Адæймаг æппæтæй дæр хъуамæ рæсугъд уа – бакастæй дæр, кондæй дæр æмæ удæй дæр. Афтæ загъта стыр уырыссаг фыссæг Антон Чехов. Уыдонæй сæйрагдæр, æнæдызæрдыгæй, уды рæсугъддзинад у, уымæй хайджын дæ – дæ бакаст дæр æмæ дæ дарæсы конд дæр адæммæ рæсугъдæй зындзысты.

Хуыцау уыдæттæй Кокойты Асиаты нæ фæхъыг кодта. Радта йын аив бакаст, рæсугъд уды сконд æмæ кæй æхсæн цæры, уыцы хиуæттæ, зонгæтæ, æмкусджытæн йæ фæлмæн ныхас, йæ хæрзиуæгон архайдæй æхцондзинад хæссы.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ, бæлвырддæрæй та 1940 азы райгуырдис Асиат. Гуыргæ та ракодта Дзауы районы Църуйы хъæуы. Уæззау рæстæг уыдис. Ноджы ма хæст куы райдыдта, уæд уавæр фæуæззаудæр. Куыстхъом, равзаргæ фæсивæд ивылдысты цыфыддæр знаджы ныхмæ мæлæтдзаг тохмæ. Фæстæ нæ фæлæууыд Асиаты фыд Иосиф дæр. Хæрзбон загъта йæ цардæмбалæн, йæ цыппар хъæбулæн æмæ фæцыд райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Хæстмæ фæцыдысты йæ иннæ дыууæ æфсымæры дæр. Æртæ дæр Уæлахизы боныл нæ сæмбæлдысты, нал сыздæхтысты сæ фыдыуæзæгмæ – сæ сæртæ нывондæн æрхастой райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау.

Афтæ, бирæ йе ‘мцахъхъæнтау, фыды ад нæ банкъардта, афтæмæй рæз хаста Асиат. Зын уыд сæ мадæн ахæм фыддуджы уал сывæллоны дарын, хъомыл кæнын, фæлæ уыдон куыд хъомыл кодтой, афтæ йе ‘нцой лæууыдысты æмæ царды уаргъ иумæ хастой. Мæгуыр, æххормаг дуджы цыд се ‘взонгад Асиатау, «хæсты сидзæры» ном кæуыл сбадт, милуангай ахæм сывæллæттыл. Уыцы уæззау цард алкæуыл дæр æруæз кодта, фæлæ йæ тынгдæр, сæ дарæг кæмæн нал æрыздæхт, уыдон æнкъардтой.

Царды уадтымыгътæм нæ кæсгæйæ, уыцы дуджы рæзгæ фæлтæрæн сæ фæндæгтæ гом кодтой рухс фидæнмæ. Сæйраджы сæйраг та хъæуты гом кодтой скъолатæ. Æмæ Асиат дæр ахуыр кæнынмæ цыд, сæ хъæуы цы скъола байгом раздæр, уырдæм.

Ирыстоны æппæт къуымтæй, хъæууон скъо-латы ахуырад райсгæйæ, бирæтæ ууыл нал лæууыдысты, фæндыд сæ дарддæр ахуырдзинад райсын æмæ сæхи æппæрстой æндæр рæтты, сæйраджыдæр та Цхинвалы ахуырад райсынмæ. Стæй æрмæст ахуырад нæ, фæлæ Цхинвал райдыдта рæзын, хъуыдысты кусæг къухтæ æмæ фæсивæд ивылын райдыдтой горæтмæ, чи – ахуырмæ, чи – кусынмæ. Уыцы уылæны бахауд æвзонг чызг Асиат дæр æмæ йæ хъæуы астазон скъола фæуыны фæстæ йæ царды фæндаг адардта Цхинвалмæ – педагогон ахуыргæнæндонмæ.

Æмæ йæ каст фæцис. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны скъолатæ педагогон кадртæй цух æййæфтой æмæ 19-аздзыд чызджы арвыстой Къуайсамæ, райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй. Асиат, сабидуджы цинтæй цух уæвгæйæ, ахуыр æмæ хъомылады руаджы циндзи-над хаста сабиты зæрдæтæм.

