Хъайырты Владимиры (Балойы) фæндæгтæ

 Æрыдон ирон фысджыты, ирон театралон архайджыты, ирон интеллигенцийы бирæ минæвæртты авдæн уыд. Æрыдойнаг уыд Хъайырты Владимир дæр. Уым райгуырдис 1913 азы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Цыбыркъух уыд йæ фыд Зауырбег, нæ йæ амыдтой йæ фадæттæ бинонты фæдарыны хъуыддаджы. Æмæ ууыл дæр хъæцыдаиккой бинонтæ, фæлæ Балойыл æртæ азы куы сæххæст, уæд Зауырбег конд æрцыдис Турчы фронтмæ æмæ уым бабын. Уæззау уавæрты бахаудысты бинонтæ. Мад уыцы зындзинæдтæ не сфæрæзта æмæ уый дæр адзалы фæндагыл ацыд. Баззадысты сидзæрæй æнахъом сабитæ тæккæдæр 1917 азы къæсæрыл.

«Сидзæр амалджын у», – зæгъы ирон æмбисонд. Балойы хистæр æфсымæртæ Темырболат æмæ Ханджери амалхъом фесты, хæдзарæн цæмæйдæрты æххуыс кодтой, фæлæ сæ катай уыдис сæ чысыл, цыппараздзыд Балойыл.

Бало гуыргъахъ фæндæгтыл рацыд. Йæ царды фæндаг райдыдта Æрыдоны сабиты сидзæрдонæй. Æцæг, æфсымæртæй рох никуы уыд, сæ лæггæдтæ сын мысыд алыбон дæр.

Хæдзарвæндаг æрдзæй æвзыгъд уыдысты аивадмæ, уæлдайдæр та Темырболат (Советон дуджы зынгæ дохтыр). Уый активон хайад иста Æрыдоны хихъæппæрисон къордты, хорз арæхст ирон музыкалон инструменттыл цæгъдын, афтæ кафын æмæ зарынмæ дæр.

Хъайыры фырт аивады фадыджы цы бæрзæндмæ схызт фæстæдæр, уый тыххæй кæддæриддæр буц æмæ сæрыстыр уыд йе ‘фсымæр Темырболатæй æмæ ирон театры корифей Тæбæхсуаты Балойæ.

Дыууæ Балойы сæмбæлдысты Æрыдоны хъæууон клубы æмæ уырдыгæй иумæ, цæдисы галтау, лæгæрдын райдыдтой бæрзонд театралон галуанмæ.

Бало хæрзæвзогæй ссис чиныджы хæлар, æртындæсаздзыдæй райдыдта Шекспиры кæсын, Нарты кадджытæ нал æппæрста йæ къухæй. Уæдмæ йæм æрбахауд æндæр хæзнатæ – Къоста æмæ Елбыздыхъойы сыгъзæрин уацмыстæ. Къостайы «Ирон фæндыр» кæсгæйæ, Бало бирæ цæссыгтæ фæкалдта йæ сабион бонтыл æмæ Къостайау загъта: «Цæй мæгуыр дæ, иунæг, дæ мад амæла», кæд ын æфсымæртæ уыдис, уæддæр.

Æрыдоны скъола, Æрыдоны семинар. Уыдонимæ сбаста йæ сомбоны хъысмæт Бало. Уым базонгæ Къоста, Елбыздыхъо, Арсен, Къубалты Алыксандр æмæ æндæрты сфæлдыстадимæ. Æрыдонæй райдыдта Бало йæ театралон архайд дæр. Къостайы поэмæ «Лæскъдзæрæн» куы каст, уæд-иу ыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Цæстæвæрæн фæцис Бало æвзонгæй, 1926 азы Брытъиаты Елбыздыхъойы комеди «Уæрæседзау» Æрыдоны адæмы размæ куы рахастой, уæд. Бало дзы хъазыд Муссæйы ролы.

