20 ноябры Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы йæ куыст райдыдта фыццаг Æппæтуæрæсейаг фæсивæдон форум. Форумы уынаффæ цыд закъондæттæг процессы фæсивæды активон хайадисты фарстаты фæдыл. Мадзалы  куысты хайад райстой регионалон æмæ муниципалон парламентты æвзонг парламентаритæ, закъонсфæлдыстадимæ баст кæй зонадон куыстытæ сты, уыцы аспиранттæ æмæ ахуыргæндтæ, Паддзахадон Думæйы цы политикон партитæ ис, уыцы партиты фæсивæдон организациты минæвæрттæ. Форумы куысты хайад райстой Хуссар Ирыстоны æвзонг политиктæ дæр – Хуссар Ирыстоны Президенты æххуысгæнæг  Габадты Алан æмæ фæсивæдон организаци “Иууон Алани”-йы  лидер Коцты Михаил.

Æвзонг политиктæ æмæ парламентаритимæ ныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин.

Спикер куыд банысан кодта, афтæмæй фæсивæдон форум ауа-дзын сфæнд чындæуыд фæсивæдон политикæйы фæдыл стыр парламентон рабадтыты рæстæджы.

«Фæсивæдон политикæйы фæдыл уынаффæ хъæуы, кæмæ хауы, уыдонимæ. Уый тыххæй сфæнд чындæуыд фæсивæдон форум ауадзын, бынæт-тон хæдуправленийы, Уæрæсейы Федерацийы субъектты æвзонг депутаттимæ, регионты æмæ Уæрæсейы фæсивæдон парламентты чи кусынц, уыдонимæ», – загъта Вячеслав Володин.

Габадты Аланы ныхæстæм гæсгæ, форумы фæлгæтты арæзт æрцыдысты алыгъуызон тематикон фæзуæттæ. Уыцы фæзуæтты форумы хайадисджытæ уынаффæ кодтой фæсивæдон политикæ, цæрæнуатон политикæ, нымæцон экономикæйы проблемæтыл, афтæ ма ахуырад æмæ куыстифтонгады фарстаты фæдыл.

Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ фидаргонд æрцыдысты УФ-йы Паддзахадон Думæйы алыгъуызон комитеттæм æвзонг парламентаритæ æмæ политикты командæты сконды.

Форумы куысты фыццаг бон йæ хайадисджытæ УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутаттимæ уынаффæ кодтой ахæм темæтыл, куыд «Дуне æнæ наркотиктæй», «Хæдзар куыд саразын хъæуы?», «Криптовалютæтæ: æхцатæ кæнæ пирамидæ?», «Зонад æвзæнгтæн», «Цифрæйон фæсивæдон экономикæ» æмæ а.д.

Тематикон рабадтыты фæстæ форумы хайадисджытæ фембæлдысты УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдары хæдивæг, фракци «Единая Россия»-йы къухдариуæггæнæг Сергей Неверовимæ,  фракциты сæргълæуджыты хæдивджытимæ, афтæ ма ЛДПР-йы лидер Вдадимир Жириновскиимæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.