Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минæварады сæргълæууæг Сергей Скворцов æрæджы информацион агентад «Спутник»-ы фехъусын кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг рауагъдонтæн Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм квотæты нымæц фæкъаддæр, фæлæ уый алы хатт афтæ нæ уыдзæн.

«2017 -2018 ахуыры азтыл дзырд куы цæуа, уæд хицæн æрцыд 18 квотæйы. Фæлæ уый нæ нысан кæны, æмæ иннæ аз сæ нымæц къаддæр уыдзæн», – банысан кодта минæварады сæргълæууæг.

Сергей Скворцовы ныхæстæм гæсгæ ацы здæхты куыст цæуы республикæйы хицауадимæ иумæ, уымæн æмæ сæйраг у Хуссар Ирыстоны æнæ-мæнгхъæуæг цы дæсныйæдтæ сты, уыцы кадртæ бацæттæ кæнын.

«Уымæ гæсгæ мах æрдомдзыстæм хъæуæг дæсныйад райсыны фæдыл квотæтæ, цæмæй ахуыры фæстæ уыдон æрыздæхой фæстæмæ æмæ ифтонг уой куысты бынæттæй», – банысан кодта минæварады сæргълæууæг.

Квотæты нымæц кæй фæкъаддæр, ууыл Скворцовы ныхæстæм гæсгæ, бандæвта Хуссар Ирыстоны иттæг хорз университет арæзт кæй æрцыд, уый. Уымæн æмæ уым цæттæ кæнынц хъæуæг специалистты, сæ бацæттæ кæнынæн дæр ис иттæг хорз фадæттæ æмæ уавæртæ.

Сергей Скворцов куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фидæн аз Россотрудничество Хуссар Ирыстоны хицауадимæ иумæ, развæлгъау, бацæттæ кæн-дзысты æнæмæнгхъæуæг дæсныйæдты номхыгъд.

Квотæ райсын кæй фæнды, уыдон сæ хъус хъуамæ дарой Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минæварады сайтыл ног хабæрттæм.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.