Балойæн Æрыдоны хъæууон клуб ссис йæ дыккаг хæдзар æмæ дзы нал рахызт суанг 1932 азмæ. Æрыгон артисттæ хызтысты иу спектаклæй  иннæмæ, æмæ канд Æрыдоны нæ, сæ цæст сыл æрæвæрдтой Алагир, Мызур, Садон, Дигора, Хъæдгæрон æмæ æндæр хъæуты цæрджытæ дæр. Цы хастой адæмы рæгъмæ, уыдон та уыдысты «Худинаджы бæсты – мæлæт», «Дыууæ хойы», «Зауырбег», «Мариам», «Таймураз», «Чермен», «Уæрæседзау» æмæ æндæртæ.

Æдзух æфсымæрты къухмæ кастаид, уый Балойы нæ фæндыд æмæ 1933 азы кусынмæ бацыд Беслæны маисон комбинатмæ, уый æмрæстæджы ахуыр кодта рабфачы 1933-1935 азты. Комбинаты йæ тыхтæ радта драмкъорд йæ къахыл сæвæрынмæ æмæ йæ къухы æфтгæ дæр бакодта. Ам дæр та йæ фарсмæ уыдысты Тæбæхсуаты Бало, Хъуылаты Гала, Уырысты Уырысхан, Дудайты Аврам æмæ æндæртæ. Æнгом æмгæрттæн бирæ хæрзгъæд спектаклтæ сæвæрын бантыст. Уыдонимæ дæр æрзылдысты Цæгат Ирыстоны хъæуты.

 

Профессионалон

сценæ

Цæгат Ирыстоны драмон театр байгом 1935 азы. Уæдмæ Балойы уæнгты ахъардта сценæйы уæззау æмæ уарзондзинады «низ». Фаг  йын нал уыдысты хъæууон æмæ заводон-фабрикон сценæтæ. Йæ арæхстджын уæнгтæ айвазынæн æй хъуыд профессионалон театр æмæ ахæм та уыд æрмæст Цхинвалы (байгом 1931 азы).

Бало æрцыд Цхинвалмæ 1935 азы. Бацыд нæ театрмæ. Æппæтæй дæр сæ зæрдæмæ фæцыд. Театры коллективы фидарæй бауырныдта, рæбинаг цæджындзтæй театрæн иу кæй уыдзæнис Бало.

Æмæ бавнæлдта уæхскуæзæй кусынмæ. Кусынмæ та уыд Æрдхæрæйнаг лæппу фыдæнхъæл нæ фæкодта нæдæр театры коллективы, нæдæр сценæмæкæсджыты, къамисары ролы (Беджызаты Ч., «Ссæдзæм аз»), стæй уæд Перчаткины ролы (Шваркины «Кæйдæр сывæллон»).

Бало зæрдæрухсæй сæмбæлд театры курдиатджын фæлтæрыл. Уыдон та уыдысты Мамиты Димитр, Дзæхаты Дзæбидыр, Цоциты Нинæ, Дзаттиаты Сона, Гугкаты Саша, Гуыбиаты Герги,  Цхуырбаты Палуш æмæ æндæртæ. Фæлтæрд коллективы куыстмæ куы бакаст Бало, уæд бамбæрста – ам бирæ кусын хъæуы, адонимæ æнцон анцайæн нæ уыдзæнис иу æфсондзы.

