Уæрæсейы горæт Калугæ йемыдзаг у бирæ ирд цаутæй. Горæты ном фыццаджы-дæр æмбæлы 1389 азы Дмитрий Донскойы ныстуанимæ. Воеводскы хохы, цыран ныр-тæккæ ис Горькийы номыл парк æмæ дзы æдзухдæр хъуысы бæлæсты æхцон хъæлæ-ба, уым кæддæр уыд хъæдын фидар æмæ хъахъхъæдта Мæскуымæ бацæуæнты.

17-æм æнусмæ Калугæ уыд хъахъхъæнæн бынат Мæскуыйы паддзахадæн хъырымаг тæтæйрæгтæй. Хæццæ рæстæджы Иван Болотников Калугæмæ æркодта 10 мин адæймаджы бæрц зынджы ныхмæ æмæ æнтысгæйæ фæстæмæ æппæрста паддзахы æфсæдты æдзухон бырстытæ. Уый фæстæ горæты цæрджыты хъыг дардтой куы поля-кæгтæ, тæтæйрæгтæ, куы та запорожейæгтæ. Æгæрон пырхæнтæ горæт баййæфта стыр зынгсирвæзтытæй дæр, уыдон та уыдысты суанг 18-æм æнусы æмбисмæ. Фæлæ уæддæр алы зынгсирвæзты фæстæ дæр горæт рæзт тынг тагъд.

Йæ уавæрмæ гæсгæ Калугæ ссис центр æмæ дзы базар кодтой дзул, цæхх æмæ гæны фæскъаутæй, базар цыд, куыд бынаты, афтæ ма бирæ фæсарæйнаг бæстæты адæмтимæ дæр. Паддзах Екатеринæйы рæстæджы горæты центры уынгтæ фæхуыздæр æмæ фæаивдæр сты, уырыссаг архитектортæ дзы бавæрдтой æппæт се сфæлдыстад æмæ курдиат. Фæлæ зæгъын хъæуы, кæд йæ сæйраг уынгтæ рафидыдтой, уæддæр кæройнаг уынгтæй уый зæгъæн нæ уыд.

1812 азы октябры мæйы Калугæ ссис уырыссаг æфсады хæстон фæлындзынады  хъуыддаджы сæйраг бынат. М.И. Кутузов, горæты егъау нысаниуæг æмбаргæйæ, горæтмæ æрбахизæны сæ фæндаг æрæхгæдта французæгтæн. Иу бынаты тох кæнгæйæ, уый Наполеоны аздæхта Смоленскы фæндагмæ æмæ уымæй фервæзын кодта уырыссаг æфсады хæстон фæлындзынады горæт Калугæйы. Иннæ егъау хайбавæрд та горæтæн уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. 1941 азы кæрон немыцаг фашисттæ бацахстой Калугæйы, фæлæ 1942 азы январы мæйы сæрибар æрцыд фашисттæй æмæ 1943 азы сентябры мæймæ йæ хайбавæрд хаста Брянскы фронты æнцойгæнæн пунктмæ.

Горæты цæугæдоны бынмæ ис дунеон зындгонд иууæладзыгон хæдзар, цыран цард космикон зонады бындурæвæрæг К. Э. Циолковский. Ам ма цардысты Н. В. Гоголь, С. Т. Ак-саков æмæ æндæр зынгæ адæймæгтæ. Го-рæты ис сæудæджерадон куыстуæттæ, куыд спичкæты фабрикæ «Гигант», уыд дзы пианиноты фабрикæ «Аккорд», электромеханикон завод æмæ æндæртæ.

Горæт Калугæ сæйраджыдæр историмæ бацыд, куыд дыууæ хæсты знагæн аккаг ных-мæлæууæг, афтæ.

   Æрмæг бацæттæ кодта

   ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.