Газеткæсæг иууыл тынгдæр кæмæ фенхъæлмæ кæсы, уый постхæссæг у. Иугæр йæ кæрты цур æрлæууыд дзаг хызынимæ, уæд газеткæсæджы цинæн кæрон дæр нал вæййы. Постхæссæг дæр æм хъæлдзæг цæстæнгасæй радты мыхуыры цалдæр иуæджы æмæ дарддæр фæраст вæййы мыхуыры фæрæзты иннæ хай дæр сæ хицæуттæм фæхæццæ кæнынмæ. Афтæ у йæ куыст постхæссæгæн цыфæнды боныгъæды дæр, фæлæ æппæт уыцы зындзинæдтæ мурмæ дæр нæ фæдары. Уый кæддæриддæр вæййы йæ куысты уæлхъус æмæ æнæ-зивæгæй феххæст кæны йæ разылæууæг хæстæ.

Постхæссæджы арфæйаг куыст ныр цалдæр азы чи æххæст кæны, уыдоны нымæцмæ хауы Уалыты Ларисæ дæр. Уый Знауыры районы Чъешиаджы хъæуы цæры æмæ уырдыгæй рараст вæййы Бехъмары хъæумæ. Уым æрбамбырд кæны йæ посты хæссинæгтæ æмæ араст вæййы Хъорнис æмæ Цъорбисы хъæутæм, алкæмæ дæр сæ фæхæццæ кæны, цы мыхуыры фæрæзтæ рафыстой, уыдон. Раст у, раздæры азтау газеткæсджыты нымæц фæкъаддæр бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, фæлæ ныфсæвæрæн ис, уыцы цухдзинадæн дæр кæрон кæй æрцæудзæн.

Хуыбиаты Никъала

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.