Иууыл стырдæр хъуырдухæнты бахауд, Хазбийы роль ын куы бабар кодтой, уæд. Бало хорз æмбæрста, чи у ирон адæмæн Хазби, цæйбæрц у сæ уарзондзинад Алыккайы фыртмæ. Æмбæрста йæ, куыста йыл, кæд Бало-Хазби адæмы зæрдæмæ тынг фæцыд, уæддæр. Хъайыры фырт хатын райдыдта иу стыр хъуыддаг; хъæуы ахуыр кæнын, ацы тыхтæ фаг не сты. Актермæ хъуамæ уа профессионалон цæттæдзинад. Уыцы хъуыдытимæ ацыд Владимир Ленинграды паддзахадон театралон институтмæ. Уый уыд 1936 азы. Йемæ уыдысты театралон аивадыл йæ зæрдæ кæмæн рыст, ахæмтæ: Мæхъиты Владимир, Таугазты Гаврил, Мæргъиты Сослан, Багаты Федыр, Гаглойты Варя æмæ Зинæ, Гæззаты Степан, Жажиты Андрей, Дзидздзойты Лидæ, Тедеты Андрей, Къæбулты Гиша, Магкоты Наташа, Плиты Александрæ, Сланты Григол, Цæбиты Варæ æмæ Залихан, Цæбиты Нинæ, Тадтаты Владимир.

Фæцахуыр дзы кодтой 1941 азы райдианмæ. Сæ хъару, сæ арæхстдзинадæй ногæй цæхæркалгæ стъалыйау сæрттывта театры сценæ.

Барухс йæ зæрдæ Балойæн, æрцыд йæ институтæй, йæ ахуырæй. Ныр та йын йæ зæрдæ «æууилын» райдыдта режиссеры дæсныйад. Уыцы хъуыддагмæ йæ тыхтæ радта, фæстаг курсыты куы ахуыр кодта, уæд. Сæ цæст ыл æрæвæрдтой зынгæ режиссертæ, уæлдайдæр Барис Михалы фырт Сушкевич æмæ профессор Леонид Федыры фырт Макарев.

Актерон факультет каст фæцис, режиссерон факультет кæронмæ нал ахæццæ кодта – райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст.

1941 азæй Бало райдыдта йæ фыдæбоны хай Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмтеатры актерæй æмæ режиссерæй. Хæсты уæззау дуг тынг фæзынд ацы театрыл дæр, йæ курдиатджын фæл-тæрæй бирæтæ æрцыд конд тугкалæн хæстмæ, сæ фылдæрæн нал бантыст сæ уарзон театрмæ æрыздæхын.

Куыста уæхскуæзæй Бало. Театр бавнæлдта классикон драматургимæ, рауæрæх Балойы авналæнты бындур. Кæуылты уыд, куы сæвæрдта Саулохты Мухтары пьесæ «Нарты Батрадз», куы федтой Балойы Мукарайы ролы. Адæм, сценæмæкæсджытæ федтой хъæддых, уæйгуытæарæзт адæймаджы. Уæдæй фæстæмæ Балойæн йе сценæйы фæлгæнцтæй иууыл хуыздæр æмæ тыхджындæрыл нымад æрцыд Мукара.

Ныххæррæтт кодтой кæрæдзи фæдыл Балойы стыр арæхстдзинад æвдисæг фæлгонцтæ. Ахæм пьесæтæ та уыдысты: Горькийы «Фæстæгтæ», Гольдонийы «Дыууæ хицауы лæггадгæнæг», Симоновы «Уырыссаг адæм», Саулохты Мухтары «Гæци», Хъæцмæзты Ильяйы «Исахъ», Мольеры «Æнæбары хосгæ-нæг».

Балойы æрмæст йæхи уды, йæхи æн-тыстыты мæт нæ уыд, йæ сæйраг сагъæс уыд театры коллективыл. Бирæ куыста семæ, архайдта уыдон профессионалон цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæныныл. Ууыл та дзурæг у æндæр хъуыддаг дæр. Бало хæсты уæззау дуджы сарæзта студи, райдыдта фæсивæды цæттæ кæ-нын. Æмæ куыд æнхъæлут, уыдонæй би-рæтæ фæстæдæр систы æцæг актертæ, ирон сценæйы чи хъуыдис, ахæмтæ.

