Æрæджы, ирон чингуыты къæбицмæ æрбафтыд  Биазырты Роланды ног чиныг «Фæндæгтæ, фæндæгтæ…». Чиныг мыхуыры рацыд Хуссар Ирыстоны полиграфион рауагъдады 2020 æм азы кæрон. Йæ сæйраг редактор у газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор Гæбæраты Юри. Чиныгмæ хаст æрцыдысты фæстаг азты кæй ныффыста, уыцы уацмыстæ – радзырдтæ, сæрибар хъуыдытæ, фразæтæ. Уыдон се ‘ппæт дæр сты цымыдисон, реалон цардæвдисæг. Чиныгкæсæг æнæрахатгæ нæ фæуыдзæн, автор йæ уацмысты арф кæй бавналы царды иуæй-иу негативон фæзындтытæм æмæ хъæздыг литературон æвзагæй, кæм – сатирикон æвзагæй, ирдæй кæй равдисы, ахæмтæн царды бынат кæй ма хъуамæ уа, уый. Уыдон сты, нæ фыдæлтæй фæстæмæ ирон адæммæ æнæгъдау митыл нымад чи уыд, фæлæ, хъыгагæн, ныры дуджы чи сарæх сты, ахæм хъуыддæгтыл.

Йæ радзырд «Дыууæ тулдз-бæласы ныхас сæ уидæгтимæ»- йы мидис у арф æмæ дардыл, ам автор ирдæй равдыста дыууæ ныхмæвæрд характеры – хæларзæрдæ æмæ æбузн адæймаджы, тулдзбæлæсты хуызы. Хæларзæрдæ бæлас бузныг у йæ уидæгтæй, тæригъæд сын кæны зæххы бын кæй æрвитынц сæ цард, нæ уынынц хуры рухс. Уыйхыгъд, йæхи цард у зæрдæмæдзæугæ, хъарм хуры тынтæм райхæлы парахатæй æмæ æмбары, ахæм цард ын йæ уидæгты руаджы кæй ис, аргъ сын кæны æмæ семæ хæларæй ныхас кæнгæйæ, зæгъы йæ тыхст уыдоны тыххæй. Фæлæ тулдзы уидæгтæ разы сты ахæм цардыл тулдзбæласы хæрзиуæгæн. Афтæмæй тулдзбæлас æмæ йæ уидæгтæ цæрынц кæрæдзи æмбаргæйæ. Радзырды иннæ хайы ис ныхмæвæрд уавæр – ам дæр, иннæ тулдзбæлас ныхас кæны йæ уидæгтимæ, фæлæ сæ ныхас у бынтон æндæр. «…Сымах цард дæр цард у? Удæгасæй ныгæд стут. Удæгас та мæ фæрцы стут», – загъта бæлас йæ уидæгтæн. Уыдон æм фæхæрам сты æмæ йын загътой, мах нæ, фæлæ ды цæрыс мах фæрцы, зæгъгæ. Цыд рæстæг, йæ уидæгтимæ хæларæй чи цард, уыцы тулдзбæласæн йæ зæнг ноджы ныставд, дардыл айвæзта йæ цæнгтæ æмæ фæлгæсыд райдзастæй. Иннæ тулдзбæлас та цадæггай хус кæнын райдыдта æмæ йæ иу бон уаддымгæ зæххыл æрфæлдæхта…».

Радзырды автор кæд тулдзбæлæсты кой кæны, уæддæр царды, адæмы ‘хсæн дæр тынг арæх ис æнгæс цаутыл фембæлæн. Иуæй-иу адæймагæн фæнды хорз араз, фæнды ‘взæр, уæддæр ын иу бынатмæ цæуы, фæлæ иуæй-иуæн та чысыл хæрзиуæг дæр стыр лæггадыл вæййы нымад. Ахæм хæлар адæймæгтæн сæ цард вæййы æнцондæр æмæ амондджындæр.

Уац «Зæрдæйы хъæрахст»-ы автор æвдисы æвзонг адæймæгты цард. У цымыдисон æмæ цардыл дзурæг.

Ирон мыхуыруарзджытæй, æвæццæгæн, æнæзонгæ никæмæн сты Биазырты Роланды сæрибар хъуыдытæ. Къаддæр цымыдисон æмæ цардыл дзурæг не сты йæ радзырдтæй уыдон дæр. Уы-дон сæрмагонд бынат ахсынц Роланды сфæлдыстады, сты алыгъуызон темæтыл фыст. Чиныг «Фæндæгтæ фæндæгтæ»-мæ автор уыдонæй бахаста ахæмтæ куыд «Мады фæлгонц», «Цы æнхъæлмæ кæсы адæймагмæ разæй», «Рæстдзинад», «Æнцойад», «Цы фæцис цард?», «Фæндæгтæ», «Æвзæрст ныхæстæ» æмæ бирæ æндæртæ. Чиныгкæсæг райсдзæн æхцондзинад Биазыры фырты ног уацмыстæй, банкъардзæн царды фæивдтытæ, ног фæзындтытæ куыд æндавынц ныры æхсæнадыл. Æмæ сæйраджыдæр та райсдзæн æхцондзинад ирон аивфыст чиныг кæсынæй.

Биазырты Роланд ныр цыппор азæй фылдæр кусы газет «Хурзæрин»-ы. У Хуссар Ирыстоны  фысджыты цæдисы уæнг, «ССР Цæдисы журналистты цæдисы уæнг.

 «Фæндæгтæ, фæндæгтæ» йын у æвдæм чиныг.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.