Ивгъуыд азы нæ республикæйы царды æндæр æмæ æндæр къабæзты размæ цы къахдзæфтæ бантыст саразын, уыдонæй сæ иу у паддзахадон бюджеты хи фæрæзтæй баххæст кæныны бæрцтæ зынгæ фæфылдæр кæнын. Зæгъæн ис æмæ ацы здæхты къухты кæй бафтыд стыр æнтыст. Ивгъуыд азы фæстиуджытæм гæсгæ паддзахадон бюджет хи фæрæзтæй баххæст 1 миллиард сомæй. Æмæ уый та у республикæйы разамынады, сæрмагондæй, РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы нысанмæздæхт архайды руаджы.

Пайда хæссын чи райдыдтой, уыдоны ‘хсæн ис паддзахадон  унитарон куыстуат «Югосетнефтепродукт» дæр.

Ацы куыстуаты хъуыддæгтæ куыд цæуынц, цæрджыты, уагдæтты, организациты домæнтæ нефты продуктæй куыд æххæст цæуынц, уыдæттæ лæмбынæгдæр базоныны тыххæй мах ныхас кодтам ацы организацийы директоры хæстæ æххæстгæнæг Джыгкайты Сосланимæ.

Сослан нырма бирæ нæ кусы ацы бынаты, фæлæ зонгæ у куыстимæ. Раздæр та куыста директоры хæдивæгæй æмæ зоны коллективы проблемæтæ. Æмæ директоры хæстæ æххæстгæнæгæй цы цыбыр рæстæджы кусы, уый та фенын кодта,  кæй  арæхсы  се скъуыддзаг кæнынмæ. Сослан нын куыд радзырдта, афтæмæй куыстуат пайда нæ хаста. Æфтиагджын ссис æрмæстдæр ивгъуыд азы фæстаг кварталы æмæ уый та зæгъæн ис, уыдис нæ республикæйы разамынады руаджы. «Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ махæн бадзырд арæзт ис уæрæсейаг акционерон æхсæнад «Роснефть»-имæ. Уыцы бадзырдмæ гæсгæ, цæмæй мах нефты продукттæ райсæм, уый тыххæй «Роснефть»-æн сæ аргъ хъæуы развæлгъау бафидын. Уыцы фæрæзтæ та махмæ нæ уыд æмæ-иу нæм уымæ гæсгæ нæ уыд, цы среализаци кодтаиккам æмæ æфтиаг цæмæй райстаиккам, уый дæр. Ахæм уавæрæй рахизын нæ бон ссис, сæрмагондæй, Президенты руаджы. Йæ хъæппæрисæй нын рахицæн æрцыд хъæуæг фæрæзтæ æмæ ныр нæ хъуыддæгтæ бæрæг фæрæвдздæр сты. Уымæй дарддæр ма уавæрыл хорзæрдæм æндавы, Хицауады барамындæй бадзырд-тæ арæзт кæй цæуы куыстуæттæ æмæ организацитимæ, кæцытæм гæсгæ, уыдон развæлгъау бафидынц, цас æртаг сæ фæхъæуы, уый аргъ. Афтæмæй æхца æрзылды цæуы æмæ нæ куыст нал къуылымпы кæны. Уый нæ, фæлæ ма мах райстам иу милуан 200 мин сомы æфтиаг дæр. Нæ развæлгъау нымадмæ гæсгæ æфтиагджын рауад ацы азы фыццаг квартал дæр – у 1 милуан сомы бæрц. Æмæ кæд нæ хъуыддæгтæ афтæ ацæуой, уæд уыдзæн тынг хорз», – загъта Джыгкайы фырт.

Таможнæйон фиддонтæ фидынц æви нæ, уый тыххæй Сослан загъта, зæгъгæ, нæ товар экспортон кæй у, уымæ гæсгæ ахæм фиддонтæ фыст нæ цæуынц.

Фæлхасгæнджытæ уæлдай тынгдæр фæцымыдис кæнынц æртаджы гъæдмæ, уымæн æмæ-иу раздæр арæх хъаст кодтой, мæгуырау гъæды æртаг кæй кодтой сæ машинæты, уымæй. Уавæр хуыздæрæрдæм кæй ивы æмæ уый фæдыл цахæм мадзæлттæ ист цæуы, уый тыххæй Сослан афтæ зæгъы, зæгъгæ, ацы фарст махæн у ахсджиаг æмæ йыл кусгæ дæр кæнæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæхæдæг сæрмагондæй ацæуы æртагласæн машинæтимæ æмæ йæ хъус дары, куыд сæ йедзаг кæнынц, уымæ. Уымæй дарддæр ма семæ вæййы паддзахадон стандарты минæвар дæр, кæцы бæрæг кæны, æртаг паддзахадон стандартты домæнтæн дзуапп дæтты æви нæ. Афтæмæй ныртæккæ фæлхасгæнæгмæ хæццæ кæны гъæдджын продукци. Джыгкайы фырт  куыд зæгъы, афтæмæй суткæйы дæргъы среализаци кæнынц 6-7 тоннæйы. Æмæ уый та раздæры азтимæ абаргæйæ у бирæ фылдæр.

Æртагыл æргътæ æвæрыны тыххæй нын  куыд радзырдта, афтæмæй уыдоны фидар кæны Экономикон рæзты министрад. Æргътæ та æвæрд цæуынц афтæ, цæмæй нæ куыстуатæн дæр зиан ма хæссой æмæ фæлхасгæнджытæ дæр хъæстаг ма уой.

Куыстуат ма æртагæй ифтонг кæны, ацы бизнесыл хæст чи у, ахæм хицæн амалиуæггæнджыты дæр. Бирæбæрцæй йæ чи æлхæнынц, уыдонæн æй уæй кæнынц фæкъаддæргонд æргътæм.

Куыстуат транспортæй куыд ифтонг у, уый фæдыл та Сослан банысан кодта, сæхи транспорт сын кæй нæй æмæ йæ кæй кæнынц æххуырсгæ.

Уæдæ куыстуат, зæгъæн ис, йæ архайды кæй ссардта раст фæндаг æмæ уый та йæ къух аразы æрмæст коллективæн, йæ фæлхасгæнджытæн нæ, фæлæ республикæйы экономикæйы размæцыдæн дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.