Æрæджы, политикон парти «Иууон Уæрæсе»-йы фæсивæдон къабаз «Молодая гвардия» æмæ нæ республикæйы фæсивæдон æхсæнадон организаци «Иууон Алани» сæ къухтæ бафыстой форум «Ты нужен своей стране»-йы æмархайды фæдыл сразыдзинадыл, кæцы уагъд цыдис Татарстаны цалдæр боны дæргъы. Ацы сразыдзинады нысан у, цæмæй дыууæ фæсивæдон организацийы ‘хсæн реализацигонд цæуой иумиаг проекттæ. Форумы куыст куыд ацыдис, уый тыххæй 23-æм апрелы информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры журналисттæн бæлвырддæрæй радзырдта фæсивæдон организаци «Иууон Алани»-йы сæргълæууæг Коцты Михаил. Форумы Хуссар Ирыстонæй хайад истой фæсивæдон организаци «Иууон Алани»-йы уæнгтæ Коцты Михаилы сæргълæудæй.

«15 апрелæй  21-апрелмæ мах хайад истам Татарстаны уагъдцæуæг форум «Ты нужен своей стране», зæгъгæ, ахæм номимæ. Хайад дзы истам, куыд уазджытæ, æмæ уыцы иурæстæджы уыдыстæм йæ  хайадисджытæ дæр. Мах уырдæм фæхуыдта «Молодая Гвардия»-йы къухдариуæггæнæг, координацион советы сæргълæууæг Денис Давыдов, кæцыимæ раздæр фембæлдыстæм Мæскуыйы. Уыцы фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтам фæсивæдон политикæ райтынг кæныны хъуыддаджы бирæ фарстытыл. Денис Давыдов нæ уæд фæхуыдта ацы форуммæ æмæ уый фæлгæтты мах бафыстам æмгуысткæнынады фæдыл сразыдзинад «Молодая Гвардия»-имæ.

Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды уыдыстæм фондз адæймагæй. Хайад дзы истам ахуырадон тренингты, алыгъуызон курсыты. Æз мæхæдæг уыдтæн уазджыты командæйы сконды, цыран хайад истой киргизтæ, таджиктæ, азербайджайнæгтæ, украинæгтæ, афтæ ма Приднестроваг Молдоваг республикæйæ, Абхаз æмæ æндæр республикæты минæвæрттæ. Мадзал уыдис цымыдисон», – загъта Коцты Михаил. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Татарстаны  активонæй кусы фæсивæдон политикæ. Ис дзы бирæ фæсивæдон организацитæ, кæцытæ, практикон æгъдауæй, кусынц алы фадыджы дæр. «Уыдон махæн фенын кодтой сæ проекттæ, кæцытæ сæм кусынц активонæй. Мах зæрдæмæ дæр тынг фæцыдысты, бацымыдис нæ кодтой æмæ сыл рæхджы кусдзыстæм нæхимæ», – банысан кодта Михаил.

Хуссар Ирыстоны куыст цæуы проект «Школа актива»-йыл. Уырдæм, сæйраджыдæр, хъуамæ бацæуой скъолатæ, колледжы ахыргæнинæгтæ, университеты студенттæ, афтæ ма, республикæйы æхсæнадон-политикон царды активон хайад райсын кæй фæнды уыдон. Сæрмагонд хъусдард здæхт цæудзæнис районты фæсивæдмæ.

Коцты Михаил ма куыд банысан кодта, афтæмæй уыдон дæр форумы сæ коллегæтæн радзырдтой нæ республикæйы активонæй чи кусы, уыцы проекты тыххæй. «Уыцы проект та у «Газета Победы». Махмæ ис газет «Правда»-йы 1945 азы юбилейон номыры копи, цыран официалонæй мыхуыр æрцыдис Советон Цæдисы уæлахиз фашистон Германыл. Мах ацы газеты байуарæм нæ республикæйы цæрджытæн æнæаргъæй. Ацы аз дæр нæ хъуыдыйы ис, адарддæр кæнын ацы проект уæрæхдæрæй. Ацы идея тынг фæцыдис форумы хайадисджыты зæрдæмæ. «Газета Победы»-йы проекты инициатор ссис Хуссар Ирыстон, æмæ нæ фæнды, цæмæй ацы проект уа æхсæнадæмон æмæ Георгиевскы лентæйау парахатгонд цæуа горæтты 9-æм майы бæрæгбоны цытæн.

Коцты Михаил ма куыд загъта, афтæмæй сæ фæнды, цæмæй-иу Уæрæсейы Федерацийæ æрхоной специалистты æмæ бынæттон фæсивæды минæвæрттæн уадзой тренингтæ æмæ курсытæ æндæр æмæ æндæр фæдыздæхæнты. «Фæсивæды тых æгæрон у æмæ цас активондæр уæм нæ республикон æхсæнадон царды, уыйас уыдзыстæм размæдзыддæр. Стæй ма уый дæр, æмæ нæ бæстæйы сæргълæууæг кæддæриддæр кæй æрбалæууы фæсивæды фарсмæ æмæ сын кæй баххуыс кæны цыфæнды хъуыддаджы дæр»», – загъта «Иууон Алани»-йы сæргълæууæг.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.