Президент Тыбылты Леонид фембæлд горæт Цхинвалы дыккæгæм музыкалон скъолайы коллективимæ. Бæстæйы сæргълæууæджы æмбæлццæттæ уыдысты культурæйы министр Остъаты Мадинæ æмæ горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан.

Фыццаджыдæр уал Президент базонгæ ис ахуырадон процессы æппæт уавæртимæ дæр. Уыдон фæдыл ын радзырдта скъолайы директор Æлборты Дианæ.

«Фыццаджыдæр уал мæ фæнды сымахæн бузныг зæгъын, æрбацæуыны рæстæг кæй ссардтат, уый тыххæй, уымæн æмæ нæ нырыонг республикæйы разамонджытæй иу дæр нæ бабæрæг кодта. Сымах уынут уæхи цæстæй, цы уавæрты кусæм, уый. Скъолайы бæстыхай у рагон æмæ ма уымæй уæлдай 2008 азы хæстон цаутæ дæр ууыл ныууагътой сæ фæд. Сывæллæттæ нæм ис тынг бирæ, фæлæ скъола цалцæггонд куы ‘рцæуид, уæд нæм уаид ноджы фылдæр», – загъта уый, æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, сæ уавæртæ къуындæг кæй сты, уый аххосæй скъолайы коллектив æмæ Цхинвалы иумæйагахуырадон уагдæтты директорты иумæйаг фæндонмæ гæсгæ класстæ хаст æрцæудзысты иу цалдæр астæуккаг скъолайы дæлбазырмæ.

Æлборты Динæ равдыста ахæм ныфс, зæгъгæ, республикæйы къухддариуæгад, боныфæстагмæ, кæй акъуыддзаг кæндзæн ахуырадон уагдоны капиталонæй сцалцæг кæныны фарст.

Бæстæйы сæргълæууæг йæхи ‘рдыгæй бузныг загъта музыкалон скъолайы коллективæн, уæззау уавæрты кæй сты, фæлæ уæддæр сæ куыст кæй нæ уадзынц. Ахуыргæнджытæ сывæллæттæн уарзын кæнынц бæрзонд аивад. «Æз хорз æмбарын уæ тыхстдзинады аххосаг. Уыимæ иумæ æххæстгæнæг хицауадимæ иумæ мах хъуыды кæндзыстæм нæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæныныл», – загъта Тыбылты Леонид æмæ бахæс кодта горæты администрацийæн, цæмæй куыст æрцæуа скъолайы бæстыхайы техникон басгæрстыл.

«Бакæнын хъæуы бæстыхайы басгарæн куыст, цæмæй мах уый фæстиуджытæм гæсгæ аскъуыддзаг кæнæм, реконструкци скæнæн ын уыдзæн, æви нæ. Кæд нæ, уæд бæстыхай хъæудзæн ныппырх кæнын æмæ йæ ногæй саразын», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ ацы объекты арæзтады фарст Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты Инвестицион программæмæ бахæссыны фадат нæй, фæлæ 2018-2019 азты ахæм фадат æнæмæнгæй фæзындзæн. «Кæд æмæ скъолайы бæстыхайæн реконструкци скæнæн уа, уæд та йæ сараздзыстæм Президентон фонды хардзæй, æмæ ма уый сæраппонд ахъуыды кæнын хъæудзæн горæты администрацийы фадæттыл дæр», – загъта Тыбылты Леонид.

Уымæй дарддæр ма уый йæ ныхæстæм бафтыдта, зæгъгæ, куыст цæуы республикæйы музыкалон скъолаты куыстмызд фæфылдæр кæныныл. «Мах бирæ сарæзтам нæ адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны сæраппонд, фæлæ нæ куыст ууыл нæ фæуыдзæн. Фидæны махæн нæ разы лæууы ахæм хæстæ, кæцыты мах хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм не ‘мбæстæгты пайдайæн», – загъта Президент.

Бæстæйы сæргълæууæг лæмбынæг æрдзырдта Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыстады фарстыты фæдыл, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ бæс-тæйы ‘хсæн ахастытæ æмæ хуссарирыстойнаг æхсæнады иудзинад бахъахъæныны хъуыддаг у æнæмæнгхъæуæг æмæ ахсджиаг.

Дарддæр фембæлд ацыд фарстытæ æмæ дзуаппыты хуызы. Президентмæ фарстытæ лæвæрдæуыд республикæйы цардызмæлды æппæт фадгуытæй дæр, æмæ сæ фылдæр баст уыдысты цæрæнуатон проблемæимæ. Кæронмæ арæзт чи нæ фæци, иу ахæм хæдзары цæрæг Æрсойты Ингæ уый фæдыл бахатыд Президентмæ. «Æз цæрын горæт Цхинвалы Ленины уынджы 19-æм хæдзары. Мæ хæдзар хъыгдард баййæфта 2008 азы, æмæ йæ аразын та райдыдтой 2011 азы. Уый æрдæджыонг арæзт куы фæци, уæд подрядон организацийы къхдариуæггæнджытæ загътой, æхца фесты, зæгъгæ», – загъта уый.

Тыбылты Леонид бахæс кодта Президенты Администрацийы кусджытæн, цæмæй ацы фарстмæ æркæсой æмæ сбæлвырд кæной, хæдзар кæронмæ арæзт цæмæннæ æрцыд, уый.

Дзырд ма цыд Уæрсейы Федерацийы алыгъуызон музыкалон конкурсты хуссарирыстойнаг курдиатджын сывæллæтты хайадисты тыххæй. Культурæйы министр радзырдта, зæгъгæ ацы къабазы куыст цæуы, æмæ республикæйы курдиатджын сывæллæттæ фидæны æрвыст цæудзысты Уæрæсемæ конкурстæм дæр æмæ алыгъуызон мастер-класстæм дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.