Нæ республикӕйы фӕстаг азты кæд бирæ рæтты фӕзындысты, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм æртаггæнæн станцтæ. Уыдон сты хицæн æмæ хицæн амалиуæггæнджыты.

«Югосетнефтепродукт», кæцы ис республикæйы хицауады дæлбар, æмгуыстад кæны уæрæсейаг компани «Роснефть»-имæ.

Ацы куыстуатæн цы зæронд станц уыд, уый ивгъуыд аз арӕзт æрцыд ногæй. Йæхи фæрæзтæй йӕ сарæзта «Югосетнефпродукт»-ы куыстуат. Паддзахады унитарон куыстуаты сæргълæууæг Джыгкайты Сослан нын уый фӕдыл  радзырдта: «Фæстаг азты нæ республикæйы бирæ коммерцион æртаггӕнӕн станцтæ фӕзынд. Уыдон арæзт æрцыдысты нырыккон домæнтæм гæсгæ. Мах æртаггæнæн станц дзуапп нал лӕвӕрдта æртаг-гæнæн станцты нормæтæн. Уыдон та цасдӕрбӕрцӕй сты республикæйы цæсгом. Канд компьютерон системæйæ ифтонг ма хъуамæ уой, фæлæ ма шофыртæн фадат уа бау-лæфынæн дæр, йæ алфæмблай та хъуамæ уа уæрæх, зынгсирвæзты нормæтæ хъахъхъæд цӕуой», – загъта Джыгкайты Сослан.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй нæ горæты цы коммерцион ӕртаггӕнӕн станцтæ ис, уыдон, сæйраджыдæр, æмгуыст кæнынц уæрæсейаг хицæн амалиуæггæнджытимæ. Æцæг дзы ис ахæмтæ, кæцытæ «Роснефть»-имæ дæр сарæзтой бадзырдтæ. Ласт ӕртаг кӕддӕ-риддӕр «Роснефть»-æй алы хатт вæййы гъæдджын. Джыгкайы фырты ныхæстæм гæсгæ уыдон лӕггад кæнынц куыд хисæрмагонд машинæты, афтæ паддзахадон уагдæтты машинӕты шофыртæн дæр. Цалынмæ æртаг «Роснефть»-ы компанийæ нæ раласынц, уæдмæ йын арæзт æрцæуа анализ. Анализ ист цæуы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны арæныл дæр. Гуырысхо чи кæны æртаджы гъæдыл, уыдонæн сæ бон у бацæуой метрологи ӕмӕ стандартизацийы комитетмæ æмæ уым сбæрæг кæной кæцыфæнды æртаджы маркæ-йы гъæд дӕр.

Уый ма загъта, нырмæ кæд станц æрмæст АИ-92 ӕмӕ 95 маркæйы æртаг уæй кодта, уæддæр тагъд райдайдзæн уæй кæнын газ дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.