30 азы рацыд 1990 азы 20-æм сентябры Хуссар Ирыстоны Автономон областы адæмон депутатты областон советы сесси Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæ саразыны тыххæй уынаффæ куы райста, уыцы бонæй. Дæргъвæтин, уæззау æмæ хъысмæтскъуыддзаггæнæн азтæ хуссарирыстойнаг адæмæн уыдысты æцæг фыдæвзарæнты азтæ, кæцытæ сын райдыдтой 1989-90 азтæй фæстæмæ. Афтæмæй Хуссар Ирыстоны бахъуыд аскъуыддзаг кæнын йæ фидæн кæимæ араздзæн, уый тыххæй. Уæд ирдæй бæрæг уыд Гуырдзыстонимæ йын дарддæры фæндаг кæй нал ис, уый.

80-æм азты кæрон Гуырдзыстоны сытынг ис агрессивон национализм. Гуымирæй хæлд цыдысты æндæр нациты минæвæртты бартæ. Скæсæн Гуырдзыстонæй сырд æрцыдысты дагъыстайнагтæ, райдыдтой уырыссæгты, грекъæгты, азербайджайнæгты æмæ сомихстойнаг цæрджыты æфхæрын. Фæлæ агрессийы сæйрагдæр объекттæн гуырдзиаг национализм равзæрста ирæтты æмæ абхазæгты. Æргомæй райдыдта ирæтты ныхмæ пропагандæ. Сидтысты ирæтты ‘хсæн гуырындзинад фæкъаддæр кæнынмæ. Кавказы æфцæгæн сæ иннæрдæм арвитынмæ, Хуссар Ирыстоны автономи скуынæг кæнынмæ æмæ йын йæ ном географион картæйæ бынтондæр айсынмæ. Дзыллон æгъдауæй райдыдта ирæтты дискриминаци, сарæх сты Гуырдзыстоны цы ирæттæ цард, уыдоны ныхмæ тыхмиты цаутæ дæр.  1989 азы сæрды Гуырдзыстоны паддзахадон уагдæттæ, организацитæ æмæ тыхон стуктурæтæй ссæрибар кодтой ирæтты. Æфхæрдтой мидæггагон Гуырдзыстоны цæрæг ирæтты, давтой сын сæ мулк, истой сын сæ хæдзæртты машинæты æмæ афтæ дарддæр. Курортон зонæ Боржом-Бакурианæй расырдтой ирæтты фылдæр хайы, цыран цæрджыты 90 проценты уыдысты ирæттæ. Чи ма дзы баззад, уыдон та скуынæг кодтой. Афтæхуыйнæг гуырдзиаг интеллигенцийы сæйраг лозунг ссис «Грузия для грузин». Уыимæ гуырдзиаг æмæхсæнадæн уырнын кодтой «фыццагсортонтæ» кæй сты, уыцы хъуыды.

 1991-92 азты Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ æргомæй æрбабырста. Фæмард æмæ æбæрæгæй фесæфтысты  мингай адæймæгтæ, фæцæфтæ сты сæдæгай адæймæгтæ. Хуссар Ирыстоны экономикæ бынтондæр ныппырх. Гуырдзиаг фашисттæ басыгътой 117 хъæуы бæрц, цал хæдзары ныппырх кодтой, уыдон та чи фæнымайдзæнис. Гуырдзыстонæй фæсырдæуыд 100 мин ирон адæймаджы бæрц. Иу дзырдæй, уынгæджыйы бонтæ ныккодтой ирон адæмыл, фæлæ знаджы фыдæнæн разындысты фæразон. Быхстой алцæмæндæр, æндæр бон сæ кæй нæ уыд, йе ‘ххуысы къух сæм кæй ничи дардта, йæ фæдисы хъæр кæй никæмæ хъуыст, уымæ гæсгæ.

20 азмæ æввахс мах, ма Хуссар Ирыстоны адæмы сæртыл  куырой нæ разылд, уый йедтæмæ  сæхиуыл алцыдæр бавзæрстой. Уазал, æххормагдзинад,  информацион блокадæ, зæххæнкъуыст, æнæ рухс æмæ æнæ газ, æнæ дон, æнæ мызд … Иу бæллæх иннæйы ивта, иу бæллæх иннæйы æййæфта.

