Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Хицауады Сæрдары хæдивæг-Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннадиимæ. Ныхас цыд республикæйы æртаг-сæрдæн æрмæджыты аргъ фæкъаддæр кæнын.

Паддзахады сæргълæууæг Экономикон рæзты минстрадæн бацамыдта, цæмæй æртаг-сæрдæн æрмæджыты аргъмæ æркæсой æмæ сæ фæкъаддæр кæной æддагон базары аргъмæ гæсгæ.

«Фæнды мæ æртаг-сæрдæн æрмæджыты аргъыл æруынаффæ кæнын. Æз нымайын афтæ æмæ, уыдон сты бæрзонд. Кæд нын æртаджы æргъты регулятор ис, Паддзахадон унитарон куыстуат «Югосетнефтепродукт»-ы хуызы,  уæд  уыцы регулятор оперативонæй хъуамæ йæ хъус дара æддагон базары æргътæн», – загъта Президент.

Уый бахаста ахæм фæндон, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ æртаг-сæрдæн æрмæджыты аргъ фæкъаддæр кæныны фарстыл бакуыстæуа.

«Бензины аргъ абоны бон хъуамæ уаид 35 сомы иу литрæн æмæ дизелон æртаджы та 43 сомы. Мæн фæнды, цæмæй уыцы æргъты æмбæлон уавæрмæ æркæнат 1 февралмæ æмæ республикæйы уой ног тарифтæ, фæл-хасгæнджытæн комфортондæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президенты ныхæстæм гæсгæ ахæм ахаст равдисын хъæуы юридикон цæсгæмттæн электроэнергийы тарифтæм дæр.

«Паддзахады æнæмæнгæй хъæуы ахæм къахдзæфтæ саразын, кæцытæ фæахъаз уыдызсты бизнесы рæзтæн. Æнæмæнгхъæуæг у электорэнергийы аргъ фæкъаддæр кæнын 25-30 къапеччы бæрц æмæ уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, амалиуæггæнджыты куыст фæрогдæр кæндзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Бекъойты Геннади ныфс бавæрдта, паддзахады сæгълæууæг цы фарстатæ æрæвæрдта, уыдон скъуыддзаг кæй цæудзысты.

«Мах ацы азы 1 февралмæ бакусдзыстæм æртаджы аргъ фæкъаддæр кæныны фарстыл. Электорэнергийы тыххæй дзырд куы цæуа, уæд, кæй зæгъын æй æнæмæнг хъæуы, амалиуæггæнджытæн алыварсон æххуыс бакæнын», – загъта Бекъойты Геннадий.

Бибылты Анатоли ма ныхас кодта чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн льготон кредит дæттыны фарстыл. Уый ма банысан кодта, амалиуæггæнджытæн льгтон кредиттæ радтыны тыххæй  куырдиæттæм  æркæсыны процесс хъуамæ æххæст цæуа рæстæгыл.

Йæ рады, Бекъойты Геннади Президентæн фехъусын кодта, 2019 азæн куырдиæттæ ныридæгæн ист кæй цæуынц, уый. Уыдонмæ æркæсдзысты иу мæйы æмгъуыдмæ æмæ хорз бизнес-проекттæн хицæн æрцæудзæн æхцайы фæрæзтæ ацы аз марты мæйы.

 

РХИ-йы Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.