Цхинвалы спортивон галуан «Олимп»-ы уагъд æрцыд  ерыстæ ленк кæнынæй «Золотая рыбка»-йы цыппæрæм этап. Ныр та æвзонг спортсментæ сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой комплексон ленк кæнынæй. Ерысты хайад райстой 160 спортсменæй фылдæр. Тренер Евгения Терлеева куыд хъусын кæны, афтæмæй 100 метры дистанцимæ комплексон ленк кæнынæй РХИ-йы рекордтæ сæххæст кодтой Чиаты Михаил æмæ Тыджыты Дианæ. Уыдонæй дарддæр ма сæ кары спортсменты ‘хсæн фыццаг бынæттæ бацахстой Софья Ткач, Битеты Дамир, Уалыты Тамиллæ, Цхуырбаты Георги, Уалыты Валерия, Лалыты Арсен, Уалыты Даянæ, Уалыты Александр, Мулдарты Валерия æмæ Тедеты Азæмæт.

Ерыстæ «Золотая рыбка»-йы фæлгæтты ма уагъд æрцæудзæн ноджы дæр дыууæ этапы.

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды уыдысты 33-æм туры хъæзтытæ. Дзæуджыхъæуы «Алани» Грознæйы Султан Билимхановы номыл стадионы фысымиуæг кодта Томскы «Томь»-æн. Фæстаг дыууæ хъазты алайнæгтæн хорз нæ рауадысты. Нырма фæхæрд сты Калининграды «Балтика»-йæн 0:3 хыгъдæй, стæй та -Воронежы «Факел»-æн – 2:0. Уымæ гæсгæ алайнæгты фæндыд сæ спортуарзджыты раз сæхи сраст кæнын, æмæ фембæлды райдианæй абырстой размæ. Пурти бакъуырынæн сæвзæрын кодтой цалдæр хорз уавæры, фæлæ-иу хорз ахъазыд уазджыты кулдуаргæс. Хъазты дыккаг хай дæр алайнæгтæ райдыдтой активонæй æмæ йын уыд хорз фæстиуæг. 55-æм минутыл хыгъд байгом кæнын бантыст «Алани»-йы размæбырсæг Ислам Машуковæн. Уымæй иууæндæс минуты фæстæдæр та дыккаг пурти бакъуырдта Хæдæрцаты Батраз. Уымæй бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæмæй хыгъд 3:0 скодта Гуырцъыты Батраз. Ацы уæлахизы фæстæ Ирыстоны сæйраг футболон командæ æрæмбырд кодта 55 очкойы æмæ турнирон таблицæйы цæуы 6-æм бынатыл.

Радон туры 24 апрелы «Алани» уазæгуаты хъаздзæн чемпионаты лидер «Оренбург»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.