл, стæй секцийы уæнгты ног фыст уацмыстыл.

Агънаты Гæстæны хъæппæрисæй Кæсæг-Балхъары республикæйы литературон альманах “Литературная Кабардино-Балкария”-йы мыхуыры рацыдысты, секцийы уæнгтæ æмæ литературон сфæлдыстады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыцы авторты æм-дзæвгæтæ æмæ радзырдтæ.

Цымыдисаг рауад, фарон Цымийы поселочы ногдзауты лагерь “Стъалы”-йы дыууæ Ирыстоны æрыгон автортæн цы семинар-фембæлд “Дзырды фарн” уыд, уый дæр. Йæ архайджытæ дзы æрмæст сæхи уацмыс-тæ нæ кастысты, фæлæ ма лæмбынæг ныхас кодтой кæрæдзийы прозаикон æмæ поэтикон уацмыстыл.

Фысджыты цæдисы разамынд æмæ секцийы уæнгтæн арæх вæййы фембæлдытæ Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы астæуккаг скъолаты ахуырдзаутимæ. Литературон-сфæлдыстадон куыстмæ сæ йе ‘ргом чи здахы, уыцы зæрдæргъæвд фæсивæды фыццаг сфæлдыстадон фæлварæнты тыххæй секцийы æмбырдты вæййы бæлвырд ныхас.

Национ наукон æмæ Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæты цы литературон иугæндтæ ис, уыдоны æмбырдты дæр иудадзыгдæр фæархайынц Фысджыты цæдисы æмæ æрыгон авторты секцийы уæнгтæ. Нæ иумæйаг архайдмæ лæмбынæгæй йæ цæст дары нæ республикæйы Хицауад. Уæдæ нæ бæстæйы Фысджыты цæдисы сæрдар Ни-колай Иванов разы у Агънаты Гæстæны архайдæй. Йемæ йын цы хæлар æмæ ахадгæ бастдзинæдтæ ис, æмæ йын аргъ кæй кæны, ууыл дзурæг у, уый æрыгон курдиатджын фæсивæдæй УФ-йы Фысджыты цæдисмæ æрæджы кæй райстой Гасанты Валери, Бететы Фатимæ æмæ Гегкиты Сосланы. Хицауады хæдзары сын Николай Иванов æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло радтой  æвдисæндартæ.

Газет «Рæстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.