Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы комментаритæ «Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дывæр æмбæстагдзинады фарстатæ æрбæстон кæныны тыххæй» Æрмразыдзинадыл В. Путин кæй сразы, уый фæдыл.

Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дывæр æмбæстагдзинады фарст æрбæстон кæныны фæдыл сразыдзинад фадат ратдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн уæлæмхас социалон гарантитæ сифтонг кæнынæн. Документ райсынмæ æнхъæлмæ кæсæм ацы аз.

Мах хорз æмбарæм, ацы сразыдзинад кæй фæрогдæр кæндзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты цард. Уый нысан кæны Хуссар Ирыстоны цæрджытæн Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад райсыны проблемæ аскъуыддзаг кæнын, кæцы баст у Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты социалон хъахъхъæнынадимæ, æмæ уæрæсейаг пенситæ райсыны фадатимæ.

Ныфс мæ ис, ацы документыл къухтæ æрфыссыны юридикон моменттæ æввахс рæстæджы скъуыддзаг кæй æрцæудзысты æмæ нæ бæстæйы æм-бæстæгтæн фадат кæй уыдзæн хуымæтæг фæткы уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсын.

Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ дывæр æмбæстагдзинады тыххæй ацы сразыдзинадыл æрфыссынмæ цыд 2008 азæй – Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уæдæй.

Бæрæг æхсæнпаддзахадон сразыдзинæдтыл къухтæ æрфыссыны куыст цыд æппæт уыцы рæстæг.

Мах ацы фарстыл Владимир Путинимæ уынаффæ кодтам 2018 азы фембæлды рæстæджы. Уæд лæвæрд æрцыд хъæугæ хæслæвæрдтæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадтæн. Уый арæзт æрцыд, документтыл сразы сты иууылдæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.