Фæлæ царды фæзилæнтæ æбæрæг сты. Нæ зоныс, иу фæзилæны фæстæ дæм цы æнхъæлмæ кæсы. Æмæ æрыгон чызджы йæ хъысмæт фæстæмæ æркодта Цхинвалмæ, Цхинвалы хуыйæн фабрикæмæ. Уый уыд 1962 азы. Æмæ дзы кæцы бынаты не сфæлвæрдта йæхи. Уыд хуыд дзаумæтты бæстонгæнæг, хуыйæг, техникон контролы хайады контролер, нормæвæрæг инженер, мастер, сменæйы мастер, цехы хистæр, рационализаторон æмæ æрхъуыдыдзинæдты фæдыл инженер, куыст зонадон æгъдауæй организаци кæныны фæдыл инженер. Æппæт фадгуыты дæр хæххон, уæззау уавæрты чи хъомыл кодта, куысты уæз æмæ аргъ чи зыдта, уыцы сылгоймаг йæ коллективы ‘хсæн тырныдта куысты хуыздæр фæстиуджытæ къухты бафтын кæнынмæ, æппæт тыхтæ, зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинад уымæ здахынмæ.

Æмæ йæ къухты æфтгæ дæр кодта. Иуахæмы йын йæ бæрны бакодтой, фæстейæ чи зад, ахæм бригадæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ йæ ракодта раззагдæрты рæнхъытæм.

Æнтыст æнæнхъæлæджы не ‘рцæуы. Хъуамæ домаг уай. Домай дæ дæлбар кусджытæй, цæмæй хъахъхъæной фæллойадон дисциплинæ, цæмæй куысты рæстæг дзæгъæлы ма сафой, тырной гъæдджын продукци уадзынмæ. Хъуамæ домай дæхицæй дæр, æнкъарай бæрндзинад, кæй æхсæн кусыс, уыдоны раз, ма цæуай сæ зæрдæхудты, æууæндой дыл. Ахæм миниуджытæй хайджын кæй уыд Асиат, куыст-уаты æгас коллективы ‘хсæн йæхицæн хорз ном кæй скодта æмæ йын аргъ кæй кодтой, уымæн æфтыд йæ къухты æнтыстытæ дæр. Уыцы рæстæджы хуыйæн фабрикæйы бирæ кусджытæ куыста, æрмæст бригадæтæ дзы дыууын æхсæз уыдис. Гъе, æмæ, фæстæзаддæр бригадæтæй сæ иуы сæргъ слæугæйæ, фæстæдæр йæ фæллойадон æнтыстытæм гæсгæ, бацахста фыццаг бынат.

Царды размæ тырнæг сылгоймаг, цы ахуырад райста, уый фагыл нæ банымадта æмæ кондадæй нæ фæиппæрд уæвгæйæ, ахуыр кæнынмæ бацыд Краснодары рог сæудæджерады техникуммæ, фæстæдæр та –  Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединститутмæ (ныры университет). Йæ зонындзинæдтæ фылдæр кодта марксим-ленинизмы университеты дæр.

Институты ахуыр кæнгæйæ, Асиат сæмбæлд йæ фидæны цардæмбал – Цхуырбаты Зауырыл. Æниу, æмбæлгæ цы, иу курсы ахуыр кодтой, фæцыдысты кæрæдзийы зæрдæмæ æмæ се ‘хсæн райгуырд уарзт, кæцы цыренæй цырен-дæр кодта æмæ ахуыр куы фесты, уæд баиу кодтой сæ цард.

Тагъд лидзы рæстæг. Æхсай азы бæрц рацыдис уæдæй фæстæмæ. Хъæрмудæй фæцардысты æмæ абон дæр цæрынц Асиат æмæ Зауыр. Ис сын кæстæртæ, кæстæрты кæстæртæ æмæ уыдонæн дæр – кæстæртæ…

Кокойты чызгæн йæ фæллойадон архайдыл дзургæйæ, банысан кæнын хъæуы, йæ адæймагон хорз миниуджытæ йын кæй ахъаз кодтой бæрæг карьерæ саразынæн. 1980 азы йæ хуыйæн фабрикæйы коммунисттæ сæвзæрстой парткомы секретарæй. Куыста дзы кондад нæ ныууадзгæйæ, ома, мызд ын нæ фыстой, афтæмæй. Бирæ коммунистты иу кодта фаб-рикæйы партион организаци. Абон кæд бирæтæ былысчъил кæнынц компартийыл, уæддæр коллективты архайæг парторганизациты архайд зынгæ уыд фæллойгæнджыты сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ разæнгард кæныны хъуыддаджы.

