Дзыллон информацийы фæрæзты цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Дзыллон информацийы фæрæзты кусæджы боны цытæн.

Æппæт рæстæджыты дзыллон информацийы фæрæзтæн уыд стыр нысаниуæг æхсæнадон хъуыды рæзын кæныны фарсты. Хъуыддагыл æнувыддзинад, хабæрттæ базонынмæ тырнындзинад, ног хабæртты растæй æвдисын – сты ахæм миниуджытæ, кæцытæ сымах фæрцы сдзурынц æхсæнады хъæлæсæй.

Цытджын ветерантæ-журналисттæ! Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агрессийы рæстæджы уæ куыст баст уыд царды тасдзинадимæ, информацион блокадæйы æмæ ресурсты цухдзинады уæззау уавæрты. Уымæ нæ кæсгæйæ, сымах æхсарджынæй лæууыдыстут уыцы æнæмсæр тохы, дунейы æхсæнадæн æнæдзырддаг факттæ равдисгæйæ!

Æмæ абон уæ профессионализм æмæ компетентондзинадыл баст у, не ‘хсæнад объективон информаци райсдзæн æви нæ, уый. Растдæр сымах æххуыс кæнут не ‘мбæстæгтæн, цæмæй сæ хицауад фехъуса, хицауадæн та – цæмæй сæ республикæйы цæрджытæ æмбарой.

Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын уæ зын куыст, намыс æмæ принципиалондзинады тыххæй нæ паддзахады хæрзиуæгæн. Бузныг уын, ахæм уæззау рæстæджы сымах республикæйы цæрджытæн кæй хъусын кæнут ахсджиаг уынаффæтæ, хабæртты алыварсон анализ, æхсæнады интерестæ хъахъхъæнын æмæ æмбарынад рауæрæх кæнын. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр, цæсгомджынæй кусгæйæ, бæрзонд профессионализм æмæ равзаргæ фæндагыл æнувыддзинадимæ цæвиттойнагæй кæй лæггад кæндзыстут.

Мæ цæст уарзы Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн æнæниздзинад, амонд, сфæлдыстадон æнтыстытæ, чи уæ æмбара, ахæм аудитори æмæ фылдæр хорз хабæрттæ!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.