 

Хъысмæты

 фæндæй режиссер

Курдиатджын режиссер суæвыны хъуыды Хъайыры фыртæн æнцойдзинад нал лæвæрдта, æмæ 1944 азы балæууыд Мæскуыйы паддзахадон театралон институты режиссерон факультеты.

Йæ царды уæд егъау ролы ахъазыдысты зынгæ советон режиссер æмæ ахуыргæнæг Сахновский Уасил Григоры фырт, курдиатджын артист æмæ номдзыд режиссер Дикий Алексей. Уыдон руаджы Бало схызт аивады бæрзонд къæпхæнмæ. Уæд сулæфыд æцæг хъуыддаджы режиссер æмæ загъта йæхицæн, ныр кусæн ис нæ адæм æмæ нæ ирон театры сæрвæлтау, зæгъгæ. Уыцы хъуыдыимæ рараст Ирыстонмæ æмæ балæууыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмтеатры. Ссис ног коллективы актер. Уæдмæ театр йæ къахыл слæууыд (хæсты азты фылдæр æхгæд уыд). Бало ног коллективимæ райдыдта кусын ног тыхтæй. Тагъд æрæвæрдтой сæ цæст Балойы уæнгты кондыл дæр æмæ йæ арæхстдзинадыл дæр. Театры режиссурæ Балойы бæрны бакодта бирæ ахсджиаг фæлгонцтæ. Уыдон та уыдысты: Уырыймæгты Езетханы «Знæгты» – Сафа, Островскийы «Тæркъæвда»-йы – Паратов, Шекспиры «Король Лир»-ы – Глостер, Лопе де Вегайы «Лауренски»-йы – Командор Лопе, Треневы «Любовь Яровая»-йы – Кошкин, Токаты Асæхмæт «Усгурты» – Сауджын, Брытъиаты Елбыздыхъойы – «Дыууæ хойы»-Хъылцыхъо, Мамсыраты Дæбейы  «Хæсанæ»-йы Хæсанæ æмæ æндæртæ. Се ʻппæты дæр Хъайыры фырт йæхи равдыста хъуыдыджын æмæ арæхстджын артистæй.

Уыдæттæ хъуыддæгтæ уыдысты, уæдæ цы. Бало Мæскуыйы театралон институты режиссерон факультет каст нæ фæцис. Сахуыр дзы кодта иу аз, стæй йæ ныууагъта йе ‘нæниздзинады тыххæй. Уыцы хъуыддаг Хъайыры фыртæн æнцойдзинад нæ лæвæрдта, æмæ та араст ногæй 1954 азы Ленинграды паддзахадон институтмæ – режиссерон факультетмæ. 1957 азы йæ æнтысгæйæ каст фæцис. Рараст Ирыстонмæ цæттæ режиссерæй. Ныр бындурон цæрæн æмæ кусæн бынатæн равзæрста Цхинвалы горæт, Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр.

Балойы æрцыдимæ театр йæ хуыз тынгдæр скалдта. Сценæмæкæсджыты нымæц бирæ фæфылдæр.

Стыр хъару, егъау арæхстдзинæдтæ равдыста Хъайыры фырт театры коллективимæ кусгæйæ. Цæстæвæрæн фесты, сценæмæ цы пьесæтæ рахаста, уыдон æххæстгæнгæйæ нæ актертæ. Театры репертуары фæзындысты: Темыраты Дауыты «Мастисджытæ», Хъайттаты Сергейы «Мады зæрдæ», Цагарелийы «Ханума», Уырыймæгты Езетханы «Сæниат», Погодины «Кремлы куранттæ», Райенеты «Хæтæнхъуаг фырт» æмæ «Нуазæн æмæ калм», Гаглойты Владимиры «Уарзондзинады кадæг», «Ныййарæджы кадæг», «Иунæджы кадæг», «Сыгъзæрин фæткъуы», Гафезы «Бæсты фарн», Мезвришвилийы  «Зæй», Хацырты Сергейы  «Хъæбатырты кадæг», йæхи фыст драмæ «Бæтæйы фырттæ», Гуыцмæзты Михалы «Бирæгътæ».

