Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы фермерон хæдзарадтæ цы куыст бакодтой, уыдонæн. Статистикон хайады ацы азы январы мæйы райдианы бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæззыгæнд мæнæу хæдзарадты тыд уыд 56,6 га æмæ йæ бафснайдтой. Хицæнтæй сисгæйæ, «Тын» байтыдта 20 га, «Икъорта» 12 га, фæйнæ 10 га «Æндидзынад» æмæ «Цъунар» Бибылы фырт æмæ афтæ дарддæр. Æдæппæт банай кодтой 1297 центнеры, хицæнтæй сисгæйæ та сæ фæстиуджытæ сты ахæм: «Тын» – 507 ц, «Цъунар» Бибылы фырт – 280 ц, фæйнæ 200 ц та «Икъорта» æмæ «Æндидзынад» æмæ æндæртæ. Гектарон тыллæгæрзады бæрæггæнæн иумиагæй сисгæйæ рауад 22,9 ц. Уалдзыгæнд мæнæу «Алан»-ы хæдзарад байтыдта 15 га æмæ «Аз» та 2 гектары. Фыццаг йæ тыллæгæй банай кодта 120 ц æмæ «Аз» та 15 ц. Фæззыгæнд хъæбæрхор районы хæдзарадтæй байтыдта æрмæстдæр «Икъорта»-йы хæдзарад, райста дзы 100 ц æмæ йæм гектарон тыллæгæрзад та рауад 7,8 центнеры. Уалдзыгæнд хъæбæрхор районы тыд æрцыд 71 га, уыцы нымæцы «Рассвет» Ирыхъæу байтыдта 14 га, «Тъбет»-ы фермерон хæдзарад – 18 га, фæйнæ 10 га та Къостайыхъæу, «Икъорта», Зæгъойты А. Арендæ æмæ 3 га та «Виктория». Æдæппæт хæдзарадтæ тыллæг райстой 640 центнеры, уыцы нымæцы «Тъбет» – 220 ц, Зæгъойты А. арендæ 180 ц, «Рассвет» Ирыхъæу – 100 ц æмæ æндæртæ. Районы иуæй-иу хæдзарадтæ ма базылдысты сысджы æмæ нартхоры культурæтæм дæр.

Уымæй дарддæр ма хæдзарадтæй иутæ батыхстысты фæззыгæнд мæнæу байтауыныл. Цæ-виттон, Къостайыхъæуы бахуым кодтой æмæ дзы тыд æрцыд 11 га, фæйнæ 20 га «Тын» æмæ «Цъу-нар» Бибылы фырт, фæйнæ 10 га Бибылы фырты арендæ, Хуыбиаты Алиханы хæдзарад «Алан» æмæ «Аз», «Æндидзынад» та 23 га. Раздæр азты цалдæр хæдзарады цы люцернæ байтыдтой, уымæй холлаг бафснайдтой 873 ц, эспарцеты культурæйæ та 3 хæдзарады иууыл иумæ бафснайдтой 1230 центнеры холлаг.

ФОСДАРДЫ КЪАБАЗЫ

Банысангонд рæстæгмæ хæдзарадты æдæппæт нымадæуыд 352 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ та сты 225. Фылдæр стуртæ цы хæдзарадтæ дарынц, уыдон нымæцмæ хауынц «Арцеу» – 84, «Алан» – 45, «Тын» – 83, «Цъунар» Лохы фырт – 32 æмæ афтæ дарддæр. Нырма уал хæдзарадты родтæ нымадæуы 127, уыцы нымæцы «Алан»-ы хæдзарады сты 28, «Тын»-ы 25, «Арцеу»-ы 19, «Сидук»-ы – 13 æмæ а.д. Хуыдарды куыст кæнынц «Виктория» – 8, «Циндзинад» – 7 æмæ «Æфсати»-йы та дарынц 4 хуыйы. Банысангонд рæстæгмæ уал хъомыл кæнынц 27 хъыбылы. Районы хæдзарадтæй фысвосы куыст чи кæны, уый у «Алан»-ы фермерон хæдзарад, ис æм 750 фысы, абоны онг уал æм уæрыччыты нымæц у 150.

ХУЫБИАТЫ Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.