Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзыллон информацийы фæрæзты зынаргъ кусджытæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Нæ республикæйы, куыд æппæт дунейы, афтæ  Дзыллон информацийы фæрæзтæ хъазынц ахсджиаг ролы æмбæстæгты патриотон æмæ монон-хæрзнамысон хъомылады, стыр хайбавæрд хæссынц паддзахады демократон бындур сфидар кæныны хъуыддагмæ.

Абон дунейæн нæй æнæ газет æмæ журналтæй, радио æмæ телеуынынадæй, æнæ электрон ресурстæй уæвæн, уæ професси у уæлдай ахсджиаг æмæ хъæугæ, куыд информаци райсыны сæйраг гуырæн.

Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты æм-бæстагон позици, æрцæугæ хабæртты объективон цæстæнгас аразы æхсæнадон хъуыдыкæнынад, æндавы нæ республикæйы рæзтыл.

Цытджын хæлæрттæ, бузныг уын уе ‘рвылбонон куысты тыххæй æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы фæрныгад, сфæлдыстадон энерги, амонд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.