Асиатæн йæ хæстæ фæфылдæр сты, фæлæ сæ уый кæддæриддæр æххæст кодта цæсгомджынæй. Афтæ фæкуыста æртæ азы бæрц, стæй парткомы секретарæн райдыдтой мызд фидын, ома ссис сæрибар бынат æмæ бынтондæр рахызт ацы куыстмæ. Йæ уарзон коллективы ‘хсæн бакуыста 1991 азмæ. Бæргæ ма куыстаид дарддæр дæр, фæлæ не стыр, хъомысджын бæстæ фехæлд, ахицæнтæ сты республикæтæ, фехæлдысты куыстуæтты ‘хсæн экономикон бастдзинæдтæ æмæ æдзух хуыйæн машинæты хъæлæба цы цехтæй хъуыст, уыдон ныссабыр сты – æрлæууыд сæ куыст.

Зын уыд Кокойты чызгæн дуджы фæивд, Советон цардæвæрды ныпырх, бирæ азты дæргъы кæм фæкуыста, уыцы фабрикæйы æрлæуд, зын ын уыд, тынг зын, нæ зæххыл хæсты арт кæй сирвæзт æмæ йæ адæм хъизæмайраг царды кæй ныххаудысты, уый. Фæлæ цы йæ бон уыд! Йæхæдæг дæр сæ уавæры уыд æмæ æвзæрста æппæт зындзинæдтæ дæр.

1996 азы Асиат нысан æрцыдис Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæй. Тыхст, уæззау рæстæг уыд. Адæм сæ проблемæтимæ цыдысты горæты администрацимæ дæр. Райста-иу сæ Асиат, байхъуыста-иу сæм. Гæнæн æмæ фадат уæвгæйæ, скъуыддзаггæнæн цы фарстатæн уыд, уым-иу сын баххуыс кодта. Афтæ ацы бынаты фæкуыста дæс азы бæрц.

Йæ адæймагдзинады хорз миниуæгыл дзурæг у ахæм хабар дæр. Советон Цæдисы ныпырхы фæстæ бирæтæн Компарти æнæуынон фестад æмæ сæ партион билеттæ æппарын райдыдтой. Асиат æнувыдæй баззад Коммунистон партийы идеалтыл æмæ сын абон дæр лæггад кæны – 1994 азæй фæстæмæ у компартийы Цхинвалы горæтон комитеты фыццаг секретарь. Ацы бынатмæ уый æвзæрст æрцыдис цалдæр хатты. Уыдис СЦКП-йы XXX съезды делегат, афтæ ма ССР Цæдисы адæмты дыккаг Конгрессы делегат дæр. Уæрæсейы Компартийы фыццаг секретарь Геннадий Зюганов та йæ схорзæхджын кодта «Коммунистон партийы раз лæггæдты тыххæй» орденæй.

Йæ иузæрдион æмæ æнувыд куыст нысан æрцыд бирæ æндæр хорзæхтæй дæр. Ахæмтæ, куыд «Намысджын куысты тыххæй» майдан; «Куысты ветеран», «Соцерысы фæуæлахизуæвæг», «Коммунистон куысты хъазуатон» æмæ æндæртæ. Лæвæрд ын цыдис бирæнымæц грамотæтæ, премитæ. Йæ рæстæджы хаст æцыдис хуыйæн фабрикæйы «Кады чиныгмæ».

Рог сæудæджерады къабазы йе стыр лæггæдты æмæ бирæ азы йе ‘нтысгæ фæллойадон архайды тыххæй Асиатæн лæвæрд æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны рог сæудæджерады сгуыхт кусæджы» кадджын ном. Фæстæдæр, 2012 азы та – «Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы» кадджын ном.

Афтæ, активон уыдис æхсæнадон царды дæр. Цæвиттон, къорд хæттыты æвзæрст цыдис РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы уæнгæй.

Асиатæн йе стай азы йæхирдыгæй фесты. Азтæ йын йæ уæхсджытыл цадæггай сæ уæз уадзынц. Фæлæ уæддæр нырма царды активон у. Дарддæр разамынад кæны компартийы горæтон комитеты куыстæн. Уæдæ хæдзары дæр йæ аудинæгтæ бирæ сты. Дæ цардæмбалимæ кæс, Асиат, дæ кæстæрты рæсугъддзинадмæ æмæ сын фæрнæй хистæриуæг кæнут.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.