Хуссарирыстойнаг адæмæй  уыцы тугуарæн азты ам, бынаты чи баззад, уыдонæй ахæм ничи баззад йæхиуыл мæлæты тасдзинад чи нæ бавзæрста, уæлдадйдæр та 2008 азы æвирхъау æмæ æнæмсæр хæсты рæстæджы. Хуссарирыстойнаг адæмæй ахæм ничи баззад йæ хион кæнæ йе ввахс зонгæ, йе та йæ сыхаг кæмæн нæ бабын гуырдзиаг лæгсырдты къухæй. Æвæццæгæн, уал азы дæргъы Хуссар Ирыстоны зæххыл ирон мæдтæ, хотæ æмæ цардæмбæлттæ сæ зæрдиæгтыл цас цæссыг фæкалдтой, уымæн сбарæн куы уаид, уæд сæ чысыл фурд сырæзтаид…

Фæлæ æппæт уыцы зындзинæдтæн бафæрæзтам, уымæн æмæ йæ зыдтам, рæстдзинад алыхатт дæр кæй фæуæлахиз вæййы. Быхстам алцæмæндæр, быхстам амæй-ай фыддæр трагикон цаутæн, уымæн æмæ йæ зыдтам стыр Уæрæсемæ æппынфæстаг нæ фæдисы тыхст хъæр кæй фехъуысдзæн æмæ нæ фарсмæ кæй æрбалæудзæн, уый. Адæймаг ныфсытæй цæры, æмæ ныфс та амæлы иууыл фæстагмæ æмæ мах, хуссарирыстойнаг адæм дæр цардыстæм сомбоны ныфсæй, сомбоны хуыз-дæр цард æнхъæлы ныфсæй. Æмæ нæ фы-дæбæттæ дзæгъæлы нæ фесты, хуссарирыстойнаг адæмы къухы бафтыд тугæй æлхæд сæрибардзинад, Уæрæсе нын дæргъвæтин фыдæвзарæнты фæстæ банымадта нæ хæд-бардзинад æмæ ныр иу чысыл нæ риуы дзаг сулæфыдыстæм. Ныр 12 азы нал хъусæм æхстыты хъæр, нал тæрсæм нæ сывæллæттæн æмæ уый ирон адæмæн кæуылты у. Ирон адæмæй хуыздæр чи зоны сæрибардзинады аргъ.

Абон нæ республикæйæн кæд йæ хæстон хъæдгæмттæ  нæма байгас сты, уæддæр цадæггай нæ хъуыддæгтæ размæ цæуынц. Ис нын  нæхи Конституци, Паддзахадон герб, национ тырыса, гимн, фæзынд нын нæхи постон маркæ æмæ афтæ дарддæр. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад архайы йæ адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Бирæ бантыст саразын, дæрддаг хъæутæм рухсытæ уагъд æрцыдысты, арæзт сæм æрцыд фæндæгтæ. Нæ горæты сыгъд хæдзæрттæн сæ фылдæр æндидзыд æрцыдысты, цалцæг цæуынц хæсты рæстæджы хъыгдардбаййафæг фатертæ. Бонæй-бон фылдæр кæны хæрзарæзт уынгты нымæц, ныридæгæн рафидыдтой горæты уынгтæн сæ фылдæр. Ацы аз ноджы фылдæр æрцыдаид арæзт, фæлæ коронавирусы аххосæй иу чысыл сæ графикæй афæстиат сты иуæй-иу объекттæ. Ныридæгæн иумиагæй Цхинвал рафидыдта æмæ та йæ уындæй нæ зæрдæтæ райынц.

Абон хуссарирыстойнаг адæмæн сæйраг у кæрæдзиæмбарынад, æнгомдзинад, уымæн æмæ нацийы тых иудзинады ис. Кæрæдзи куынæ æмбарæм, кæрæдзийæн куынæ кад кæнæм, уæд нæ хъуыддæгтæ нæхи фæндиаг никуы уыдзысты…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.