Рæнхъон артистæй сæйраг режиссермæ

Хъайырты Владимирæй рох никуы уыдысты суинаг фæлтæр, сомбоны театр кæмæ æнхъæлмæ кæсы, уыдон. Бало театры бакодта театралон студи. Разæнгардæй йæм цыдысты фæсивæд чызгæй-лæппуйæ. Фылдæр уыдысты студенттæ, уыдонимæ уыд ацы рæнхъыты автор дæр. Уæдæй фæстæмæ егъау уыдысты нæ бастдзинæдтæ Балоимæ, канд алыхуызон репетициты нæ, фæлæ ма изæрыгæтты театры фæзуаты тезгъогæнгæйæ дæр. Кæд мæнæй бирæ хистæр уыд, уæддæр цæмæдæр гæсгæ, мемæ ныхас кæнын бирæ уарзта. Æмæ уый хуымæтæг нæ уыд. Ныхас кодта мемæ сценæйы сусæгдзинæдтыл, драматургийы жанрыл. Уый руаджы фылдæр бауарзтон ацы жанр, мæ диссертацийы æмæ ирон драматургийыл цы куыстытæ фæкодтон, уыдон тыххæй дæр Хъайыры фыртæй бузныг дæн.

Дзæвгар азты куыстон нæ институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы сæргълæууæгæй, куыстон деканæй дæр. Уæд бынтон æввахс æрбалæууыдыстæм кæрæдзимæ. Уыцы азты Балойы бæрны бакодтон «Аив кæсын» æмæ «Аив дзурын»-ы предметтæ.

Тынг райгонд уыдысты студенттæ Ба-лойæ, уый сын базонын кодта иу хъуыддаг – ирон æвзаджы алы дзырдæн дæр ис йæхи ад, йæхи æнкъарæнтæ, йæхи тых!

Йæ царды фæндагыл бирæ зындзинæдтæ федта, фæлæ сын цудын нæ бакуымдта. Хæцыдис семæ, цыдис сæм риуæй риумæ æмæ сыл кодта уæлахиз. Бало 70 азæй фылдæр схæлар кодта ирон аивадæн, ирон культурæйæн, ирон профессионалон театры рæзтæн, фæсивæды, кæстæрты хъомыладæн.

Хуссар Ирыстоны, нæ горæты, Балойы чи нæ зыдта, æвæццæгæн, ахæм хъомылгонд адæймаг нæ разындзæн.

Афтæ мæм кæсы, Бало изæрыгæтты Театры фæзуаты куы нæ уыд, уæд-иу нæ фидыдта, уæд былкъахыр мæйы хуызæн уыд нæ фæзуат.

Уæздан уыд кæддæриддæр Бало хистæртимæ дæр æмæ кæстæртимæ дæр, ныхасæй дæр, уагæй дæр, дзаумайы кондæй дæр. Ирон нæлгоймæгтæй Балойы чи зыдта, уый йын хъуамæ фæзма йæ хорздзинæдты.

Хъайыры фыртæн Советон дуджы цы аргъ скодтой, цæмæйты йæ схорзæхджын кодтой, уыдон хорз сты, фæлæ сты цъус, фылдæры аргъ уыдысты йæ тухæнтæ æмæ йæ фæл-лæйттæ.

Баломæ æнæмæнгдæр æмбæлдис адæмон артисты ном. Æмбæлдис, фæлæ нæ къухы нæ уыд; кæмæ хауд, кæмæй аразгæ уыд, уыдон та (нæ сыхæгты) Хуссар Иры мæт никуы уыд æмæ нын нæ хорздзинæдтæн рæстмæ аргъ дæр никуы кодтой.

                                                      ПЛИТЫ  Гацыр,  Хетæгкаты Къостайы

                                                            номыл паддзахадон Премийы лауреат

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.